Ӕз нӕ зыдтон раздӕр Хъӕдохты Аркадийы лӕгӕй-лӕгмӕ, фӕлӕ хъуыстон йӕ хорзы кой. Кӕрдзыны хъӕуы консервгӕнӕн завод куыд сарӕзта, бирӕ адӕм дзы кӕй кусы, уыдон хъуыстгонд уыдысты Ирыстоны. Уый фӕстӕ та консервгӕнӕн завод сарӕзта Дзӕуджыхъӕуы. Иу заманы Хъӕууон хӕдзарады министрадмӕ хъаст бацыд, Дзӕуджыхъӕуы консервгӕнӕн завод ӕнӕ проектон документтӕй цехтӕ аразы, зӕгъгӕ. Ӕз, куыд министрады бындурон арӕзтады управленийы сӕйраг инженер, ацыдтӕн заводмӕ.
Уыдис сӕрдыгон бон. Бахызтӕн заводы кӕртмӕ. Бирӕ адӕм змӕлыд заводы, иу адӕймаг дӕр дзы ӕгуыст нӕ уыд, алчидӕр — хъуыддагыл лӕуд. Машинӕтӕ ӕмӕ трактортӕ куыстуатмӕ ластой алыхузон халсартӕ. Диссагӕн цы федтон заводы уыцы бон: сылгоймаг сӕхимӕ рацӕйцыд, йӕ ведра йӕ къухы, афтӕмӕй. Хъалагъур ӕй баурӕдта. Уыцы хабар заводы директормӕ бахӕццӕ. Заводӕй давгӕ ничи кодта, уымӕн ӕмӕ алчидӕр тарст, йӕ хорз куыстӕй куы фӕхауа, уымӕй, стӕй, алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыд аслам аргъӕй рафыссын, цы халсартӕ йӕ хъуыдис, уыдон. Директор уыцы рӕстӕг уыдис, пъамидортӕ цы цехы цӕхджын кодтой, уым — кӕртмӕ бахизӕн дуармӕ хӕстӕг, ӕмӕ рахызт кӕртмӕ. Сылгоймаг директоры куы федта, уӕд скуыдта: «Цыппар сывӕллоны мын ис, мӕ сӕрыхицау амард ӕмӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын мӕнмӕ кӕсы».
Уый куы фехъуыстон, уӕд мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, мах дӕр цыппар сывӕллонӕй куыд баззадыстӕм ӕнӕ фыдӕй ӕмӕ нӕ нӕ мад куыд зынтӕй хъомыл кодта, уый. Уымӕ гӕсгӕ мӕхи хӕстӕгдӕр байстон сӕ ныхасмӕ. Заводы директоры ӕз уӕд федтон фыццаг хатт. Лӕмбынӕг хъуыста сылгоймагмӕ, хӕстӕг ӕм бацыд ӕмӕ йын афтӕ: «Тыхсгӕ ма кӕн, мах дӕм фӕкӕсдзыстӕм», стӕй цехы хицаумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын бабар кодта, цӕмӕй сидзӕргӕс сылгоймагмӕ халсартӕй фӕкӕса. Ӕз ӕнхъӕлдтон, бафхӕрдзӕн ӕй кӕнӕ йӕ йӕ куыстӕй арвитдзӕн…
Уыцы бон базонгӕ дӕн Хъӕдохты Аркадиимӕ. Заводмӕ цы фарстайы фӕдыл бацыдтӕн, уый сбӕрӕг кодтон, ӕмӕ кӕд цехтӕ ӕнӕ проекттӕй сарӕзта, уӕддӕр арӕзт ӕрцыдысты техникон домӕнтӕм гӕсгӕ. Аркади мын загъта: «Республикӕйы хӕдзарӕдтӕ ӕрзайын кодтой халсарты хъӕздыг тыллӕг ӕмӕ йын тӕссаг уыд фесӕфынӕй».
