Историон цау

0
491

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав йæ хъуыдытæ загъта, Сириаг Араббаг Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый тыххæй. «Ацы ахсджиаг цау æвдисы, æрыгон республикæйы паддзахаддзинад фидар кæй кæны, йæ бон дунейы бæстæтимæ хъуыддаджы ныхас æмæ бастдзинæдтæ кæнын кæй у, уый. Æхсызгон мын у ацы хабар æмæ уый фæдыл бузныг зæгъын Сирийы разамындæн, æппæт сириаг адæмæн нæ хуссайраг æфсымæрты паддзахаддзинадмæ ахæм цæстæй кæй акастысты, уый тыххæй. Мæ зæрдæ дарын, ацы историон цауы фæрцы дыууæ бæстæйы ‘хсæн пайдайаг политикон, экономикон, культурон бастдзинæдтæ кæй бацайдагъ уыдзысты, гуманитарон æмгуыстад йæ тыхы кæй бацæудзæн, ууыл», — загъта Битарты Вячеслав.

Знон Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сайты фæзынд Сириаг Араббаг Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн дипломатон ахастдзинæдтæ сфидар кæныны тыххæй коммюнике.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here