Дардыл ныззылдысты Уӕрӕсейы Федерацийы арӕнтӕ. Ӕдӕппӕт сӕ дӕргъ у 60 мин километрӕй фылдӕр, уыдон цӕуынц денджызтӕ ӕмӕ сур зӕххытыл, хӕхтӕ ӕмӕ змисбыдырты. ӕрвылбон уыцы арӕнтӕ хъахъхъӕнынмӕ рацӕуынц 10 мин адӕймаджы. 1918 азы 28 майы УСФСР-йы фидаргонд ӕрцыдысты Арӕнхъахъхъӕнӕг ӕфсӕдтӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц Арӕнхъахъхъӕнджыты бон. Знон ацы бӕрӕгбоныл сӕххӕст сӕдӕ азы. Ацы юбилей ӕгас Уӕрӕсеимӕ кадджын уавӕры бӕрӕг кодтой, Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы цы арӕнхъахъхъӕнджытӕ ис, уыдон дӕр.
Дзӕуджыхъӕуы Металлургты галуаны адӕмӕй къух бакӕнӕн нал уыд. Ӕвзонг арӕнхъахъхъӕнджытӕ сӕ бинонтимӕ бӕрӕгбоныл цин кӕнынмӕ ӕрбацыдысты, абон сӕ фӕллад чи уадзы, сӕ хорз службӕйы тыххӕй сӕ риутӕ алы хӕрзиуджытӕй дзаг кӕмӕн сты, уыцы ветерантӕ, республикӕ ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, стӕй барадон ӕмӕ тыхы структурӕты разамонджытӕ.
Уӕрӕсейы Федерацийы ӕдасдзинады федералон службӕйы Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы арӕнхъахъхъӕнджыты управленийы хицау, инӕлар-майор Владимир Юров бӕрӕгбоны фӕдыл зӕрдӕбын арфӕтӕ ракодта кадджын ӕмбырды архайджытӕн. Йӕ раныхасы банысан кодта, Уӕрӕсейы арӕнтӕ ӕрмӕст службӕгӕнджытӕ нӕ хъахъхъӕнынц, фӕлӕ сӕ фарсмӕ уыцы архайды ӕдзухдӕр кӕй вӕййынц республикӕйы ӕппӕт цӕрджытӕ дӕр сӕ разамындимӕ. Йӕ ныхасы кӕрон Владимир Юров рахызт хорзӕхтӕ дӕттынмӕ.
Риуылдаргӕ нысан «Арӕнхъахъхъӕнӕг оргӕнтыл — 100 азы»-йӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты Республикӕ Цӕгат Ирыстон- Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕдасдзинады федералон службӕйы Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы управленийы хицау, инӕлар-лейтенант Сергей Трушкин. Арӕнхъахъхъӕнджыты службӕйы отличникы риуылдаргӕ нысантӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты прапорщиктӕ Дзебысаты Кобӕ ӕмӕ Виталий Камараулийӕн.
Республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бӕрӕгбоны фӕдыл зӕрдӕбын арфӕты фӕстӕ майдан «Ирыстоны намысӕн»-ӕй схорзӕхджын кодта арӕнхъахъхъӕнджыты службӕйы булкъон Сергей Оськины. Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Кады грамотӕтӕ та радта арӕнхъахъхъӕнджыты службӕйы афицертӕ Михаил Великоцкий, Айвар Рахматов, Станислав Князев ӕмӕ Валерий Устиновӕн.
Кадджын бӕрӕгбоны архайджытӕн зӕрдӕбын арфӕтӕ ракодта РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев. Уый Парламенты Кады грамотӕйӕ схорзӕхджын кодта Вадим Аванесяны. Республикӕйы Парламенты Сӕрдары арфӕйы фыстӕгӕй хорзӕхджын ӕрцыдысты арӕнхъахъхъӕнджытӕ Дмитрий Булавин ӕмӕ Кирилл Иванов. Арӕнхъахъхъӕнджытӕн сӕ бӕрӕгбоны фӕдыл Арфӕйы ныхӕстимӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ радтой республикӕйы барадон ӕмӕ тыхы структурӕты разамонджытӕ.
Арӕнхъахъхъӕнджытӕн сӕ бӕрӕгбон саив кодтой республикӕйы хуыздӕр зарӕггӕнджытӕ: Марияйы театры филиалы РЦИ-Аланийы оперӕ ӕмӕ балеты национ театры солисткӕ Ольгӕ Борисова, РЦИ-Аланийы адӕмон артисттӕ Дауыраты Эдуард ӕмӕ Хадыхъаты Аллӕ, «Арвайдӕн”-ы солисткӕ Тыбылты Нана, дунеон конкурсты лауреат Сергей Трещин, паддзахадон ансамбль «Алан»-ы кафджытӕ ӕмӕ республикӕйы аивады иннӕ дӕснытӕ.
КАСАТЫ Батрадз
