Консервгӕнӕн заводы хорзы кой айхъуыст ӕнӕхъӕн республикӕйыл. Уый фӕстӕ Хъӕдохты Аркадийы равзӕрстой республикӕйы Хъӕууон хӕдзарады министрады хойраджы ӕмӕ хомагкуыстгӕнӕг промышленносты корпорацийы генералон директорӕй. Уыцы куыст хорз чи зыдта, ахӕм специалистты ӕрӕмбырд кодта, рауадис сӕ куыстхъом коллектив, ӕмӕ уыцы коллективимӕ алы районы дӕр сарӕзта консервгӕнӕн куыстуӕттӕ. Республикӕйы хицауады раз-иу ӕрӕвӕрдта сӕрмагонд хыгъдтӕ, цас зӕххыты байтауын хъӕуы халсартӕ, цӕмӕй заводтӕ се ‘ппӕт дӕр кусой ӕнӕкъуылымпыйӕ, уый тыххӕй. Арӕзта спъиртзаводтӕ, стӕй водкӕуадзӕн заводтӕ дӕр, ӕмӕ бирӕ адӕмтӕн куыст уыдис. Республикӕйы бюджет дӕр уыцы заводты фӕрцы рӕзыдис. Мӕ бон афтӕ зӕгъын у, ӕмӕ Цӕгат Кавказы мах республикӕйы хуызӕн уыцы куыст никӕмӕн ӕнтыст Хъӕдохты Аркадийы хъӕддых архайды руаджы.
Хъӕдохы-фырт къорд хатты уыдис нӕ республикӕйы Парламенты депутат. Йӕ куыст уыд адӕмы хорздзинадыл, цӕмӕй сӕ цард фӕхуыздӕр уа, ууыл. Бирӕтӕн-иу баххуыс кодта сӕ зынты, бирӕ тыхст адӕмты слӕууын кодта сӕ къӕхтыл тӕссаг 90-ӕм азты. Кусӕг адӕмӕй бирӕтӕ баззадысты ӕнӕ куыстӕй, ӕмӕ мӕгуыр цард кодтой. Советон рӕстӕджы йӕ куыстӕй фатер райсынмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдон ӕнӕ ницӕ- мӕй аззадысты. Бирӕ ӕнахъом сывӕллӕтты мадӕлтӕ ӕмӕ фыдӕлты бон нал уыд сӕ сабиты дарын. Уыцы рӕстӕг цыдысты Хъӕдохты Аркадимӕ ӕххуысмӕ, ӕмӕ сыл уый дӕр йӕхи никуы атигъ кодта.
1992 азы мӕм фӕдзырдта ӕмӕ мын афтӕ зӕгъы: «Тедеты Павел хъӕууон хӕдзарады министрӕй куы куыста, уӕд сфӕнд кодта республикӕйы колхозты кусджытӕн, 500 бынаты кӕм хъуамӕ уыдаид, ахӕм санатори саразын хӕхты, Уӕлладжыры комы Тибы хъӕуы. Бирӕ бакуыстой санаторийы арӕзтадыл, фӕлӕ ныр Тедеты Павел нал у министр ӕмӕ арӕзтад ныллӕууыд, цы арӕзт дзы ӕрцыд, уый дӕр сӕфтмӕ цӕуы. Хорз уаид, уыцы санатори куы сцӕттӕ уаид, уӕд. Канд Ирыстоны адӕм нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейӕ дӕр цӕуиккой улӕфынмӕ уыцы райдзаст бынатмӕ. Фӕнды мӕ, цӕмӕй арӕзтад дӕ къухтӕм райсай…». Хъӕдохты Аркадиимӕ ацыдыстӕм Тибмӕ. Арӕзтад куы федтон, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, цыма йыл уӕле бомбӕтӕ исчи ӕркалдта, къултӕ ныппырх сты, цы ма дзы баззад, уыдоныл уӕле бӕлӕстӕ ӕрзад.
Цы хъуыдис санаторийы арӕзтадмӕ, трактортӕ, экскаватортӕ, бульдозертӕ, хӕдӕвдӕлонгӕнӕн машинӕтӕ, автобустӕ адӕмы ласынӕн, уыдон ӕппӕт дӕр радта Хъӕдохты Аркади, стӕй ма арӕзтады директорӕн дӕр машинӕ УАЗ-469. Санаторийы комплексы арӕзтады вахтӕгай куыста 250 адӕймаджы.
