Рейхстаджы къулыл баззади йæ къухфыст

0
715

Алы аз дæр Уæлахизы бон куы æрхæстæг вæййы, уæд зæрдыл æрлæууынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цæхæры чи бахсыст, уыдоны нæмттæ.

Цал æмæ цал ныййарæджы нал федтой сæ уарзон хъæбулты. Уæдæ тохы быдырæй чи сыздæхт, уыдонæй та уæззау цæфтæ æмæ уæнгцухтæ цас уыдис.

Ахæм стыр аргъ бафыстой нæ бæстæйы адæмтæ Уæлахизы бонæн. Уымæн нын зынаргъ у абон дæр.

Хæсты быдыры уæлахиз аразгæ у алы хæстонæй дæр. Фистæгæфсæддон, танкист, артиллерист, тæхæг, денджызон, сгарæг, дохтыр, бастдзинад аразæг… Уыдон иууылдæр сæ разамонæг афицертæ æмæ инæлæрттимæ иумæ цас æмзонддæр, æрхъуыдыджындæр æмæ сæрæндæр уой, уымæй аразгæ у сæ иумæйаг уæлахиз алы тохы дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, тохы цæхæры минæ, сармадзаны кæнæ топпы нæмыг, бомбæйы схъис æвзаргæ никæй кæнынц. Тохы бацæуджытæй алкæмæн дæр йæ цард æрдуйыл фæхæцы. Уыдæттæ зонгæйæ, мах алы хæстонæн дæр хъуамæ стыр аргъ кæнæм. Рæстæг цæуы æмæ йæхиуæттæ кæны. Абон ма хæрзчысыл баззад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æфсæддонтæй. Хъыгагæн, сæ цæргæйæ нæ къухы нæ бафтыд сæ хæстон фæндæгты хабæрттæ сын базонын. Уымæн æмæ уыдонæн сæ фылдæр уыдысты уæздан, фырнымд лæгтæ æмæ сæхи кой кæнын æфсæрмы кодтой.

Хæстæй куы сыздæхтысты, уæд суанг инвалидтæ дæр æнæ кусгæйæ иу бон дæр нæ фæбадтысты. Хъазуатонæй куыстой быдырты, заводты, скъолаты æмæ æндæр рæтты. Уыимæ, сæхицæн уæлдай лæвæрттæ никуы домдтой.

Ахæм уæздан æмæ адæмимæ æнгом цæрæгæй зыдтой Хъараты Ципкайы фырт Æхсарбеджы дæр, куыд йæ райгуырæн хъæу Олгинскæйы, афтæ, кæмдæриддæр царди æмæ куыста, уыцы рæтты дæр. Бирæтæ- иу зонгæ дæр нæ кодтой, Æхсарбег цы уæззау хæстон фæндæгтыл фæцыд, цы стыр æмæ тæссаг тохты архайдта æмæ йын йæ командиртæ цы аргъ кодтой, уый.

Æхсарбег хæстмæ ацыд 16-аздзыдæй. 1942 азы гермайнаг æфсæдтæ Мæздæгмæ хæстæг куы æрбабырстой, уæд Æхсарбег йе ‘мкъласон лæппутæ Хадыхъаты Хазби æмæ Дзангуыбегкаты Дзамболатимæ сусæгæй уырдæм атындзыдтой. Кæд не ‘фсад зын уавæры уыди, уæддæр командиртæ æвзонг бархионты тохы цæхæрмæ нæ баппæрстой, фæлæ сæ æвæстиатæй арвыстой фæсчъылдыммæ, æфсæддон скъоламæ. Æхсарбег æмæ йе ‘мбæлттæ цалдæр мæйы ахуыр кодтой бастдзинады дæсныйадыл. Уый фæстæ æрвыст æрцыдысты хæцæг æфсадмæ алы рæттæм.

Æхсарбегæн йæ хæстон фæндаг райдыдта Ленинграды фронты 1942 азы. Уый фæстæ хæцыд Волховы, Балтийы дыккаг æмæ æртыккаг фронтты æмæ фыццæгæм Белорусаг фронты. Ацы фронты уыдис суанг Берлин байсыныл тохы онг.

