Ахуырдзау чызг фæндаггонтæласæн хæдтулгæйы мæ бакомкоммæ бады æмæ йæ чырæг телефонмæ æдзынæг кæсы, йæ цæстытæ дзы нал комынц атонын. Йæ алыварс никæй æмæ ницы уыны. Æмæ йæ чи æмæ цы хъæуы, кæд æмæ йæ «æрвайдæны» цъиуы цæст дæр разындзæн… Фæлæ уый афтæ нæу!
О гормон! Æддæмæ ма рудзынгæй иу каст уæддæр акæн, царци- аты, дугъы диссаг уалдзæг йæхæдæг куы у. Акæс-ма, уалдзыгон сойкъæвдайы фæстæ, бæстæ ногæй куыд райгуырд, уалдзæг чындзарæзт йæхи куыд скодта. Балы дидинæг — хъуылæджы нæлхæ равзæрæгау, дуцгдуцын хъуджы æхсыры сæр фынк абад гау. Айхъус-ма, мæргътæ уалдзæджы комытæфмæ куыд схъылындзы сты, дзæнæты кæркæ-мæркæ цъиутау сæ хъуытазхъæлæстæй куыд цъыбацъыбур кæнынц.
Зæхх мæнмæнæ кæны, агуры зæхкусæджы уæзæгæвæрд къухтæ. Цæхæрадæтты пысыра артау, сирвæзт, йæ сæр сдардта, мæнæ нæм, цыма, радзурынмæ хъавы: «Рацæума, фæйнæ тæппы цæхх уемæ рахæссут æмæ æууæрцъытæ батулатæ кæнут уæхицæн!».
Æвæдза, мах æндæрхуызон уыдыстæм, æрдзимæ æмуд æмæ æмбуар, раст нын цыма иу зæрдæ уыдис, иу рæуджытæй улæфыдыстæм. Сæрддæргъы-иу нын Теркæй хæдзармæ æрбацыд нæ уыд, лакъон æмæ-иу змисæй хæйрæджыты хуызæн систæм, кæрæдзи дæр-иу нал базыдтам, æрмæст ма-иу нæ цæстытæ æмæ нæ дæндæгтæ æрттывтой. Фæлæ мах лакъон æмæ змис чъизи нæ хуыдтам, уыдон махæн нæ сапон уыдысты. Гуылфгæнгæ доны ныссæрбын кæн, ацъелфытæ, ацъыл- линджытæ кæн кæсагау, æмæ-иу сапонæхсад-айкæвдылдæй былгæронмæ схызтыстæм. Нæ ныййарджытæ-иу нæм агурæг рацыдысты, Терчы бæрзонддæр былæй-иу нæм рафæлгæсыдысты къухаууонæй, рацæут ма, абонсарæй уæхи куы бадзæгæрæг, бадзидзалæг кодтат, хæргæ уал исты бакæнут, стæй та хъаздзыстут, зæгъгæ. Фæлæ-иу нын уæдмæ иу бæлас дæр æнæсгæрст нал баззад: балæй, æхсынцъыйæ, курагайæ, тутайæ…Фæсæлæт, сцъæхдæндаг-иу стæм.
Махæн нæхи кæрты стыр бæрзонд пæлæхсар сау тута бæлас зад, хъæуы, æвæццæгæн, ахæм бæлæстæ бирæ нæ уыд. Йæ тæккæ цъуппыл, æрдз æй цыма мæн тыххæй сарæзта, уыйау къалиутæй быд къæлæтджыны хуызæн — мæ бадæн бынат. Уырдыгæй-иу алырдæмыты фæлгæсыдтæн, гæххæтт æмæ-иу кърандас дæр мемæ схастон æмæ-иу цыдæртæ хылымылытæ кодтон. Ме ‘мгæрттæй дæр-иу чи балы цъуппæй каст, чи курагайы, чи…
Бæласмæ схизынхъом чи нæ уыд, уыдон-иу ын йæ быны хуртуаны кæттаг байтыдтой. Æз-иу бæласы цæнгтæ хорз бауыгътон. Кæттаджы кæрæттæ-иу хæрдмæ сивæзтой æмæ-иу дзы кæхцы дзаг тутатæ æрæмбырд. Махæн та нæ хæрд нæ фарсыл нæ хæцыд, бæлæстыл, маймулитау, рахил-бахилгæнгæйæ, нæхи куынæ баф- сæстаиккам, уæд.
