Хӕрзаудӕн акцийы архайджытӕн — паддзахадон хӕрзиуджытӕ

0
420

Цӕгат Ирыстоны радон хатт ӕххӕстгонд ӕрцыд хӕрзаудӕн акци «Операция Улыбка». Акцийы цы зындгонд уӕрӕсейаг дохтыртӕ архайдтой, уыдон ивгъуыд къуырийы дӕргъы куыстой Сывӕллӕтты республикон клиникон рынчындоны. Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службӕ.

Зындгонд хирург Хасан Баиевы разамындӕй дохтыртӕ кӕй ӕнӕниздзинады уавӕрмӕ ӕркастысты, уыцы сывӕллӕттӕй уал ныридӕгӕн хъӕугӕ операцитӕ скодтой 50 адӕймагӕн.

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы амынддзинадмӕ гӕсгӕ, республикӕйы уазджытимӕ фембӕлд ӕмӕ сын сӕ хӕрзаудӕн архайды тыххӕй арфӕ ракодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы размонӕг Челӕхсаты Рустем. Уый «Операция Улыбка»- йы архайджытӕн радта республикӕйы паддзахадон хӕрзиуджытӕ.

Уыцы цауы фӕдыл кадджын ӕмбырд уыд Уырыссаг академион Евгений Вахтанговы номыл театры. — Дохтыр Хасан Баиевы ном нӕ республикӕйы цӕрджытӕн хорз зындгонд у. Уый арӕх ссӕуы хӕрзаудӕн балцыты Цӕгат Ирыстонмӕ ӕмӕ йын алкӕддӕр йе ссыдмӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц рынчын сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ. Ӕмӕ та ивгъуыд къуыри Хасан Баиев ӕмӕ иннӕ дӕсны специалисттӕ зӕрдиаг лӕггад бакодтой ирыстойнаг сабитӕн, — йӕ арфӕйы ныхасы фӕбӕрӕг кодта Челӕхсаты Рустем.

Сывӕллӕтты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады хъуыддагмӕ стыр бавӕрӕны тыххӕй РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Указӕй горӕт Грознайы Сывӕллӕтты клиникон рынчындоны хирург Хасан Баиевӕн саккаг кодтой майдан «Ирыстоны Намысӕн».

Акцийы иннӕ архайджытӕн радтой РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Арфӕйы фыстӕджытӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Кады грамотӕтӕ. Акцийы архайӕг дохтырты кадӕн концерты архайдтой ансамбльтӕ «Маленький джигит», «Сила звука», ӕндӕр сфӕлдыстадон коллективтӕ, П. Чайковскийы номыл Сывӕллӕтты музыкалон скъолайы ахуырдзаутӕ, ӕрыгон зарӕггӕнджытӕ Сланты Тимур ӕмӕ Сланты Зӕлинӕ.

 Нӕ уацхӕссӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here