Социалон фӕдзӕхстады фонд лӕггад кӕны адӕмӕн

0
530

УФ-йы Социалон фӕдзӕхстады фонды Цӕгат Ирыстоны регионалон хайадӕн йӕ куыст у, ӕххуысхъуаг адӕмы аккаг цардӕн паддзахад цы социалон зӕрдӕдарӕнтӕ кӕны, уыдон сӕм афоныл ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ хӕццӕ кӕнын. Социалон фӕдзӕхстад у ӕнӕхъӕн системӕ, уый фӕрцы социалон ӕгъдауӕй хъахъхъӕд цӕуынц канд кусӕг адӕм нӕ, фӕлӕ, ӕнӕмӕнг социалон фӕдзӕхстадмӕ чи нӕ хауы, уыдон дӕр.

Фонды сӕйраг нысантӕ сты: кусӕг адӕймаг рӕстӕгмӕ куыстхъом кӕй нал у, кӕнӕ йӕ куысты аххосӕй йе ‘нӕниздзинад хъыгдард кӕй баййӕфта, кӕнӕ, сылгоймаг сывӕллон кӕй ныййардта, уый фӕдыл сын цы паддзахадон зӕрдӕдарӕнтӕ ис, уыдон пособиты хуызы фидын; инвалидтӕ ӕмӕ ветерантӕ реабилитацийы техникон фӕрӕзтӕй хъуаг цӕмӕй ма ‘иййафой, ууыл архайын; льготӕтӕй пайдагӕнӕг адӕмӕн санаторитӕ ӕмӕ курорттӕм лӕвар балцӕгтӕ дӕттын. Уымӕй уӕлдай Социалон фӕдзӕхстады фонд национ проект «Ӕнӕниздзинад»-ы фӕлгӕты архайы Ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕн ӕххуысы паддзахадон программӕйы. ӕппӕт ацы нысантӕ ӕххӕст кӕнынӕн цы ӕхцатӕ хъӕуы, уыдон фондмӕ хӕццӕ кӕнынц федералон бюджетӕй ӕмӕ ӕнӕмӕнг медицинон фӕдзӕхстады федералон фонды бюджетӕй.

Нымӕцтӕ

Нӕ республикӕйы Социалон фӕдзӕхстады фонды хыгъды чи ис, фӕдзӕхсджыты уыцы нымӕц 2017 азы уыд 10 162 адӕймаджы. Уыдонӕн ивгъуыд азы Фонд пособиты хуызы цы ӕхцайы ӕххуыстӕ бакодта, уымӕн йӕ бӕрц рауад 920 772,8 мин сомы, уыдонӕй, рӕстӕгмӕ куыстхъом кӕй нӕ уыдысты, уыцы адӕмӕн — 336 712,9 мин сомы; сылгоймаг ӕнхъӕлцау кӕй уыд, ӕмӕ йын сывӕллон кӕй райгуырд, уый тыххӕй ӕхцайы ӕххуыс — 209 793,3 мин сомы; сывӕллоныл 1,5 азы цалынмӕ нӕ сӕххӕст, уӕдмӕ йӕм ныййарӕг кӕй зилы, уый тыххӕй — 316 672,4 мин сомы; сывӕллон кӕй райгуырд, уый тыххӕй сылгоймӕгтӕн ӕххуыс — 53 576,4 мин сомы. Программӕ «Ныййарӕджы сертификат»-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2017 азы нӕ республикӕйы райгуырд 8 884 сывӕллоны — 4 649 лӕппутӕ ӕмӕ 4235 — чызджытӕ, стӕй 97 фаззоны.

