Нæ Иры зæххыл, æвæццæгæн, иу ахæм бинонтæ дæр нæй æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цæхæры йæ къабаз, йæ хион кæмæн нæ бацарæфтыд.
Алы аз дæр, 22 июны Æппæтуæрæсеон «Мысæн æмæ фыдохы бон» куыд æппæт бæстæйы, афтæ Ирыстоны дæр мингай адæймæгтæ хъыгзæрдæйæ фæмысынц сæ æдзард хæстон хиуæтты, хæстæджыты, æмхъæуккæгты.
Зæрдæагайгæ рауад ацы аз Нартыхъæуы «Мысæн æмæ фыдохы бон». Хъæуы астæу сæ æдзард хæстонтæн цы номарæн цыртдзæвæн сæвæрдтой, уырдæм æрбацыдысты хъæуы цæрджытæ, стырæй, чысылæй. Дзæуджыхъæуæй ардæм æрцыдысты кадджын уазджытæ: Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Гулуты Хизир, нæ республикæйы Хæсты æмæ æфсады ветеранты советы сæрдары хæдивæг, Афганистаны хæсты ветеран Леонид Зенков, нæ республикæйы десантон æфсæдты ветеранты советы сæрдар Золойты Игорь, Дунеон сабырдзинады фонды цæгатирыстойнаг хайады сæрдар Виктор Беляев йæ æрыгон бархионтимæ, Æппæтуæрæсеон скъоладзауты змæлды цæгатирыстойнаг хайады сæрдар Мæргъиты Жаннæ йæ хъомылгæнинæгтимæ. Нартыхъæумæ æрцыдысты нæ республикæйы зындгонд зарæггæнджытæ , РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Дзахойты Зæлинæ, Баскаты Зæлинæ æмæ Дулаты Земфирæ.
Нартыхъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ цы 500 хæстоны ацыд, уыдонæй фæстæмæ нал сыздæхт 308 адæймаджы. Æрмæст Дулаты мыггагæй 35 хæстоны нал ссардтой сæ уæзæг. Уыдонæй уыдысты Дулаты Хъырымы дыууæ фырты Астемыр æмæ Дзантемыр дæр. Æдзард хæстонтæн бирæтæн, сæ уæлмæрд кæм ис, уый абон дæр бæрæг нæма у. Афтæ рауад Астемыр æмæ Дзантемыры хъысмæт дæр. Æмæ æрæджы сæ хойы чызг Фидараты Златæйæн бантыст, Дзантемыр кæм ныгæд ис, уый базонын. Куыд рабæрæг, афтæмæй Дзантемыр фæмард 1943 азы 20 январы, Сталинграды цы тугкалæн хæст цыди, уым. Ныгæд æрцыд æфсымæрон уæлмæрды.
Волгограды бархионты змæлды уæнгты æххуысæй æфсымæрон ингæнæй Дзæуджыхъæумæ сластæуыд сыджыт æмæ ныр уыцы сыджыт сæмбæлд хъæбатыр хæстоны райгуырæн зæххыл. Сыджыт Нартыхъæуы æдзард хæстонты иумæйаг цыртдзæвæныл сæмбæлыны мадзал райдыдта иу минут æдзæмæй алæууынæй. Амонæг, нæ республикæйы сгуыхт артисткæ æмæ режиссер Пагæты Фатимæ радзырдта Дулаты хъæбатыр хæстонты царды хабæрттæ.
Дзантемыр, йæ æфсымæртæ æмæ хотимæ сидзæрæй баззадысты 1930 азты. Æфсымæртæй абонмæ ничи фæцард. Абон ма Дулаты Хъырымы бирæ цотæй цæры йæ чызг Меретхан. Уымæн Хуыцау балæвар кодта хорз бинонтæ. Ис ын фондз хъæбулы, кæцытæн сæхицæн ныр ис цот æмæ цоты цот. Меретхан йæхи къухтæй байзæрста, сталинградаг армыдзаг сыджыт йæ уарзон æфсымæрты нæмттæ кæм фыст сты, уыцы цыртдзæвæны цур.
Ацы зæрдылдарæн æмбырдмæ цы æрыгон фæсивæд æрбацыд, уыдонæн сæ зæрдиаг ныхæстæ загътой, Гулуты Хизир, Леонид Зенков, Золойты Игорь, Виктор Беляев, Мæргъиты Жаннæ. Фæсивæд сæхæдæг дæр ардæм æрбацыдысты цæттæйæ. Кæрæдзи ивгæйæ дзырдтой хæсты тыххæй фыст æмдзæвгæтæ. Зæрдæагайгæ акодтой хæстон цаутимæ баст зарджытæ Баскаты Зæлинæ, Дулаты Земфирæ æмæ Дзахойты Зæлинæ.
Леонид Зенков æмæ Золойты Игорь зæрдиаг арфæ ракодтой Нартыхъæуы цæрджытæн, хъæуы сæргълæууæг Колыты Алыксандрæн, скъоладзаутæ æмæ сæ ахуыргæнджытæн нæ бæстæйы сæраппонд йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцы æфсæддонты нæмттæ кæй нæ рох кæнынц æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй хъахъхъæнынц, уый тыххæй. Уæлдай арфæтæ ракодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн.
Ацы зæрдылдаргæ æмбырдмæ æрбацыд, чи йæ бацæттæ кодта, æмæ уæлдайдæр та йе ‘фсымæры ингæны сыджыт Ирыстонмæ кæй фæрцы сæмбæлд, уыдонæн зæрдиаг арфæ ракодта Дулаты Меретхан: «Стыр бузныг уын уæ лæггадæй. Цал æмæ цал азы нæ зыдтам, нæ уарзон æфсымæрты ингæнтæ кæм сты, уый. Цас цæссыгтæ фæкалдтам, уыдоны уындмæ бæлгæйæ. Хуыцау зæгъæд, æмæ мах фæлтæр цытæ бавзæрста, ахæм бæллæхтæ нæ бæстæйыл, нæ Ирыстоныл макуыуал æрцæуæд. Мæ æдзард æфсымæртæ та уыл цардаудæн кæнæнт!»
БАСКАТЫ Уырызмæг Къам систа ФИДАРАТЫ Златæ