Алы сабаты дӕр-иу арӕзтады уыд оперативон ӕмбырд. Уырдӕм-иу Аркади ӕрбахуыдта, хойраджы ӕмӕ хомагкуыстгӕнӕг промышленносты корпорацимӕ цы заводтӕ хаудысты, уыдон директорты. Ӕз, куыд арӕзтады директор, афтӕ мӕхи алкӕддӕр цӕттӕ кодтон ӕмбырдмӕ, нымадтон, цавӕр арӕзтадон ӕрмӕг ма хъӕуы, цӕмӕй нӕ куыст ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуа, уый тыххӕй. Оперативон ӕмбырды алы заводы директорӕн дӕр Аркади хӕс лӕвӕрдта, цавӕр ӕрмӕг хъуамӕ ӕрбаласа, уый тыххӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕ хӕс ӕххӕст кодта.
Корпорацийы заводты директортӕ зыдтой, арӕзтадмӕ фӕкӕсын кӕй хъӕуы, уый ӕмӕ алчидӕр йе ‘ххуысы хай кодта. Кусӕг адӕмӕн сарӕзтам хӕрӕндон. Уыдис дзы хӕринаггӕнджытӕ. Адӕмӕн суткӕ ӕртӕ хатты хӕринаг уыдис лӕвар. Кусджытӕ ӕхсӕв дӕр уыдысты Тибы.
Иу хатт санаторийы арӕзтадмӕ ӕрбацыд партийы Цӕгат Ирыстоны обкомы арӕзтадон хайады сӕргълӕууӕг Таболты Кермены фырт Аркади (рухсаг уӕд). Йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдис нӕ куыст, зӕрдӕ нын бавӕрдта цӕмӕйдӕрты, фӕлӕ дзы ӕз ницы федтон. Иу хатт вертолетӕй ӕрбатахтысты республикӕйы уӕды Министрты Советы Сӕрдар Хетӕгкаты Сергей ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады министр Уырыцхъуаты Зауырбег. Куы федтой нӕ архайд, уӕд тынг арфӕтӕ фӕкодтой кусӕг адӕмӕн, зӕрдӕ нын бавӕрдтой, кӕй нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй санатори сырӕза, уый тыххӕй. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зӕрдӕ ӕвӕрдтой, фӕлӕ ныхӕстӕ ныхӕстӕй баззадысты. Фӕлӕ уӕддӕр Аркадийы фӕрцы нӕ куыст хорз цыдис.
Хъӕдохты Аркадиимӕ кусын ӕнцон уыд, уымӕн ӕмӕ уарзта фӕллойгӕнӕг адӕмы, аргъ сын кодта, куы-иу базыдта искӕй тыхст, уӕд-иу ын, ӕнӕмӕнг, баххуыс кодта. Адӕм се ‘ппӕт ӕмхуызон не сты, ӕмӕ-иу йӕ коллективмӕ зивӕггӕнаг, куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕг куы бахауд, уӕд-иу уыцы лӕгӕй Аркади хорз кусӕг сарӕзта йӕ зондахастӕй. Тибы хъӕуы уыцы рӕстӕг уыдис ӕхсӕз хӕдзары ӕмӕ сӕ ӕмбаргӕ адӕм сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй се ‘ппӕт дӕр куыстой санаторийы арӕзтады, фос дардтой, уыдысты уазӕгуарзон адӕм. Иу рӕстӕджы хъӕуы лӕппутӕй иу нӕ прорабы кардӕй ныццавта. Уыд зымӕгон бон ӕмӕ прорабыл уыдис бӕзджын дарӕс, уымӕ гӕсгӕ кард буары арф нӕ бауад ӕмӕ йӕ дохтыры ӕххуыс дӕр нӕ бахъуыд. Тибы цӕрӕг адӕм ра- куырдтой хатыр прорабӕй. Хабар куы базыдтон, уӕд лӕппуйы йӕ куыстӕй арвыстон. Архайдтон, цӕмӕй нӕм уыдаид ӕгъдау, арахъхъ нуазын куысты рӕстӕджы нӕ уагътон. Иуахӕмы мӕм Хъӕдохты Аркади йӕхимӕ фӕдзырдта ӕмӕ мын бамбарын кодта, Тибы хъӕуӕй йӕм кӕй ӕрбацыдысты, цӕмӕй уыцы лӕппуйы фӕстӕмӕ кусынмӕ райсон, уый тыххӕй. Загъта мын: «Ӕрыгон лӕппу у, фӕрӕдыд ӕмӕ йӕ ӕппаргӕ акӕнӕм?» Байхъуыстон Аркадийы ныхасмӕ ӕмӕ дзы, ӕцӕгдӕр, хорз кусӕг рауад.
