Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветерантыл аудынц

0
356

 

Ӕхсӕнадон змӕлд «Волонтеры Победы» ӕмӕ хӕрзаудӕн фонд «Память поколений» аразынц ӕпппӕтуӕрӕсеон хӕрзаудӕн акци «Красная гвоздика».

Куыд иннӕ уӕрӕсейаг регионты, афтӕ Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы дӕр уыцы хӕрзаудӕн акци цӕуы 2018 азы 1 майӕ 22 июны онг.

Акцийы фӕлгӕты алкӕцы адӕймагӕн дӕр уыдзӕн, йӕ зӕрдӕ куыд зӕгъа, ахӕм аргъӕй риуылдаргӕ нысан «Красная гвоздика» балхӕныны фадат. Ахӕм риуылдаргӕ нысантӕ акцийы бархионтӕ адӕмы ‘хсӕн парахат кӕндзысты дзыллон бынӕтты. Хӕрзаудӕны мадзал «Красная гвоздика»-йы рӕстӕг цы ӕхца ӕрӕмбырд уа, уыдон ӕрвыст ӕрцӕудзысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветерантӕн ӕххуысӕн.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here