Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд цыфыддæр знаджы ныхмæ тохы æрлæууыдысты Хъæдгæроны фæсивæд дæр. Бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ ацыд хæстмæ, бæлвырдгонд куыд у, афтæмæй 1089 адæймаджы. Сæ райгуырæн къонатæм нал сыздæхт 537. Уыдонæн хъæуы астæу сæвæрдтой стыр цыртдзæвæн. Æхсæвæй-бонæй дзы судзы æнусон арт. Нæ адæмæй рох нæ уыдзæн, уыцы фæлтæр хæсты рæстæг цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый. Азтæ цæуынц, дугтæ ивынц æмæ, хъыгагæн, нæ урссæр хъæбатыртæ не ‘хсæн къаддæрæй-къаддæр кæнынц.
Æхсызгонæй æрымысынц хъæдгæройнæгтæ се ‘мзæххон хъæбатыр, хæстон лæг Хостыхъоты Знауыры фырт Солтаны. Хæрзæрыгонæй бахауд хæсты цæхæры, федта пырх æмæ сыгъд горæттæ, æдзæрæг хъæутæ, йæ зынгхуыст æрдхæрдтæ. Йæ цæстыл уадысты фæздæгæй сау бонтæ, æртытæй рухс æхсæвтæ… Нæ сæ рох кодта бирæ азты, фæлæ сыл дзурын дæр нæ уарзта…
Хостыхъоты Солтан райгуырд 1917 азы хуымæтæг зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Ирон æгъдау, æфсарм, уæздандзинад ын йæ туджы бауагътой йæ ныййарджытæ. Æмæ кæмдæриддæр ма уыдаид, æгаддзинад йæ сæрмæ нæ хаста. Хъæууон скъолайы фæстæ ацыд Ростовмæ, уым райста астæуккаг техникон ахуырад, уырдыгæй йæ акодтой Сырх Æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Одессæйы, 197-æм артиллерион полчъы. 1939 азы, сентябры фашистон Герман ныббырста Польшæмæ, ракъахта 2-аг дунеон хæст. Советон цæдисы разамынд æрбалæууыдысты уымы цæрæг æфсымæрон адæмы фарсмæ æмæ не ‘фсæдтæ ахызтысты Польшæйы арæныл. Уыцы хæстон операцийы фæстæ Солтаны полкъ æрбынат кодта Ковельмæ хæстæг. Солтаны арвыстой хицæн зенитон дивизионмæ. 1939-1940 азты уыд ацы дивизионы сконды. Советон-финаг «зымæгон» хæсты Финляндийы æфсæдтæ дæрæнгонд æрцыдысты, Хостыхъойы-фырт демобилизацийы фæстæ сыздæхт, раздæр кæм куыста, уырдæм — Ростовы зындгонд завод «Ростсельмаш»-мæ. Уæд завод куыста æфсæддон заказтæм гæсгæ, уагъта канд хъæууонхæдзарадон нæ, фæлæ хæстон техникæ дæр.
Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, немыц хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой Ростовмæ. Завод æнæхъæнæй эвакуацигонд æрцыд Ташкентмæ. Уырдæм арвыстой Солтаны дæр. За- вод скуыста тынуафæн комбинаты бындурыл. Адæм уæззау куыст кодтой — бон 12-14 сахаты, æртæ мæйы фæстæ райдыдтой «Катюша»-ты нæмгуытæ уадзын. Æрыгон лæппу æмбæрста, фронтæн афтæмæй дæр стыр æххуыс кæй кæнынц, фæлæ тырныдта знаджы ныхмæ хæцæг æфсадмæ. Заводы æфсæддон разамынды бон æй бауромын нæ баци æмæ 1943 азы январы Солтан йæ хъарутæ бавзæрста йæ æртыккаг фронты. 25-æм уæлдæфон десантон полчъы йæ скодтой санинструктор. Уый размæ каст фæци сæрмагонд курсытæ медицинон-санитарон батальоны.