Æмæ ма, уæдæ, цæй хæрд æмæ цæй æндæр!.. (Фæстæдæр мын, сара аразгæйæ, мæ тутабæлас куы акалдтой, уæд раст мæрдджыны, саударæджы хуызæн уыдтæн). Куынæ æмæ-иу куынæ зындыстæм, уæд-иу нæм нæ сыхæгты ус Марта-Берозон, бабызау, узгæ-узгæ Терчы былмæ рацыд. Йæ къухтæ йæ чъылдыммæ дары, зæгъгæ, уæд уый зон, æмæ махæй йæ пысыратæ æмбæхсы. Абон дæр æй нæ зонын, цæмæн дзы тарстыстæм, уый. Æййафгæ нæ нæ бакодтаид, фæлæ, æвæццæгæн, искуы иу фыдуаг, иу æнæ- сæттоныл фæхæст æмæ йын йæ лæбæзтæ пысырадæппæлтæ скодта, æмæ йæ мах та уымæй фехъуыстам. Æрмæст йæ уындæй дæр æмризæджы рызтыстæм, фæлæ нæ хæдзæрттæм йæ цурты балидзын нæ уæндыдыстæм: Чи- иу уæлæсыхты тъæбæртт кодта, чи — дæлæсыхты.
Сæрддæргъы-иу гомвадæй цæуынæй нæ къæхтæ сапсæттæнты хуызæн сысты, самандурæн æлыгæзмæстнæмæнты хуызæн. Скъоламæ цæуынафон-иу куы æрбахæстæг, уæд-иу мæ мæ мад мæ фыдымады хуыд хæдбын, хæцъилуæлфад дзабырты горæтмæ къахыдарæс æлхæнынмæ акодта. Иу дзабыр дæр-иу мын фæтæнмæ не сбæззыд, фæлæ мæ хæцъил- дзабырты дæр скъоламæ куыд арвыстаид… Тухæнæй-иу бирæ фæмардтæн, мæ зæвæттæ-иу сдондæппæлттæ сты, схаудысты, фæлæ-иу кæддæр-уæддæр мæ дзабыртæ аивæзтысты æмæ-иу мæ уд æрцыд, æрцардтæн. Ныртæккæйы сывæллæттыл къæвдайы æртах æрхауд, уæд цъиувæдис свæййынц, фæлæ-иу мах рæстæджы сæрдыгон сахакъæвда куы рацыд, уæд-иу уынгмæ æрдæгбæгънæг, бæгъæввадæй ракалдыстæм. Къæвдадон уынджы Терчы донау рацыди, æмæ-иу дзы хъылдымтæ, цæпитыртæгæнгæ, гаккырисæй хъазгæ дыууæрдæм лæгæрстам. Хæдзæртты цыхцырджытæ-иу хъæлæсыдзагæй фемæхстысты æмæ-иу сæ быны, доныхъазтау, нæхи надтам. Æмæ нæм уый тыххæй хыл дæр ничи кодта, сыхæгтæ нæм рудзгуытæй кастысты æмæ нын нæ циныл цин кодтой. Æмæ- иу уый фæстæ æхснырсгæ дæр не ‘ркодтам.
Ныртæккæйы сывæллæттæ та — гогызы цъиутæ, æдзух сыл фу-фу кæнын хъæуы, буц митæ, кæннод уыгæрдæны ногкарст кæрдæг хурмæ куыд афæлвых æмæ алæмæгъ вæййы, афтæ фæвæййынц. Æмæ уыдон æндæрхуызон конд сты? Нæ! Нæхæдæг сæ кæнæм æндæрхуызон. Æз уæдæй абоны онг къæвда рæстæджы мæ сæрмæ зонтыкк никуы систон. Куы ныххуылыдз вæййын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма æрдзы тых ме уæнгты ахъары къæвдаимæ.
Æрдз барæвдауын куыд зоны, бафхæрын дæр афтæ зоны, фæлæ йæм уæддæр фыдыусмæ кæсæгау хъуамæ ма кæсæм, уый йегæнон митæй дæр æрмæст йæхи сыгъдæг кæны. Æмæ мах дæр æрдзы иу хай кæй стæм, уымæ гæсгæ нæхæдæг дæр хайджын стæм уыцы сыгъдæгдзинадæй.
Иу хатт мæ фыдимæ ацыдыстæм рады фыййау. Уæды рæстæджы алы хæдзары дæр фондз, авд, дæс фысы ма уыдаид, хизгæ та сæ радæй кодтой. Сæрвæтмæ сæ атардтам, уæдæ цы уыдаид. Хур дзæбæх куы æрæндæвта æмæ ривæдафон куы ‘рцыд, уæд фыстæ кæрæдзи бын абырыдысты, кæрæдзи аууæтты æмбæхстысты, æндæр аууон ран дзы нæ уыдис. Тæвды сæ тæнтæ цæрвцæгъдæгау кодтой. Мæ фыд мæ иу бæласы аууон æрбадын кодта, ам бад, сихорæн исты къæбæрдзых дæр акæн, цалынмæ фæсатæгдæр уа, уæдмæ дзуг дæр нæ райхæлдзæн, зæгъгæ. Æз, дам, хъæумæ чындзæхсæвмæ бауайон, ме ‘гъдау скæндзынæн æмæ фæстæмæ фездæхдзынæн, исты хæйттæ дæр дын æрбахæсдзынæн. Фæлæ цæй здæхт æмæ цæй æндæр! Æвæццæгæн ыл æгæр ацин кодтой æмæ дзы ферох дæн. Йæ нозт ыл куы æртæфст, уæд хæдзармæ ацыд æмæ схуыссыд.