Йӕ профессионалон хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, низ чи ссардта кӕнӕ куысты рӕстӕг фыдбылыз кӕуыл ӕрцыд, уыдоны ахӕм ӕнӕнхъӕлӕджы цаутӕй бафӕдзӕхсыны тыххӕй республикӕйы Фонды бюджетмӕ ӕрбацыд 82 315,7 мин сомы (уый размӕйы азимӕ абаргӕйӕ, 100,9 проценты). Социалон фӕдзӕхстады фонд лӕггад кӕмӕн кӕны, ахӕм кусӕг адӕймӕгты нымӕц 2017 азы уыд 130 666, уыдонӕй 6 178 адӕймаджы кусынц, куысты уавӕртӕ ӕнӕниздзинадӕн знаггад кӕм хӕссынц, ахӕм ран, 591 та сты инвалидтӕ.

Адӕймаг рӕстӕгмӕ куыстхъом кӕй нӕу кӕнӕ та сылгоймаг сывӕллон кӕй ныййардта, уый тыххӕй фӕдзӕхстадон бафыстытӕ 2017 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ ӕххӕст кӕнын райдыдта хъалонты службӕ. Профессионалон хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, низ чи ссардта кӕнӕ, куысты рӕстӕг фыдбылыз кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн фӕдзӕхстадон бафыстытӕ раздӕрау ӕххӕст кӕны Социалон фӕдзӕхстады фонд.

Ацы хуызы бафыстытӕ кӕмӕ ӕрхауд, уыдонӕн сӕ нымӕц 2017 азы уыд 1 434 адӕймаджы (2016 азы — 1 509 адӕймаджы). Хӕрдзтӕ рауадысты 196 872,6 мин сомы (2016 азы та 194 894,4 мин сомы). Хъыгдардбаййафӕг адӕмы социалон, профессионалон ӕмӕ медицинон реабилитацийы уӕлӕмхасӕн хӕрдзтӕ та рауадысты 23 936,9 мин сомы. Хӕрдзты нысан у йӕ куысты мидӕг кӕнӕ йӕ аххосӕй хъыгдардбаййафӕг адӕймаджы ӕнӕниздзинад фидардӕр кӕнын, цӕмӕй йӕ куыстмӕ фӕстӕмӕ раздӕха ӕмӕ та ногӕй уа куыстхъом. Ивгъуыд аз Фондмӕ цы бӕрӕггӕнӕнтӕ уыд, уыдонмӕ гӕсгӕ куысты рӕстӕг рог хъыгдард баййӕфтой 43 адӕймаджы, 1 адӕймаг баййӕфта уӕззау хъыгдард, 5 адӕймаджы та амардысты сӕ куысты аххосӕй. Сӕ профессионалон дӕсныйады аххосӕй низ ссардтой 2 адӕймаджы. ӕнӕмӕнг социалон фӕдзӕхстады фӕлгӕты ӕппӕт ацы адӕмӕн цы пособитӕ фыст ӕрцыд, уыдонӕн сӕ бӕрц рауад 1 320,3 мин сомы.

Тӕссаг ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн зианхӕссӕг уавӕрты чи кусы, уыдоны профессионалон низтӕй ӕмӕ куысты рӕстӕг ӕрцӕуӕг фыдбылызтӕй чи бахъахъхъӕндзӕн, ахӕм мадзӕлттыл ивгъуыд аз хардзгонд ӕрцыд 6 800,0 мин сомы. Программӕйы чи архайдта, уыцы фӕдзӕхсджыты нымӕц уыд 59 адӕймаджы.

Санаторон- курортон лӕггад

Ацы паддзахадон льготӕйӕ пайдагӕнӕг адӕймӕгтӕн балцӕгтӕ ӕлхӕныны тыххӕй паддзахадон контракттӕ ӕххӕстгонд цӕуынц алы аз дӕр Фондӕн уыцы нысанӕн цы ӕхайы фӕрӕзтӕ дихгонд ӕрцӕуы, уыдонмӕ гӕсгӕ. 2017 азы Фондӕн йӕ бон балхӕнын ссис 1 266 балцӕджы, Краснодары крайы, Хъырымы, Кавказы Минералон Дӕттӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны цы санаторитӕ ӕмӕ курорттӕ ис, уырдӕм. Ацы хӕрдзтӕ рауадысты 25 милуан ӕмӕ 868,4 мин сомы.

