Тох — ихуарӕнты ныхмӕ

0
553

Уӕрӕсейы Федерацийы ихӕй ӕппӕты тӕссагдӕр регион у Цӕгат Кавказ. Статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Краснодары ӕмӕ Стъараполы крайты, Кӕсӕг-Балхъары, Хъӕрӕсе-Черкесты, Цӕгат Ирыстон-Аланийы ӕрвылаз ихуарынтӕй фесӕфы тыллӕджы 5-7 проценты, хицӕн азты та хъыгдард баййафы суанг йӕ 15 проценты дӕр.

«Ивгъуыд аз нӕ республикӕйы ихуарӕнты ныхмӕ мадзӕлттӕ кӕныны хӕрдзтӕ рауадысты 7,5 милуан сомы, сӕ экономикон пайда та у 168,0 милуан сомы. Мах хъӕууонхӕдзарадон хуымтӕ бахъахъхъӕдтам 200 мин гектары фӕзуаты. Фӕлӕ абон нӕ размӕ ахсджиаг хӕс у ихуарынтӕй цы территори хъахъхъӕнӕм, уый фӕзуат 260 мин гектары онг фӕфылдӕр кӕнын, Мӕздӕджы район дӕр хъахъхъӕнын райдайгӕйӕ», — фӕбӕрӕг кодта Цӕгат Ирыстоны аграрон ведомствойы зайӕгойты хайады хицау Хъараты Вадим.

Уавӕр афтӕ у, ӕмӕ ихӕй тӕссаг рӕстӕджы дӕргъвӕтиндзинад Цӕгаткавказаг зылды 5-6 мӕйӕ фылдӕр нӕ ахӕссы. Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы иу къорд районы кӕд раздӕр ихуарынтӕ уыдис стӕм фӕзынд, уӕд ныр уыдоны ӕмвӕзад зынгӕ сырӕзт, ӕмӕ сӕ аххосӕй хъӕууонхӕдзарадон культуртӕ фесӕфынц, инфраструктурӕйы объекттӕ та хъыгдард баййафынц.

Хъӕууонхӕдзарадон культурты хуымты ихуарынтӕй хъахъхъӕны «Росгидромет»-ы специализацигонд организаци. Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы территорийы та ихуарӕнты ныхмӕ куыстытӕ ӕрвылаз кӕны Федералон паддзахадон бюджетон кусӕндон «Северо- Кавказская военизированная служба по активному воздействию на метеорологические и другие геофизические процессы — Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Хъӕууон хӕдзарады министрадимӕ цы бадзырд сарӕзта, уый фӕлгӕты, ӕдӕппӕт 200 мин гектары фӕзуаты.

Нӕ ныхас куы фӕбӕлвырддӕр кӕнӕм, уӕд республикӕйы территорийы хъӕууонхӕдзарадон культурты хуымтӕ хъахъхъӕнынц ракетӕтӕй 15 ӕхсӕн пункты, ӕмӕ уыдон та фаг не сты республикӕйы ӕппӕт территорийыл цы хуымтӕ ис, уыдон ихуарынтӕй ӕххӕстӕй ӕрӕхгӕнынӕн.

Уавӕр афтӕ у, ӕмӕ уадзӕн хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ ихы ныхмӕ куыстытӕ иу ракетон пунктӕй кӕнӕн ис 8 километрӕй 13 километры онг радиусы ӕмӕ уӕд хъахъ- хъӕд ӕрцӕуынц 10 мин гектарӕй 26 мин гектары онг. Хъыгагӕн, ивгъуыд азӕй нӕ республикӕйы Хъӕууон хӕдзарады ӕмӕ хойраджы министрад стыр фӕрӕзтӕ фӕхӕсджын, фӕлӕ йӕ разамонӕг Уазиты Хъазыбе- джы хъӕддых архайды руаджы ӕрӕджы ӕппӕт хӕрдзты аргъ дӕр фыст ӕрцыд. Уымӕй уӕлдай нӕм РЦИ-Аланийы Хицауады ӕххуысӕй абоны онг ихы ныхмӕ ӕхсӕн фӕстауӕрц ис 500 ракетӕйӕ фылдӕр, ӕмӕ фаг уыдзысты хъӕууонхӕдзарадон хуымтӕ ихуарынтӕй ӕрӕхгӕнынӕн нӕ республикӕйы территорийы», — загъта «Росгидромет»-ы цӕгатирыстойнаг ӕфсӕддон хайы командир Дзапарты Олег.

ГАДЖИТЫ Айнӕ, РЦИ-Аланийы Хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министрады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here