Ивгъуыд ӕнусы нӕуӕдзӕм азты Гуырдзыстоны цӕрӕг ирон адӕмӕй бирӕтӕ Цӕгат Ирыстонмӕ лидзын куы райдыдтой, уӕд цыдысты Тибы санаторийы арӕзтадмӕ ӕмӕ куырдтой, цӕмӕй сӕ райсӕм куыстмӕ. Арӕзтады сӕйраг инженер Дзидзойты Хъазыбег мын иу бон афтӕ зӕгъы: «Кусӕг адӕм исын хъӕуы Хуссар Ирыстонӕй. Ныртӕккӕ уыдон сты тыхст уавӕры ӕмӕ сӕм фӕкӕсын хъӕуы». Ӕз сразы дӕн Дзидзойы- фырты фӕндоныл ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, куыстмӕ ӕрмӕст истам Хуссар Ирыстонӕй ралидзӕг адӕмы.
Иуахӕмы чидӕртӕ бахъаст кодтой мӕныл Хъӕдохты Аркадимӕ, Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг адӕмы куыстмӕ кӕй нӕ исын, уый тыххӕй. Ӕз Аркадийӕн куы радзырдтон хъуыддаг, уӕд мӕ бамбӕрста ӕмӕ загъта. «Амы адӕм цӕрынц сӕхи хӕдзӕртты, ис хъӕуты алкӕмӕн дӕр зӕххы хай, дарынц фос, сӕ бинонтӕ тыхст не сты»… Иу дзырдӕй, уайдзӕф мӕм не ‘рхауд.
Бирӕ куыстытӕ бакодтам арӕзтады. ӕппӕт зилӕнтӕ нӕ нымайын, фӕлӕ санаторон комплексы 85 проценты уыдис цӕттӕ. Проекты уӕлӕмхасӕн Аркадийы фӕндонмӕ гӕсгӕ бирӕ куыстытӕ бакодтам. Мамысоны фале, дон кӕцӕй ӕрбауагътам, уым цӕугӕдоны сӕрты хид сарӕзтам.
Аркади республикӕйы хъӕды хӕдзарадӕн ӕхца бафыста ӕмӕ комплексы цас хъуыдис бӕлӕстӕ, уыдон ныссагътой. Суар Тиб-2-йы цур саразын кодта хӕдзар ӕмӕ йӕм хъуамӕ бауагътаиккам дон, цӕмӕй уым фӕлладуадзыны рӕстӕг рынчынтӕ дон нозтаиккой.
Арӕх бакӕсын газетты, Мамысоны комы лыжӕтыл бырӕн фӕлладуадзӕн бынат саразын хъӕуы, зӕгъгӕ. Йӕ рӕстӕджы Хъӕдохты Аркади уыцы куыст бакӕнынмӕ дӕр хъавыд. Мӕн-иу йемӕ акодта ӕмӕ хъуыды кодта, куыд хуыздӕр скӕнӕн ис лыжӕтыл бырӕн, ууыл. Аркадийы хъӕппӕрисӕй дзы трансформаторон дӕлстанцӕ дӕр ӕвӕрд ӕрцыд.
Тибы санаторийы арӕзтадмӕ- иу куы цыдтӕн, уӕд, комӕй бакӕсгӕйӕ, ахӕм рӕсугъд зындис ӕмӕ дзы зӕрдӕ рухс кодта. Йӕ бацӕуӕны йын Аркадийы фӕндонмӕ гӕсгӕ самадтам мӕсыг ӕмӕ санаторийы уый дӕр тынг фидауцджын кодта. Мӕхицӕн-иу хъуыды кодтон: «Ацы санатори Тедеты Павелы фӕндонӕй арӕзт цӕуы, йӕхӕдӕг амард, фӕлӕ йын йӕ фӕндон мах ӕххӕст кӕнӕм.»