Фӕлладуадзӕн ӕмӕ дзӕбӕхгӕнӕн бынӕттӕм лӕвар цӕуыны хӕрдзтӕ

Санаторитӕ ӕмӕ курорттӕм дыууӕрдӕм дӕр лӕвар фӕндаггагӕн 2017 азы Социалон фӕдзӕхстады фонд радта 3 492 талоны. Льготӕйӕ пайдагӕнӕг адӕмӕн ацы социалон ӕххуыс цӕмӕй уа, уый тыххӕй Фонды хӕрдзтӕ рауадысты 726,6 мин сомы. Реабилитацийы техникон фӕрӕзтӕ — инвалидтӕн Реабилитацийы техникон фӕрӕзтӕй, стӕй протезтӕ ӕмӕ ортопедон дзаумӕттӕй инвалидтӕ хъуаг цӕмӕй ма ӕййафой, уый тыххӕй нӕ республикӕйы Социалон фӕдзӕхстады фондӕн федералон бюджетӕй лӕвӕрд ӕрцыд 90 465,2 мин сомы. Фидаргонд ӕрцыд 82 359,6 мин сомы аргъ 167 паддзахадон контракты ӕмӕ бадзырды. Реабилитацийы алыхуызон техникон фӕрӕзтӕ, протезтӕ ӕмӕ орто- педон дзаумӕттӕ лӕвӕрд ӕрцыд 4 323 инвалидӕн. Реабилитацийы ахӕм фӕрӕзты хъуаг кӕй сты, уый фӕдыл Фонд 2017 азы райста 20 954 курдиаты, ӕххӕстгонд сӕ ӕрцыд 20 739 курдиаты (кӕнӕ та сӕ 99,0 проценты). Ӕххуысхъуаг адӕмӕн цы фӕрӕзтӕ ӕмӕ дзаумӕттӕ лӕвӕрд ӕрцыд, уыдоны аргъ рауад 88 936,1 мин сомы, уыимӕ компенсацитӕ фыст ӕрцыд 6 576,5 мин сомы.

Афӕдз ӕмӕ ӕмбисы размӕ Фонд ӕххӕст кӕнын райдыдта ног проект, йӕ нысан у сывӕллӕттӕ- инвалидтӕн баххуыс кӕнын. Рынчын сывӕллӕтты номӕй чи архайы ӕмӕ сын реабилитацийы фӕрӕзтӕ, протезтӕ ӕмӕ ортопедон дзаумӕттӕ Фондӕй чи исы, уыдонмӕ ацы ног проекты фӕрцы ныр рагацау ӕмӕ ӕххӕстӕй хӕццӕ кӕны ӕппӕт хъусынгӕнинаг. Алы сывӕллоныл дӕр арӕзт ӕрцӕуы реабилитацийы техникон фӕрӕзтӕй, протезтӕ ӕмӕ ортопедон дзаумӕттӕй сӕ ифтонг кӕныны сӕрмагонд пълан. Алы сывӕллоныл дӕр ацы фарстайы фӕдыл сӕрмагондӕй дзуапп дӕтты Фонды кусӕг. Уый йӕ цӕст дары, алы рынчын сывӕллон дӕр хъӕугӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ дзаумӕттӕй афоныл, стӕй ӕнӕкъуылымпыйӕ куыд ифтонггонд цӕуы, уымӕ. 2017 азы ацы проекты архайдта нӕ республикӕйы цӕрӕг 711 инвалид-сывӕллоны.