Хæстон адæм хорз зонынц, уыцы рæстæг хæсты быдыры телефонæй бастдзинадæн цы стыр ахадындзинад уыдис, уый. Тохы рæстæг телефонтæ цæмæй æнæкъуылымпыйæ куыстаиккой, уый аразгæ уыди бастдзинады хæйтты æфсæддонтæй. Сæ хъæбатырдзинадæн æвдисæн сты, Хъарай-фырты паддзахадон хæрзиуæгæй схорзæхджын кæнынмæ йæ командиртæ цы курдиæттæ фыстой, уыдон. Сæ иу сын æрхæсдзыстæм æнæ тæлмацæй: «Караев Ахсарбек Ципкаевич, младший сержант, линейный надсмотрщик 62 отдельного батальона связи. Национальность — осетин, член ВЛКСМ. Представляется к правительственной награде «Орден Славы III степени»

Мужественный, бесстрашный воин и опытный командир отделения. В боях берлинской операции своим личным примером вдохновляет и увлекает бойцов на быстрое и четкое выполнение боевых заданий.

Обслуживая участок от НП 7-го стрелкового корпуса до НП 364 стрелковой дивизии, он под пулеметно- снайперским огнем врага, рискуя жизнью, бесстрашно работал на линии, устраняя одно повреждение за другим. Только за 26.04.1945 года им под огнем врага было устранено 17 повреждений на линии. Работая быстро и умело, он не допускает перерыва связи более 5-7 минут. При настройке линии связи с НП 364 с.д. его отделение было остановлено снайперским огнем из горящего дома. Ползком передвигаясь среди развалин, он приблизился к горящему дому, выследил немецкого снайпера и метким выстрелом уничтожил его. Путь был расчищен. Отделение по его команде поднялось и выполнило боевую задачу в установленный срок. За образцовое выполнение боевых заданий, умелое командование отделением и проявленное мужество и бесстрашие, достоин правительственной награды — “Ордена Славы III степени».

Ахæм карз тохты Æхсарбег лæгдзинад иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыста. Йæ хъæбатырдзинад æмæ йæ дæсны архайды тыххæй йын командиртæ кодтой стыр аргъ. “Орден Славы III степени»-йæ уæлдай ма Хъарайы-фырт хорзæхджын уыди майдантæ «За боевые заслуги», «За отвагу», «За взятие Берлина», «За победу над Германией», «За освобождение Варшавы»-йæ.

1945 азы апрель æмæ майы Æхсарбег уыди, Берлин байсыныл цы æфсæдтæ тох кодтой, уыдонимæ. Советон æфсæддонтæ фашистон Германы хицауады хæдзар рейхстаг куы байстой, уæд Æхсарбег æмæ йе ‘мбæлттæ уыдысты фыццæгтимæ. Рейхстаджы къултыл йæ къухфыст чи ныууагъта, уыдонæй иу уыди Хъараты Ципкайы фырт Æхсарбег дæр. Уæд Хъараты сахъгуырдыл цыди ссæдзæм аз. Уæлахизы фæстæ Æхсарбеджы, куыд хъæугæ специалисты, службæ кæнынмæ ныууагътой Берлины, уый фæстæ та æрвыст æрцыд Мæскуымæ. 1946 азы 9 майы Хъараты саджы фисынтыл амад сахъгуырд Мæскуыйы Сырх фæзы фидар къахдзæфтæй цыди Уæлахизы парады.

Æхсарбег ма уый фæстæ службæйы баззад суанг 1950 азмæ. Службæйы рæстæг сахуыр кодта аразæджы дæсныйадыл æмæ 1950 азы фæстæмæ куы сыздæхт, уæд æнæкъуылымпыйæ кусын райдыдта адæмон хæдзарады алы къабæзты. Куыста аразæгæй Грознайы, уый фæстæ асфальтæвæрæгæй Хъызлары. Фæстæдæр сыздæхт Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта Беслæны фæндæгтæ аразæг управленийы. 1985 азы пенсимæ куы рацыд, уæддæр æгуыстæй бадын нæ бафæрæзта æмæ ма дыууадæс азы фæкуыста Олгинскæйы æхсырытоварон комплексы операторæй.