Мæнæн æнхъæлмæ кæсынæй мæ цæстытæ ныуурс сты. Мæ бон куы базыдтон, уæд, дæ хъару æмæ дæхæдæг, зæгъгæ, загътон. Уæдмæ хуры цæст дæр мигътæй æрбахгæдта.
Фосы дзуг дæр райхæлд æмæ хизыныл схæцыд. Сæгътæ иу ран нæ лæууыдысты æмæ мæ уынгæджы фæкодтой. Æз дзуджы алыварс зылдтæн æмæ сæ æгæр пырх кæнын нæ уагътон. Уæдмæ агуыры æфсадау саувадыг æрбахгæдта арв. Тыхдымгæ сыстад. Арвæрттывды тæлм-иу арвыл ехсы тæлмау абадт, мæнæ цыма исчи дымгæйы æфсургъ архъанæй æрцахсынмæ хъавыд. Уалынмæ арв æмæ зæхх баиу сты. Их уарын райдыдта. Тыхдымгæимæ ихтæ, цыма, топпы нæмгуытæ уыдысты, афтæ-иу буар асудзæгау кодтой. Фос ма хъæуырдæм здахыныл бæргæ архайдтон, фæлæ, цыма балбирæгътæ се ‘хсæн фæкуыси сты, уыйау алырдæмыты ныппырх сты. Мæ бон сæ куы базыдтон, уæд мæхи сæр дæр мæ кой сси. Тыхтæ-амæлттæй ма донласт æмæ ихнадæй хъæугæрон нæ сыхы Бицъоты Валодяты хæдзары размæ баирвæзтæн. Хуыцау хорз æмæ сæ кулдуары дуар гом разынд, æвæццæгæн, æй дымгæ фегом кодта. Сæ сарамæ баирвæзтæн…
Мæ фыд куы æрчъицыдта, уæд ма мæ размæ, бæргæ, ратындзыдта, фæлæ уæдмæ æрдз йæ кæнон бакодта. Фос кæмдæрты пыхсбынты сæхи бааууæттæ кодтой, стæй их куы банцад уæд иу ранмæ æртыгуыр сты. Хуыцауæн табу, сæныччы хъус дæр никæй фосæй фæхъуыд. Бицъотæй ихнадæй куы рацыдтæн, уæд нæ хъазтæ дæр кæрæдзи фæдыл быдырæй æрбацæйцыдысты. Дуне хъазы цъиутæй ма æртæйæ мадæл хъазы фæдыл чепчепгæнгæ хылдысты, иннæты их ныххоста, æмæ кæмдæр быдыры баззадысты.
Скъоладзау ма куы уыдтæн, уæд цыдæртæ фыссыныл архайдтон. Цæмæй мæ мачи хъыгдæрдтаид, уый тыххæй-иу хæдзары иу къуымы хибар ран баныгъуылдтæн. Æз истытæ фыссын, уый мæ ныййарджытæ дæр нæ зыдтой, æмæ-иу кæртæй сæ хъуыр-хъуыр цыдис, уæртæ та къуымы бады, афтæмæй нæ куыстытæ нæ сæрæй уæлдæр сты, зæгъгæ. Дæлæ, дам, быдырмæ нартхор рувынмæ ацу æмæ скъоладзауы уæлæдарæсы фаг уæддæр бакусай. Цы бон мыл уыдис, æмæ-иу æз дæр райсомæй мæ рувæн ме уæхскыл баппæрстон æмæ — быдырмæ.
Нæ сыхæгтæ — Дзесты Петя, Мæхъиты Тугъан æмæ мæ фыд хорз кусджытыл нымад уыдысты. Хуымты-иу рувыныл куы ахæцыдысты, уæд бæхтæй цы кæныс! Æз дæр уыдон æййафыныл архайдтон. Æнцон кæм уыдис: иуæй — астæумæ кæрдæг, иннæмæй хур тæппалсыгъд кæны. Фæлæ уыдæттæн фæрæзтон. Æппæты зындæр мæм дзы касти, нартхоры æмбайлагмæ æргуыбыр кæнын кæй хъуыд, уый. Къухæй йæ куынæ сластаис, уæд-иу æм хатт рувæн дæр нæ сарæхст æмæ дыууæ нартхоры дæр адзæнгæл кодтаис. Уый-иу бригадир кæнæ звеновод куы бафиппайдтой, уæд-иу нæ дурыны æнхъизæнау сæ сæрыл систой.