Арæх-иу æрымысыд урссæр хæстон лæг, иу бон сыл знаджы хæдтæхджытæ бомбæтæ куыд æркалдтой… Уæд тохы быдырæй рахаста 63 цæф салдаты, фæлæ йæхæдæг дæр фæцæф, баййæфта контузи. Госпиталы фæстæ Солтаны арвыстой 253-æм æхсæг полкъмæ. Карз тохы бахаудысты, æнæхъæн полкъæй ма баззадис æрмæст 37 адæймаджы. Снайперы дыууæ нæмыджы сæмбæлдысты хъæдгæройнаг лæппуйыл, йæ амонд, — уыцы бон згъæрхуд кæй скодта йæ сæрыл, уый, иу нæмыг ын æй ахаста, иннæ нæмыг фæцæф кодта фарс. Дæсны æфсæддон хирург, хæтæлдойнаг Хъулаты Хъылцыхъо Солтаны дадзинты ауагъта доноры туг æмæ йæ фервæзын кодта. Куыддæр йæ къæхтыл слæууыд, афтæ атындзыдта фронтмæ. Хъæбатырдзинад æвдисгæйæ, уæгъд кодта светон зæхх Сырх æфсад.
1944 азы, августы ногæй бахауд госпитальмæ. Цалдæр мæйы дзы фæхуыссыд, фæлæ уæдмæ нæ йæ къах кæронмæ сдзæбæх, нæ хæст фæцис! Къуылыхæй йæ хæцынмæ нал акодтой, фæлæ йæ арвыстой 3-аг Белорусаг фронтмæ немыцаг уацайрæгты æмбырдгæнæн лагермæ. Немыц кæддæр бæллыдысты Мæскуыйы парад скæнынмæ, æмæ сын æй скодтой, — Мæскуыйы уынгты 18 километры сæргуыбырæй ацыдысты. Дарддæр Солтан йæ æфсæддон хæс æххæст кодта СМЕРШ-ы дивизийы, Литвайы, Каунасы районы. 1944 азы ноябрæй суанг 1945 азы сентябры онг контрразведкæйы старшина Хостыхъойы-фырт ахста, сырхæфсæддонты чъылдымырдыгæй чи мардта, уыцы бандитты.
Йæ цæфты тыххæй йын бар уыд службæйæ ацæуын, фæлæ ныфсхаст лæппу йæ хæстон æфсымæртимæ бацыд Берлинмæ, Венæйы сæмбæлд Уæлахизы боныл…
Æрыздæхт Солтан йæ райгуырæн хъæумæ, йæ риуыл цæхæртæ калдтой Сырх Стъалыйы, хæстон Сырх Тырысайы, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 2-аг къæпхæны ордентæ æмæ бирæ майдантæ. Йæ æххуыс кæм хъуыд, алы ран дæр уыд раззагдæртимæ. Фыдæбонджын уыдысты уæды фæлтæр, быдырты дæр куыстой, хæдзæрттæ дæр арæзтой, цот дæр хъомыл кодтой.
Солтан йæ цардæмбал Гагкайты Елмысханимæ хорз кæстæртæ схъомыл кодтой, сæ баба æмæ нанайы рæвдыдæй фæхайджын сты цоты цот дæр. Сæ хæствæллад фыды буцæй дардтой, алы аз дæр 9 Майы сæ хæдзары кодтой куывд, фæхуыдтой-иу сыхбæстæ, хионты, хæстæджыты.
Фарны лæгæй ирон адæмы ‘хсæн фæцард Солтан, йæ хæстон хъæдгæмттæн фæразгæйæ, фæстагмæ йыл низтæ уæлахиз кæнын байдыдтой æмæ 2000 азы цардæй ахицæн.
Сæ хорз фыды рухс ном бæрзонд хæссынц Солтаны фырт Геор, йæ чызг Фатимæ æмæ уыдоны хъæбултæ.
Ацы стыр бæрæгбоны размæ махæн не стыр хæс у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты нæмттæ æрымысын, уыдоны руаджы сæрибарæй цæрæм хæдбар паддзахады.
ГУГКАТЫ Жаннæ