Иу бон та мӕ Аркади йемӕ акодта Дыгуры районы Урсдоны хъӕумӕ. Бацыдыстӕм, кӕддӕр ГЭС арӕзт кӕм уыдис, уырдӕм ӕмӕ мӕ бафарста: «Ацы ГЭС раздӕр куыд уыд, афтӕ йын саразӕн нӕй?» ГЭС арӕзт дзы кӕй уыдис, уый уыд бӕрӕг, фӕлӕ ма дзы ӕрмӕстдӕр уыдис хӕлд фӕрстӕ. Йӕ фарстайӕн ын ницы дзуапп радтон, уымӕн ӕмӕ мӕ къухы нӕ уыдис ГЭС-ы проект. Уый фӕстӕ ӕз ӕрбаластон проект Пятигорскы проектон институтӕй ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг ӕркастӕн. Бацыдтӕн Аркадимӕ ӕмӕ йын бамбарын кодтон, ифтонггӕрзтӕ куы уа, уӕд ГЭС-ӕн саразӕн кӕй ис, уый. Бавнӕлдтам ГЭС-ы арӕзтадмӕ ӕмӕ йӕ зындӕр куыст уыдис ифтонггӕрзтӕ дзы сӕвӕрын ӕмӕ йӕ скусын кӕнын. Технологион ӕмӕ электрон кусӕнгӕрзтӕ арӕзт цыдысты республикӕйы хуыздӕр специалисттӕ Уӕдаты Муссӕ ӕмӕ Зӕнджиаты Хъазыбеджы разамындӕй. Уыдон архайдтой ӕхсӕвӕй-бонӕй, цӕмӕй ГЭС тагъддӕр скуса, ууыл. ГЭС куы скуыста ӕмӕ рухс куы радта, уӕд хъӕуы нӕ уыд электрон рухс. Республикӕйы электрон тых кӕй нӕ фаг кодта, уый аххосӕй-иу рухсытӕ арӕх ахуыссын кодтой. Изӕрӕй ГЭС-ы рухс сыгъд ӕмӕ адӕм цыдысты уырдӕм, дис кодтой, куыд скуыста, ууыл. Аркади рацу-бацу кодта ГЭС-ы залы, ӕхсызгон ын куыд нӕ уыдаид, йӕ фӕндон кӕй сӕххӕст, уый.
Аркади республикӕйы Президенты ӕвзӕрстытӕм йӕ кандидатурӕ куы бавдыста, уӕд бирӕ адӕмтӕ цин кодтой, дзырдтой, республикӕйы Президент куы суа, уӕд Ирыстоны адӕмы цард фӕхуыздӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ базондзӕн кусын, бацархайдзӕн, цӕмӕй республикӕ слӕууа йӕ къӕхтыл, уа дзы рӕстдзинад. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ ӕвзӕрстытӕ дӕр иуӕй-иу хатт раст конд нӕ вӕййынц. ӕрмӕстдӕр, Аркади цы программӕйыл кусынмӕ хъавыд Президент суӕвгӕйӕ, уый ӕххӕстгонд куы ‘рцыдаид, уӕд республикӕйы адӕмы цард, ӕнӕмӕнгӕй, фӕхуыздӕр уыдаид.
Аркади Парламенты депутат куы уыдис, уӕд республикӕйы Хицауадимӕ дзырдта ӕргом, сӕ куысты хъуагдзинӕдтӕ-иу сын адӕмы раз загъта. Уый алы хицауы зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Йӕ куыстӕй йӕ сисын сӕ бон нӕ уыд. Хъӕдохты Аркади хорз зыдта йӕ куыст, стӕй кусын чи уарзта, ахӕм коллектив ӕрӕмбырд кодта.
Ирыстоны хистӕр фӕлтӕр хорз зонынц Хъӕдохты Аркадийы ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй. Фӕлӕ уадз ӕмӕ кӕстӕртӕ дӕр зоной, Аркади чи у, уый. Куы баззадаид йӕ куысты, уӕд ын бирӕ хорздзинӕдтӕ бантыстаид, республикӕйы бюджет дӕр бӕллиццагдӕр уыдаид, санатори «Тиб» дӕр кӕронмӕ арӕзт ӕрцыдаид.
