Фӕлварӕнтӕ — ӕнӕхин ӕмӕ ӕргомӕй

0
341

Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕны сӕйраг ӕмгъуыд цӕуы 28 майӕ 2 июлы онг. Иумӕйаг астӕуккаг ахуырады программӕтӕм гӕсгӕ кӕронбӕттӕн паддзахадон аттестаци цӕудзӕн 14 предметӕй. Цӕгат Ирыстоны ис фӕлварӕн дӕттӕн 28 бынаты.

Цӕгат Ирыстоны иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕны сӕйраг ӕмгъуыды рӕстӕг ӕнӕхиндзинад ӕмӕ ӕргомдзинадӕн фадӕттӕ чи араздзӕн, уыцы 148 ӕхсӕнадон цӕстдарӕгӕй 40 цӕстдарӕджы уыдзысты федералонтӕ. Ацы хабар фехъусын кодта нӕ республикӕйы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады пресс-службӕ.

— Ацы аз ӕхсӕнадон цӕстдарджытӕй 46 адӕймаджы (ома, фаронӕй 16 адӕймаджы фылдӕр) уыдзысты бӕстӕйы Фӕсивӕды цӕдисы минӕвӕрттӕ. Уымӕй уӕлдай, Уӕрӕсейы Фӕсивӕды цӕдисы программӕмӕ гӕсгӕ бӕстӕйы ӕндӕр субъекттӕй нӕм ӕрбацӕудзысты 40 адӕймаджы. Ӕнгом ӕмгуыст кӕнын кӕимӕ райдыдтам, уыцы уӕлдӕр скъолаты разамынд, ӕхсӕнадон цӕстдарджытӕм хауӕг бӕрнондзинад хатгӕйӕ, студентты фӕндӕттӕ баххӕст кӕны. Ӕппӕт ӕхсӕнадон цӕстдарджытӕм уыдзысты ӕмхуызон бейджиктӕ ӕмӕ уӕлӕдарӕс, — загъта Уӕрӕсейы Фӕсивӕды цӕдисы цӕгат- ирыстойнаг ӕхсӕнадон цӕстдарджыты координатор Хуыгаты Ацӕмӕз.

Цыфӕнды хъомыл уӕрӕсейагӕн дӕр йӕ бон уыд ӕхсӕнадон цӕстдарӕг суӕвын. Уый тыххӕй хъуыд курдиат барвитын, ахуырад ацӕуын, фӕлварӕн раттын ӕмӕ аккредитаци райсын. Ӕхсӕнадон цӕстдарджыты фылдӕр хай сты нӕ республикӕйы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы Фӕсивӕды цӕдисы минӕвӕрттӕ. Ахуырады хӕрзхъӕддзинадмӕ цӕст даргӕйӕ, цӕгатирыстойнаг ӕхсӕнадон цӕстдарджытӕ (уыимӕ — онлайн цӕстдарды фӕрцы дӕр) кӕронбӕттӕн паддзахадон аттестаци фӕнывыл кӕнынӕн ахъаз кӕнынц.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here