Заводы æнæлаз архайдæн

0
814

Цæгат Ирыстоны промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек БУТОВ архайдта Дзæуджыхъæумæ гом акционерон æхсæнад «Вагæттæ цалцæггæнæн завод»-ы куыст рабæрæг кæнынмæ æрбацæуæг Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы кусæг къорды æмбырды.

Æмбырды архайджытæ сæйраг æргом аздæхтой ацы аз заводæн куыст раттыны фарстамæ.

— Заводмæ ис ацы азы июлы онг вагæттæ, афæдзы кæронмæ та — цæлхытæ цалцæг кæныны фæдыл заказтæ. Фæлæ нæ хæрдзтæ не ‘фтиæгтæй фылдæр цæмæй ма уой, уый тыххæй нæм фаг заказтæ нæй. Ныртæккæ заказтæ парахатæй агурæм. Нæ завод сæйраг заказгæнджытæй дард ран кæй ис, уый аххосæй рауайынц стыр транспортон хæрдзтæ. Ацы æууæлы фыдæй заказтæ исыны рæстæг зындзинæдтæ сæвзæрынц, — загъта куыстуаты генералон директор Беккуызарты Витали. Уазджытæ заводы куыстадон цехтæ бабæрæг кодтой.

— Вагæттæ цалцæг кæнынæн куыстуаты ис дæсны специалисттæ æмæ фаг ифтонггæрзтæ, фæлæ завод цыфæндыйæдæр заказ хъуаг у. Завод сæхгæныныл ныхас нæ цæуы, фæлæ куыстуатмæ фаг заказтæ нæй. Заводмæ æрбацæуæг кусæг къорды хæс у куыстуаты рæзты фадæттыл бакусын, нæ ведомство та цæттæ у сæвзæрæг фарстатæ алыг кæныны хъуыддаджы баххуыс кæнынмæ, — загъта министр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here