Иуафон ма мæ фыдимæ фæсрывд афæстиат стæм, донхорыггæнæн къанауы былты ма битъынатæ æмæ цæвæгхостæ цайгæрдæгæн ратонæм, зæгъгæ, стæй хъæддаг балтыл дæр нæ фæндаг акодтам. Уæдмæ иннæ зæхкусджытæ хæдтулгæты бабадтысты æмæ сæ хъæумæ раластой, афтæ æнхъæл уыдысты, мах æндæр истæуыл рацыдыстæм. Фæллад куыннæ уыдаиккам, фæлæ æд битъынаты æмæ цæвæгхосты гуцъулабæстытимæ фæндаг-фæндаг хъæумæ нæ ных сарæзтам, кæд уæдмæ иу исты ласæнгарз фæзынид, зæгъгæ. Уалынмæ нæ фæстæ бæхты хуыррытт æмæ бæхуæрдоны цæлхыты хъæр ссыди. Кæсæм, æмæ — нæ дæлæсыхаг Хæныкъаты Бачче. Нæ размæ куы схæццæ, уæд уый бозифæстæмæ тыхджын райвæзта, æмæ бæхтæ се згъæллаггом, сæ дзыхыкъæбæлтæ æууилгæ дзыхълæуд фæкодтой, се ‘хсæн цы рæтæнагъд ис, уый сармадзаны хæтæлау ныхъхъил, афтæмæй. Бачче ныл бацин кодта, мæ фыдимæ дыууæ æфсымæры хуызæн цардысты, цæхх, къæбæр иумæ бирæ фæхордтой. Кæм — сиргæ, кæм — цапуалцыд, кæм — цыппæрвадыгæй — уайтагъд хъæуы æрбамидæг стæм.
Хæдзары мыл мæ фæллад æртæфсти æмæ раст нозтджыны хуызæн уыдтæн. Мæ буары хурсыгъды тæф ме ‘мбудæнтыл уади. Цæхæры хуызæн сыгъдысты ме уæхсчы сæртæ, мæ фæсонтæ, æмæ-иу мæ фыдымадмæ бахатыдтæн, мæ сыгъдтытыл ма мын афу кæн, зæгъгæ. Уыцы уысм хурæй мæ удхæссæг федтон, фæлæ мын сæ уый туаг хуырхæй куы байсæрста, уæд мын фенцондæр, ме муд æрцыдтæн, æмæ уайтагъд тæгæрфынæй адæн, мæ къах дæр нал атылдтон.
Райсомæй мæм хур рудзынгæй фæлмæн мидбылты куы бахудт, уæд мæ мæ маст дæр æмæ мæ рыст дæр ферох сты, æмæ йæм æз дæр фæлмæн бахудтæн. Ме уæнгтæ аивæзтон. Сыстадтæн, мæ фæллад дæр фæцыдæр. Мæ хурсыгъдтытæ дæр нал дудыдтой, раст, цыма, ногæй райгуырдтæн. Нал мæм бахъуыдис хатын дæр. Мæхицæн загътон: «Цæуын та хъæуы быдырмæ рувынмæ!» Уæдæй фæстæмæ уарзын, сахатмæ гæсгæ нæ, фæлæ хурмæгæсгæ сыстын, æмæ ууыл ахуыр кæнын, уый курæг дæн мæ кæстæртæй дæр.
Цалынмæ мæ хъуыдыты къуыбылой хæлдтон, уæдмæ нæ фæн- даггонтæласæн хæдтулгæ схæццæ Ногиры сæрмæ. Уыцы чызг дæр ахызт, мæн дæр ахизын хъуыд. Ногиры сæрмæ фæндаггæрон цы стыр балбæлас ис, уый урс къæбæлдзыг дидинæг рафтыдта. Бæласы бын чызгмæ æнхъæлмæ каст лæппу, сæ иуы къухы дæр — чырæг телефон æмæ иннæйы къухы дæр. Фæлæ ацы хатт сæ телефонтæм нæ кастысты, фæлæ кæрæдзи цæстытæм.
Бирæ фæкастысты дидинвæлыст балбæласмæ дæр, æмæ йыл зæрдиаг цин фæкодтой, стæй горæтæрдæм фистæгæй, зæрдæйæ зæрдæмæ ныхасгæнгæ, атындзыдтой.
Æз дæр æхсызгонæй къæхтыбынæй ныуулæфыдтæн, хурмæ скастæн æмæ мæ куыстмæ атагъд кодтон.
Ехх, кæд уыдон дæр базониккой хурмæ гæсгæ цæрын!..
АБАЙТЫ Эдуард