Ӕмгуыстады тыххӕй — бадзырд

0
424

Нӕ республикӕмӕ кусӕг балцы ссыдис, канд Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ бирӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр хъуыстгонд чи у, «Лаборатория Касперского» -йы бындурӕвӕрӕг ӕмӕ генералон директор Евгений КАСПЕРСКИЙ.

Евгений Касперскийы балцы нысан — РЦИ-Аланийы Хицауадимӕ нымӕцон технологиты къабазы ӕмгуыстады бадзырд бафыссын. Нымӕцон технологитӕ ӕмӕ семӕ баст лӕггӕдтӕ нӕ абоны царды хъӕуынц ӕнӕмӕнг. Ныридӕгӕн ӕппӕт дуне дӕр сындӕггай рахызт Интернеты лӕггӕдтӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ персоналон хыгъдтӕ хъӕуы знаггадгӕнджытӕй хъахъхъӕнын. Уыцы хъуыддаг та, ӕнӕмӕнг, ӕххӕстгонд цӕудзӕн, «Лаборатория Касперского» -йы цы мадзӕлттыл кусынц, уыдоны руаджы. ӕмгуыстады бадзырд бафыстой Евгений Касперский ӕмӕ нӕ республи- кӕйы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз.

— Евгений Валентины фырт, фыццаджыдӕр дын стыр бузныг зӕгъын, нӕ республикӕмӕ кӕй саккаг кодтай, уый тыххӕй. Зонӕм ӕй, ӕнӕвдӕлон кӕй дӕ, фӕлӕ уӕддӕр ссардтай рӕстӕг ӕмӕ ссыдтӕ Ирыстонмӕ. Уый тыххӕй дын — уӕлдай бузныг. Нӕ зӕрдӕ дардзыстӕм, бадзырд нын нӕ дарддӕры куыст нымӕцон технологиты къабазы кӕй фӕрогдӕр кӕндзӕн, ууыл, — загъта Тускъайыфырт бадзырд бафыссыны фӕстӕ.

Ацы бон ма Евгений Касперский хицӕнӕй фембӕлд нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславимӕ. Изӕрӕй та Хӕххон-металлургон институты бакаст лекци ахӕм темӕйыл «Киберпространство: вызовы, возможности, угрозы».

Евгений Касперский куыд радзырдта, афтӕмӕй Ирыстоны ис фыццаг хатт, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ агурдзӕн фадат ногӕй ардӕм ӕрцӕуынмӕ. Уымӕн ӕмӕ, йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, Иры хӕхты баззадис йӕ зӕрдӕ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here