Ахуыртӕ ахст адӕмы бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл

0
401

Знон Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы райдыдтой 25-26 майы онг чи ахӕсдзӕн, ахст адӕмы бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл, ахӕм ахуыртӕ. Семинар арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕнадон палатӕйы ӕхсӕнадон цӕстдарды къамисы хъӕппӕрисӕй — йӕ сӕрдар Мария КАННАБИХ.

Ахуыртӕ саразыны организацион хъуыддӕгтӕ йӕхимӕ райста Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕнадон палатӕ. Ахуырты семинар ӕхсӕнадон цӕстдарды къамисы, барадон хъахъхъӕнӕг оргӕнты ӕмӕ ахӕстӕтты кусджытимӕ байгом кодта Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕнадон палатӕйы сӕрдар Нинӕ Чиплакова. Республикӕйы уазджыты: Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕнадон палатӕйы ӕхсӕнадон цӕстдарды къамисы сӕрдар Мария Каннабих, Мӕскуыйы паддзахадон университеты ахуыргӕнӕг, юридикон наукӕты доктор Вячеслав Селиверстов, Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕнадон палатӕйы уынаффӕгӕнӕг Виталий Полозюк ахуырты архайджытимӕ базонгӕ кӕныны фӕстӕ ныхасы бар радта Мария Каннабихӕн. Уый цыбырӕй радзырдта, Уӕрӕсейы Федерацийы тӕрхонгонд кӕмӕн ӕрцыд, зылынгонд чи цӕуы ӕмӕ дызӕрдыг кӕуыл кӕнынц, уыцы ахст адӕмы закъонон бартӕ цӕмӕй хӕлд ма цӕуой, уый тыххӕй Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕнадон цӕстдарды къамис, барад хъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ ӕмӕ ахӕстӕтты кусджытимӕ цы стыр куыст кӕнынц, уый тыххӕй. Мария Каннабих ма загъта, Ирыстоны фыццаг хатт кӕй нӕй, ӕмӕ алы ӕрцыдӕй дӕр ӕхсӕнадон палатӕйы куыстӕй йӕ зӕрдӕ кӕй барухс вӕййы. Ноджы ӕхсызгондӕр та йын уыд, республикӕйы ӕхсӕнадон палатӕ цӕстдарды къамис кӕй сарӕзта, уый.

Нинӕ Чиплакова ахуырты архайджыты базонгӕ кодта Ирыстоны ӕхсӕнадон цӕстдарды къамисы уӕнгтимӕ. Уыдон сты Баситы Никъалайы фырт Дмитри, Андрей Альберты фырт Жаров, Челӕхсаты Ильяйы фырт Магрез, Уыртаты ӕхсарбеджы фырт Ролан ӕмӕ Хъазыбег Русланы фырт Хворостьянов.

Ӕхсӕнадон цӕстдарды къамисы, барадон оргӕнтӕ ӕмӕ ахӕстӕтты кусджыты ахуырты Ирыстонӕй архайдтой РЦИ-Аланийы Конституцион тӕрхондоны сӕрдар Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Анатолий Поляков, Республикӕ Цӕгат Ирыстон- Аланийы адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджын Уалыты Эльбрус, Уӕрӕсейы Федерацийы мидхъуыддӕгты министрады ӕхсӕнадон ӕгъдау хъахъхъӕнынады Цӕгат Ирыстон-Аланийы хайады хицау Андрей Наседкин ӕмӕ Уӕрӕсейы федералон службӕйы ӕфхӕрд ӕххӕст кӕныны РЦИ-Аланийы управленийы хицау Юрий Емельянов.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Анато- лий Поляков республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы номӕй зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта уазджытӕн ӕмӕ ахуырты ӕппӕт архайджытӕн дӕр.

Дыууӕ боны дӕргъы ӕхсӕнадон цӕстдарды къамисы, барадон хъахъхъӕнынады уӕнгтӕ ӕмӕ ахӕстӕтты кусджытӕ байхъусдзысты фӕлтӕрдджын ахуыргӕндты лекцитӕм. Арӕзт сын ӕрцӕудзӕн практикон семинартӕ. Уыдоны ӕвзардзысты ахст адӕймаджы бартӕ иу кӕнӕ иннӕ хуызы хӕлд куы цӕуой, уӕд куыд ӕмӕ цавӕр мадзӕлттӕй архайын хъӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ. Ахуырты архайджытӕ бабӕрӕг кӕндзысты республикӕйы ахӕстӕттӕ, фембӕлдзысты, сӕ рӕдыдтыты тыххӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта, уыцы адӕймӕгтимӕ.

КАСАТЫ Батрадз Къам систа ЦӔГӔРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here