Хъæбатырты нæмттæ сæнусон кодтой

0
541

Рацарæзты фæстæ Мæздæджы байгом Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмард уæвæг æфсæддонты номарæн.

Агурæг къорд «Поиск»-ы уæнгтæн бантыст рохуаты баззайæг, фæмард уæвæг хъæбатырты нæмттæ сбæлвырд кæнын. Уыдон сты, 1942 азы сентябры Каясулины районы территорийыл службæйы хæстæ æххæстгæнгæйæ чи фæмард, Мæздæджы районы мидхъуыддæгты хайады уыцы кусджытæ, партизанты къорд «Терек»-ы уæнгтæ: Василий Дыдымов, Петр Каваленко, Иван Панахида æмæ Илья Редин.

Агурæг къорды разамонæг Махмиди Даулетов æппæт æмбырдгонд æрмæджытæ барвыста районы пъæлицæйы хайадмæ. Разамынд рахаста фæмард уæвæг хъæбатырты нæмтты сæнусон кæныны уынаффæ.

Хъæбатыртæн кад скæнынмæ æрбацыдысты ветерантæ, барадхъахъхъæнджытæ, æхсæнадон организациты уæнгтæ, муниципалон хицаудзинады минæвæрттæ æмæ скъо- ладзаутæ

 

Агурæн куыстытæ — Æрджынарæджы

Парахатæй кæй æххæст кæнынц, уыцы «Нома- рæн вахтæ»-йы фæлгæты Æрджынарæджы, Комсомольскæйы хъæумæ ‘ввахс ран 58-æм æфсады æфсæддон службæгæнджытæ агурæн куыстытæм бавнæлдтой.

Кавказыл хæсты рæстæг чи фæмард, мин салдат æмæ афицертæй фылдæр фыдыбæстæ хъахъхъæныны заман фæмард уæвæг адæмы рухс нæмттæ сæнусон кæныны фæдыл æппæтуæрæсеон æхсæнадон змæлд «Уæрæсейы агурæн змæлд»-имæ иумæ сентябры онг уыцы сырхæфсæддонты стджытæ агурдзысты.

— «Номарæн вахтæ»-йы къахыны куыстытæ кæм æххæст кæндзыстæм, нæ хæс у ахæм бынæттæ сбæлвырд кæнын. Æппæт куыстытæ æххæст кæнæм «Фыдыбæстæ хъахъхъæныны заман æбæрæгæй ныгæд æфсæддонты ингæнтæ ссарыны, стæй фæмард уæвæг æмæ æбæрæгæй сæфт адæмы нæмттæ сбæлвырд кæныны тыххæй» хъахъхъæнынады министры бардзырд æмæ Хуссайраг æфсæддон зылды командæгæнджы уынаффæмæ гæсгæ, — загъта æфсæддон службæгæнджытимæ куысты фæдыл батальоны коман- диры хæдивæг Хъесаты Константин.

«Номарæн вахтæ» гом кæныны кадджын æмбырды архайдтой Кировы районы разамынды ветеранты организацитæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here