Куыд лӕвӕрд цӕуы рынчыны тыххӕй гӕххӕтт

Адӕймаг рӕстӕгмӕ куыстхъом кӕй нӕу, уый фӕдыл ын рынчыны тыххӕй гӕххӕтт дӕттыны бар (лицензи) ис нӕ республикӕйы 48 медицинон кусӕндонмӕ. Рынчыны тыххӕй гӕххӕттытӕ сын радты Социалон фӕдзӕхстады фонд. Стӕй уыцы документтӕй медицинон кусӕндӕттӕ куыд пайда кӕнынц, уымӕ дӕр Фонд йӕ цӕст дары. ӕдӕппӕт 2017 азы нӕ республикӕйы медицинон кусӕндӕттӕн лӕвӕрд ӕрцыд 101 284 рынчыны тыххӕй гӕххӕтты. Уыдон куыд ӕмӕ цавӕр рынчынтӕн лӕвӕрд цыдысты, дохтыртӕ сӕ куыд дзаг кодтой, стӕй, документ дӕтгӕйӕ халӕн цаутӕ уыд ӕви нӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ сбӕлвырд кӕныны нысанимӕ 2017 азы Фонд сарӕзта, рагацау пъланмӕ хаст чи уыд, 48 ахӕм бӕрӕггӕнӕн куысты, 82 та — пъланмӕ хаст чи нӕ уыд, ахӕмтӕ. Фонды специалисттӕ бӕрӕг кодтой рынчыны тыххӕй гӕххӕттытӕ дӕттыны уагӕвӕрд, стӕй, уыимӕ баст халӕн цаутӕ уыд ӕви нӕ, уый. Ӕдӕппӕт сбӕрӕг кодтой 70 400 рынчыны тыххӕй гӕххӕтты, ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыдонӕй 135 документы лӕвӕрд ӕрцыдысты, халӕн цаутӕ ӕруадзгӕйӕ. Халӕн цаутӕ чи ӕруагъта, уыцы медицинон кусӕндӕттӕн сӕ размӕ ӕвӕрд ӕрцыд финансон домӕнтӕ — ӕнӕмӕнг медицинон фӕдзӕхстады фондӕн хъуамӕ бафыстаиккой 262 570,65 сомы. Ӕгъдау халджытӕ ӕхцатӕ бафыстой, хъуыддаг тӕрхондоны онг не ‘руагътой, афтӕмӕй.

 Цӕстдарӕн-ревизион хайады куыст

2017 азы дӕргъы Фонды специалисттӕ цыдысты алы куыстуӕттӕ ӕмӕ организацитӕм ӕмӕ бӕрӕг кодтой, фӕдзӕхстджытӕ куыд фидынц сӕ фӕдзӕхстадон фиддонтӕ, социалон фӕдзӕхстады ӕхцатӕй куыстдӕтджытӕ раст пайда кӕнынц ӕви нӕ, социалон бафыстытӕ сӕ кусджытӕн афоныл фидынц ӕви нӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ. Ахӕм цӕстдарӕн-ревизион куыст равдыста, куыстдӕтджытӕй иуӕй-иутӕ кӕй ӕруагътой халӕн цаутӕ. Ахӕм цаутӕн сӕ зиан рауад 8 471,3 мин сомы. ӕхцатӕн сӕ 96,4 проценты ӕгъдау халӕг куыстдӕтджытӕ фӕстӕмӕ ӕрбарвыстой республикӕйы Социалон фӕдзӕхстады фонды бюджетмӕ.

Уымӕй уӕлдай, хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты тыххӕй закъонӕвӕрынад хъалонфидджытӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый базоныны тыххӕй Фонды специалисттӕ сарӕзтой 3026 бӕрӕггӕнӕн куысты. Уый фӕрцы, куыстдӕтджытӕ сӕ кусджытӕн социалон пособитӕ кӕй фыстой, уый тыххӕй сын сӕ хӕрдзтӕ — 330 121,2 сомы — Фонд баххӕст кодта.