Æхсарбег кæмдæриддæр куыста, уым йæ хæстæ æххæст кодта лæмбынæг æмæ стыр бæрнонæй. Хæсты быдыры куыд бæрнон уыд, куысты дæр ахæмæй баззад. Æгъдауджын æмæ куыстуарзаг Хъарайы-фырт кæмдæриддæр куыста, уым йæ ном баззад, куыд фæзминаг, уæздан æмæ дзуапджын ирон лæгæн. Æхсарбег 1952 азы бахæстæг кодта йæ хъæуккаг Азнауырты мыггагимæ. Йæ бинойнаг Любæ куыста Олгинскæйы скъолайы ахуыргæнæгæй. 1953 азы сын Хуыцау балæвар кодта чызг Мæдинæйы. Уый йæ фыды мысгæйæ зæгъы: «Мæхицæй амондджындæр никæй хуыдтон, ахæм фыд мын кæй уыд, уый тыххæй. Æз æй уыдтон, куыд бирæ мæ уарзы, уый. Мæнæ йын цыма лæппу уыдтæн, афтæ мæ алцæуылты ахуыр кодта. Чызджы куклатæй уæлдай-иу мын лæппуйы хъазæнтæ дæр балхæдта. Уыцы рæстæг, æвæццæгæн, мæнæй уæлдай велосипед никæмæ уыди нæ алыварс. Фæстæдæр та æмбарын куы райдыдтон, адæм мæ фыдæн цы аргъ кæнынц, уый, уæд ма мæхицæй буцдæр чи уыди!”

Æхсар уыди æхсæз æфсымæры хистæр æмæ йæ кæстæртæн уыди фæзминаг. Сæ фыд Ципка цардæй куы ахицæн, уæд Æхсарбег йæ æфсымæртæн ссис сæ иугæнæг. Йе ‘фсымæр Ирбег уый тыххæй зæгъы: «Мах хæрз сывæллæттæ уыдыстæм, Æхсарбег хæстмæ куы ацыд, уæд. Æз хорз хъуыды кæнын, мæ мад-иу куыд мæт кодта, куыд куывта Хуыцау æмæ зæдтæм, цæмæй йæ хъæбул сææгасæй сыздæха. Æвæццæгæн, Хуыцау нæ мад æмæ нæ фыды зæрдиаг куывдтытæ фехъуыста, æмæ Æхсарбег æгас хæдзар ссардта. Не ‘фсымæр йæ хæстон хабæрттæ арæх нæ кодта, фæлæ-иу æй куы нал уагътам, уæд диссагæн дзырдта, цы уавæртæй-иу раирвæзт æгасæй, уыдоны тыххæй. Уыдæттæ дзургæйæ, йæхицæй никуы раппæлыд, фæлæ-иу хъыг кодта, йæ хорз æмбæлттæй чи фæмард, уыдоныл. Æхсарбег хæстæй куы сыздæхт, уæд ма махæй амондджындæр чи уыди! Нæ фыд цардæй куы ахицæн, уæд нын æй, афтæ зæгъæн ис, æмæ Æхсарбег баивта. Йæ алы ныхас дæр махæн не ‘ппæтæн дæр уыд уарзон фыды амындау. Махæй уæлдай ма нæ цот æмæ цоты цотæн дæр уыди ныфсы цæджындз, нæ зондамонæг хистæр.

Æхсарбегæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы бон уыди йæ уарзондæр бæрæгбон, æмæ кæд ныр 16 азы махимæ нал ис, уæддæр уыцы бон махæн раздæрау у æмæ уыдзæн нæ уарзон хистæр æфсымæр æмæ йæ хæстон æмбæлтты бæрæгбон».

Хъæбатыр хæстон, бинонты æгъдауджын хистæр, мыггаг æмæ хъæубæсты уарзон адæймаг. Ахæм уыд Уæлахизы салдæттæй иу — Хъараты Ципкайы фырт Æхсарбег.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here