Бæрæг кæнынц бæлццæттæласæн машинæты куыст

0
386

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ, республикæйы Транспорт æмæ промышленнон политикæйы министрады, «Ространснадзор» æмæ автоинспекцийы техникон цæстдарды хайады кусджытæ Мæздæджы бæрæг кæнынц æхсæнадон транспорты куыст.

Рейдты архайджытæ æппæтæй раздæр бафиппайдтой транспорты æрлæууæн бынæтты цауд уавæр. Транспорты цыды фæтк сбæлвырд кæнгæйæ, амынд министрады сæргълæууæг Хайдарбек Бутов æрлæууæн бынаты уæвæг адæмимæ аныхас кодта, бафарста сæ: «Маршруткæ»-мæ уæ цас рæстæг лæууын бахъæуы?»

— Хæдтулгæтæ бæлццæттæй вæййынц сæ тæккæ дзаг. Бирæ адæм кæм цæры, горæты ахæм микрорайонтæм фаг маршруткæтæ кæй нæ цæуынц, уый аххосæй æнхъæлмæ кæсын бахъæуы дзæвгар рæстæг. Хъæуынц нæ автобустæ, стæй бæлццæттæн лæууыны фадат кæм уыдзæн, ахæм транспорт. 102-æм маршрутыл цæуæг микроавтобусмæ æнхъæлмæ кæсын бахъæуы 20-30 минуты дæргъы, хатгай та — æнæхъæн сахаты бæрц. Æндæр гæнæн куы нал вæййы, уæд таксимæ фæдзурын æмæ скъоламæ сывæллоны арвитын, — рахъаст кодта лæууæн бынаты уæвæг сылгоймæгтæй иу. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгмæ бахатæг адæмимæ хъуыддаджы фембæлды рæстæг Мæздæджы Æхсæнады советы сæрдар Галинæ Николаева рахъаст кодта:

— Маршруткæтæ сæ цыды фæтк не ‘ххæст кæнынц, хæдтулгæскъæрджытæ бæлццæттимæ ныхас кæнынц гуымиры уагæй, хæдтулгæтæ кæм фæцæуынц, маршруткæты шофыртæ сæ транспортон фæрæзтæ арæх бауромынц фæндаджы ахæм хайыл.

Дзуаппон мадзæлттæ уайтагъд арæзт æрцыдысты.

— Адæм бæлццонласæн транспорты куыст фауынц. Шофыртæ дæр ныры уавæртæй райгонд не сты. Нæ хæс у æхсæнадон транспорты куыст фæнывыл кæнын. Æппæт æхсæнадон транспорт бакæнын хъæуы нæ ведомствойы бæрны. Республикæйы Сæргълæууæг нын кæй радта, уыцы хæслæвæрдтæ къæпхæнгай æххæст кæндзыстæм. Ацы рейдтæ аразæм æртæвæрсыг къамисы куысты фæткмæ гæсгæ, æмæ уавæр бынаты равзарыны фæстæ мадзæлттæ баххæст кæндзыстæм, — загъта Хайдарбек Бутов.

Адæммæ байхъусгæйæ æмæ микроавтобусты цыды гæххæттыл фыст фæтк баивыны тыххæй домæн горæты администрацимæ барвитын бафæдзæхсгæйæ, министр загъта:

— Нырæй фæстæмæ адæммæ уыдзæн æппæт хъæндзинæдты тыххæй хабæрттæ «æвæстиатон бастдзинад»-ы телефонæй фехъусын кæныны бар. Нæ кусджытæ ацы телефоны номыримæ сыфтæ баныхæстой æрлæууæн бынæтты æмæ микроавтобусты мидæг.

— Администрацимæ фæдзурæн кæмæй уыд, амæй размæ уыцы телефоны номыр зыдтам. Æхсæнадон транспорты цауд куыстæй цалынмæ нæ рахъаст кодтам, уæдмæ нæдæр «æвæстиатон бастдзинад»-ы телефон уыд, нæдæр рейдтæ арæзтой. Бæлццæтты ласыны куыст фæнывылгæнинаг у, — загъта Галинæ Николаева.

Министрады зæрды ис æхсæнадон транспорты куыстмæ цæхгæр ивддзинæдтæ бахæссын. Бæлццæтты ласыны нырык- кон домæнтæн дзуапп транспорт дæтдзæн, маршруттыл кусыны бар ратдзысты æрмæст ахæм шофыртæн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here