Рынчыны тыххӕй гӕххӕтт — электронон хуызы

Ацы проект нӕ республикӕйы Социалон фӕдзӕхстады фонд ӕххӕст кӕнын райдыдта ивгъуыд азы 1 июлӕй фӕстӕмӕ. Афӕдзы кӕронмӕ проекты архайдой 542 фӕдзӕхсӕджы. Уыдонӕн сӕ кусджыты иумӕйаг нымӕц уыд 54 484 адӕймаджы (кӕнӕ та республикӕйы кусджытӕ цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн сӕ 42 проценты). Рынчыны тыххӕй гӕххӕттытӕ чи дӕтты, нӕ республикӕйы уыцы 48 медицинон кусӕндоны ивгъуыд аз радтой 3000 ацы документы электрон хуызы. Ацы бӕрӕггӕнӕнмӕ гӕсгӕ республикӕйы Социалон фӕдзӕхстады фонд цӕуы разӕй, Цӕгат Кавказы ӕппӕт иннӕ регионтимӕ абаргӕйӕ.

Паддзахадон лӕггӕдтӕ

Федералон закъонӕвӕрынадмӕ гӕсгӕ республикӕйы Социалон фӕдзӕхстады фонды сайты арӕзт ӕрцыд сӕрмагонд хай «Предоставление государственных услуг отделением Фонда». Уым амынд сты, Фонд цы паддзахадон лӕггӕдтӕ кӕны, уыдоны 19 хуызы. Амынд дзы ис паддзахадон лӕггӕдтӕ аразыны уагӕвӕрды тыххӕй ӕппӕт хъусынгӕнинаг. Ӕхсӕвӕй-бонӕй кусы телефонты бастдзинад. Уымӕй уӕлдай Фонды арӕзт ӕрцыд, паддзахадон лӕггӕдты порталмӕ адӕмӕй цы курдиӕттӕ ӕрбацӕуы, уыдонимӕ куыст. Ацы порталы фӕрцы Фонд райста паддзахадон лӕггӕдтӕ саразыны фӕдыл 10 675 курдиаты, уыимӕ ӕрмӕст 2017 азы — 6 174 курдиаты. Курдиат бадӕттӕг адӕмӕн ӕххуыс вӕййы афоныл ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ. Сайтмӕ бацӕугӕйӕ адӕмы бон у аргъ скӕнын, Фонд сын цы лӕггад бакодта, уымӕн. 2017 азы бӕрӕггӕнӕнтӕ куыд амонынц, афтӕмӕй, Фонды куыстӕн аргъ чи скодта, уыдоны нымӕц уыд 7 995 адӕймаджы, уыдонӕн сӕ 99,9 проценты иттӕг разы уыдысты Фондӕн йӕ кусджыты лӕггадӕй.

Социалон фӕдзӕхстады фонды куыстӕн аргъ — цӕстдарӕг оргӕнты ‘рдыгӕй

2017 азы дӕргъы Цӕгат Ирыстоны Социалон фӕдзӕхстады фонды куыст бӕрӕг кодтой цӕстдарӕг оргӕнтӕ:

— РЦИ-Аланийы Прокуратурӕ — сарӕзта 2 бӕрӕггӕнӕн куысты; — Уӕрӕсейы Федерацийы Социалон фӕдзӕхстады фонд ӕвзӕрста коррупцийы ныхмӕ архайды фарстатыл Цӕгатирыстойнаг регионалон фонд куыд архайы, уый; — электро— ӕмӕ теплоэнергетикӕйы ӕдасдзинады домӕнтӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уымӕн 2 хатты аргъ кодта Ростехнадзоры Кавказаг управлени; — федералон бюджеты фӕрӕзтӕй 2016-2017 азты куыд пайдагонд цыд, уый бӕрӕг кодта нӕ республикӕйы Къазнайады управлени; — ӕдасдзинады домӕнтӕ куыд ӕххӕстгонд цыдысты, уый бӕрӕг кодта УФ-йы ӕдасдзинады федералон службӕйы РЦИ-Аланийы управлени.

Цӕстдарӕг ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ куыд рабӕрӕг кодтой, афтӕмӕй 2017 азы республикӕйы Социалон фӕдзӕхстады фондӕн йӕ куысты халӕн цаутӕ нӕ уыд.

ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here