Мӕнмӕ, куыд арӕзтады директор, афтӕ фӕдзырдтой республикӕйы Министрты Советмӕ ӕмӕ мын Сӕрдары фыццаг хӕдивӕг загъта: «Абонӕй фӕстӕмӕ Хъӕдохы-фыртӕн нал уисӕн кӕныс, фӕлӕ мӕнӕн, Министрты Советы фыццаг хӕдивӕгӕн». Санаторийы арӕзтад кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕй мын зӕрдӕ бавӕрдтой, кӕй радих кӕндзысты ӕхцайы фӕрӕзтӕ, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ хъуыды дӕр нал ӕркодтой. Кусӕг адӕм уый куы бамбӕрстой, уӕд ацыдысты сӕ куыстӕй. Дзӕбӕхгӕнӕн корпус ӕмӕ ма сыгъдӕггӕнӕн бынӕттӕ арӕзт куы фӕуыдаиккам, уӕд сын уыдис эксплуатацимӕ раттӕн ӕмӕ санатори йӕ куыст кодтаид.
Ӕз куы бамбӕрстон, Хицауад арӕзтадӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ раттынвӕнд нӕ кӕны, уый, уӕд рудзгуытыл сӕвӕрдтам ӕфсӕйнаг решеткӕтӕ, дуӕрттыл гуыдыртӕ. Рӕстӕг цыд, фӕлӕ арӕзтад хъуыдыгӕнӕг нӕ уыд нӕдӕр Алагиры районы, нӕдӕр республикӕйы Хицауадӕй. Цӕугӕ дӕр ӕм никуы бакодтой. Сӕ цӕрӕнбон бирӕ уӕд Гайты Зӕрӕбег ӕмӕ Кучиты Хъауырбегӕн. Уыдон, Тибы хъӕуы цӕрджытӕ, хъахъхъӕдтой арӕзтад, мызд дӕр сын нал фыстон, афтӕмӕй. Тынг мӕм фӕкастысты уыцы дыууӕ лӕджы.
Афӕдзӕй фылдӕр рацыд, куы нал куыстам арӕзтадыл, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Ӕз ныффыстон писмо республикӕйы Хицауадмӕ, цӕмӕй рахӕссой исты уынаффӕ Тибы санаторийы арӕзтады тыххӕй. 1997 азы фӕзынд Агропромы бардзырд: «Ликвидировать организацию строящегося санаторного комплекса «Тиб» и передать объект комиссионно в Агропром республики».Къамисы сӕрдар уыдис Агропромы сӕрдары хӕдивӕг арӕзтадон хъуыддӕгты. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр уыдтӕн къамисы уӕнг. Корпустӕй иуы дуӕрттӕ куы бакодтам, ӕмӕ къамисы уӕнгтӕ куы федтой, мидӕгӕй куыд цӕттӕ у, уый, уӕд дис кодтой, афтӕ хорз ӕй кӕй бахъахъхъӕдтам, ууыл. Къамис акт сарӕзта арӕзтады уавӕры тыххӕй ӕмӕ санаторийы арӕзтад лӕвӕрд ӕрцыд Агропроммӕ… Дарддӕр та, уӕхӕдӕг ӕй уынут, цы уавӕрмӕ ӕрцыд, уый..
Тибы санаторийы арӕзтад кӕронмӕ арӕзт куы фӕуыдаид, уӕд абон ӕнӕхъӕн Уӕрӕсейӕ дӕр уырдӕм цӕуиккой сӕ фӕллад уадзынмӕ.
Кӕронбӕттӕны ӕз афтӕ зӕгъын: Хъӕдохты Аркади цы заводтӕ ӕмӕ цехтӕ сарӕзта Ирыстоны, уыдон ныртӕккӕ сты иугай адӕймӕгты къухты ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцаумӕ кувӕгау кувынц Аркадимӕ, ахӕм фӕллӕйттӕ сын кӕй ныууагъта, уый тыххӕй.
Хъӕдохты Аркади ӕмӕ Тедеты Павелимӕ иумӕ цы азты бакуыстон, уыдон уыдысты мӕ цардархайды ӕппӕты ӕндыгъддӕр ӕмӕ амондджындӕр азтӕ. Иуыл дӕр дзы фӕсмон нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм хорз лӕгтимӕ кусынӕй райгонд уыдтӕн.
ГӔЛӔБУТЫ Мухарбег, Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг, газет «Рӕстдзинад»-ы иузӕрдион хӕлар