КОКАЙТЫ Тотрадз. Фыдыуæзæг — мæ цин, мæ хъыг…

0
742

Æнкъард сагъæс

Тырсыгом, ды — æдзæрæг ком!

Дæ къахвæндæгтыл схæцыд кæрдæг,

Æрмæст ма хуры цæст æргом

Фыццагау цинтæ у нывæндæг.

 

Æрхауы кæрдæгыл йæ тын,

Йæ цæхæр малы уæлцъар хъазы,

Уæларвон цинтæ ма бæттын

Æдзæрæг къуылдымтыл фæразы.

 

Мæ фыды амад систыл ам

Цæргæс фырфæлладæй æрбады.

Мæ фыды дæрзæг къухты хъарм

Æрвылуалдзæг нæуæг тау хаты.

 

Тырсыгом, о, фыдæлты ком!

Дæ уынд мæ цæстытæй нæ хизы.

Æнæ дæу æз нæ дæн цæрдхъом, —

Мæ сæнтты дæм цæуын фæдисы.

 

Нæргæ хъæутæ кæм уыдис, уым

Æнæрынцой хъæрзынц хъæууæттæ.

Æгас ком мард къæсау нырхуым,

Æнæкуывдæй дзыназынц зæдтæ.

Ныхъхъус и Рагъы дзуар. Йæ цот

Фæндæгтæ нал арынц йæ бынмæ.

Фæцыд Таранджелоз бæрзонд, —

Йæ дуртæ згъæлынц комрæбынмæ.

 

Цæй аххос у, кæм ис йæ фыд?

Фыдæлты фарн мæрдтæм кæд бацыд?

Йæ куывды-иу дзырдта мæ фыд:

«Паддзахæй аразгæ у алцы…»

 

Ныггæлир паддзæхтæн сæ зонд,

Фыдгул-æзнæгтæ нæ æскодтой:

Лæгдыхæй ивынц бæсты конд, —

Фыддуг, фыдзамантæ ныккодта.

 

Мæ фыд, æрымысын дæ куывд:

«Уæнт фидыд паддзæхтæ нæ зæххыл, —

Уыдзысты адæмтæ рæвдыд,

Нæ сæ æвдæлдзæни фыдæхмæ.

 

Сæ удтæй сисдзысты æрхуым,

Йæ зарæг алчи цинæй зардзæн.

Кæндзæн уæд алчидæр йæ хуым,

Æмæ дзы хоры нæмыг таудзæн.

 

Кæндзæн йæ удвæллойæ куывд,

Сыхаджы номыл нуазæн сисдзæн…

» Бæргæ, бæргæ, бæргæ, мæ фыд,

Фæлæ…

Сыхаг сыхаджы милмæ систа.

 

Тырсымæ нал мын ис фæндаг,

Сты арæндыуæрттæ сындзæхгæд.

Паддзæхтæн схауæццаг сæ уаг, —

Лæгдзинад баивтой фыдæхæй.

 

Тырсыгом, о, Фыдæлты зæхх,

Кæдмæ дзыназдзæни дæ уæзæг?

Мæ мастыл мын ныччынди цæхх, —

Æз батадтæн дæ мæты уæзæй…

 

 

***

Фæрсыс мæ:

Чи дæ? Кæцон дæ?

Зæгъын дын:

Хæтæнхуаг бæлццон дæн.

Ирæй

Ирмæ

Мæ фæндаг дарын.

Цæуын

Цæгатæй Хуссармæ,

Здæхын

Хуссарæй Цæгатмæ, —

Фæндæгты хъæбæртæн кæнын

Хъæбыстæ ‘мæ батæ.

Мæ фæндаг дыууæрæдæм дарын,

Фæлæ дзы удæнцой

иу ран дæр нæ арын:

Мæ Фыдæлты уæзæг — Тырсыгом —

Хастæй лæууы,

Мæныл — уæлхъæдæй мардыл —

Æнæнцой кæуы,

Кæуы æмæ мыл саутæ

Цæрæнбонтæм дары.

 

Æз цардæй н’ агурын бирæ:

Уадзут мæ цæуын Ирæй Ирмæ, —

Мæхицæй мæхимæ.

Æз хæтæнхуаг бæлццон дæн, —

Ницы мæ хъæуы æнцонæй.

Æрмæст мæм цы ис,

Уый мын мачи исæд тыхæй, —

Мæхæдæг уын ратдзынæн

Æз мæ зæрдæ, мæ уд дæр,

Мæ мидбылты худт дæр,

Æрмæст мын ныууадзут

Мæ Райгуырæн уæзæг.

 

Æрхæццæ мæ фæззæг,

Зæрæхсидмæ аздæхт мæ цард,

Фæлæ уд æвзонг у нырма,

Нæ йæм у арæн нымад

Æмæ агуры ивгъуыды цард:

Хъæугæрон — кулварс —

Уым найæн-нымайæнты

Колхозы фыстæ дуцы мæ мад,

Йемæ — иннæ устытæ.

Мах фæсурокты згъорæм

Тъæбæрттæй найæнмæ,

Фæлæ уал раздæр

Дуцджытæм уайæм æмæ

Нуазæм ногдыгъд æхсыр,

Æмæ ныр

Цинæй райæм

Æмæ дарддæр нæ фæндагыл уайæм.

 

Сабибонтæй адджындæр нæй,

Фæлæ хасты кæнынц фынæй.

 

Нал дæр мын мад ис,

Нал дæр — фыд,

Нал дæр Фыдыуæзæгæй дæн рæвдыд.

Æмæ хитын иу Ирæй иннæ Ирмæ –

Цæуын мæхицæй,

Цæуын мæхимæ.

Терчы гуырæн та баззади хастæй,

Тырсыгом æмæ Къобыл бастæй,

Баззад сындзæхгæд арæны фæстæ

Йæ рæстæй

Мæ удыл ныхæстæй!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here