Куыд цæрыс, Хохы Дæргъæвс?

0
634

 

Æниу цымæ, кæй фæрсын Хохы Дæргъæвсы цардæй? Ам цы бинонты нæ зонын, цы хæдзары дуарæй нæ бахызтæн фынддæс æмæ ссæдз азы дæргъы, ахæм дзы куы нал баззад! Стæй, раст куы зæгъон, уæд æз ацы дзæнæты бынат мæ «дыккаг цæгат» хонын рагæй дæр. Амы уæздан, хиуылхæст, уазæгуарзаг адæмæй æз тынг бирæ хæрзтæ зонын, нæ сæ рох кæнын…

Уæдæ абон та куыд сты мæ бирæ, хæлар æмæ рагæй зонгæ дæргъæвсæгтæ?.. Ацы хъуыдытимæ сæ æрæджы бабæрæг кодтон. Фембæлдтæн дзы клубы директор Дзуццаты Розæ, скъолайы директор Байаты Светланæ, постхæссæг Гæбæраты-Цырыхаты Ленæ æмæ хъæубæсты куырыхон хистæр сылгоймаг, дуканигæс, поэт — Бæдтиаты-Уыртаты Ирæимæ.

Абон хъæуы бынæттон администрацийæн разамынд дæтты Бæдтиаты Майрæм. Амбулаторийы бирæ азты дæргъы адæмæн лæггад кæны Сасиаты Азæ. Уæдæ йæ сæры хицау — поэт, журналист, Дæргъæвсы кадджын хистæртæй иу Сасиаты Ислам (Гост) йæ райгуырæн хъæуæн дæтты йе ‘ппæт хъарутæ, зонындзинæдтæ æмæ йæ уды хъарм. Бирæ рæстæг фæкуыста хъæуы хицауæй. Ныр та цæстыгагуыйау хъахъхъæны комбæсты истори, лæггад кæны, «Дæргъæвсы зæппадзтæм» алы рæттæй цы бирæ адæм ивылы, уыдонæн. Саразы сын мидисджын экскурситæ. Ислам, карджын уæвгæйæ, нæ зивæг кæны æххуыс кæнынмæ клубы кусджытæн, скъолайæн, æрыгон хъæуы хицауæн.

Хъæуы библиотекæйы бирæ азты дæргъы фæкуыста Гæбæраты-Хæдзарæгаты Риммæ. Абон æй ацы арфæйаг куысты раивта йæ кæстæр чындз Хатунæ, Гæбæраты Ацæмæзы бинойнаг. Бæдтиаты-Колыты Ленæ у бастдзинады хайады хицау. Æнæзивæг, æнæзæрдæхудтæй лæггад кæны адæмæн йе ‘мкусæг Гæбæраты-Цырыхаты Ленæимæ.

Хæхбæсты, районæй дæрддзæф хъæуы, барадхъахъхъæнджыты куыст дæр куыд нæ хъæуы? Ацы ран йæхи иттæг рæвдз, æмбаргæйæ æвдисы æрыгон кусæг Сасиаты Феликс. Йæ фыд Валери бирæ бафыдæбон кодта турбазæ «Къæхтысæр»-ы.

Дæргъæвсы ныр цалдæр азы кусы дзулфыцæн. Зæрдиаг фæллой дзы кæны Сасиаты Беллæ. Хъæуы цæрджытæ бузныг сты сæ къæбæргæнæгæй, æрвылбон сын хъарм дзул кæй ис, уый тыххæй. Бахъуаджы сахат ам уæливыхтæ дæр акæнынц.

Дæргъæвсы клубы бирæ рæстæг хицауæй фæкуыста Майрæмыхъуаты Риммæ. Йæхæдæг фæндырæй дæр хорз цагъта. Фæлæ, æвæццæгæн, алцæмæн дæр ис йæхи афон. Риммæ абон у ацæргæ адæймаг, цæры горæт Дзæуджыхъæуы. Абон клуб цæхæртæ калы: дзыхъхъынног, сыгъдæг, рухс бæстыхай, ног цалцæггонд, йæ ахорæнтæ — аив, цæст рæвдауынц. Кусæнуæттæ — хæрзæфснайд, алы дзаума дæр — йæ бынаты, ис дзы алыхуызон музыкалон инструменттæ. Зæрдиагæй дзы архайынц фæсивæд алыхуызон сфæлдыстадон къордты. Фылдæр сты, раст зæгъгæйæ, скъоладзаутæ. Æмæ тынг разæнгардæй семæ кусы аивадон разамонæг, фæндырдзæгъдæг, зарæггæнæг Дойаты Разетæ. Æнтыстджын разамынд сын дæтты клубы директор Дзуццаты Розæ. Æмвæнд, æмзонд æмæ æмдых кæй сты, уымæ гæсгæ сæ къухы æфты бирæ æнтыстдзинæдтæ. Ацы аз сæм хорз ацыдысты Ног азы изæр, 8 Мартъийы, стæй 9 Майы бæрæгбæттæ. «Æнæмæлгæ полкъ» ацы аз фыццаг хатт рацыди Дæргъæвсы уынгты. Адæм рахастой се ‘дзард, хъæбатыр хæстонты къамтæ.

Æнæзæгъгæ нæй, клубæн материалон æххуыс чи кæны, уыдоны тыххæй. Кусджытæн мызд фиды Культурæйы министрад. Иудадзыг сæм йæ цæст дары Горæтгæрон районы культурæйы хайад дæр. Фæлæ ма вæййы æнæнхъæлæджы материалон хæрдзтæ дæр. Ацы хъуыддаджы фæдыл клубы директор стыр бузныг у Джимарайы цæрæг Уарзиаты Æхсары бинойнаг Ритæйæ, дзæуджыхъæуккаг Уарзиаты Раисæйæ. Ацы сылгоймæгтæ алцæмæй дæр сæ арм дарынц клубы куыстмæ. Стæй ацы хъæуы Бæдтиаты-Уыртаты Ирæйы къух цымæ кæмæ нæ баххæссыди?

Хъæуы скъолайы директор, фæзыхъæуккаг чындз — Дзебойты-Байаты Светланæ бирæ азты дæргъы разамынд дæтты йæ ахуыргæнджытæн. Фарастазон скъоламæ раздæр сывæллæттæ цыдысты Хъæни, Тменыхъæу, Хъæрмæдон, Ламардон, Джимара, Фæзыхъæу æмæ Дæргъæвсæн йæхицæй. Абон ма дзы ахуыр кæнынц Дæргъæвсы, Хъæрмæдоны, Ламардон æмæ Фæзыхъæуы цæрæг сывæллæттæ. Уымæн æмæ ацы комы æндæр скъола никуы ис.

Скъоладзаутæ зилынц хъæуы бæстастæу æдзард хæстонты æфсымæрон цыртмæ, номдзыд хæдахуыр инженер Баймæтаты Цыппуйы ингæнмæ. Цæхæртæ калынц, дидинджыты бынæй зынгæ дæр нæ кæнынц. Æмæ уыдоны чи разæнгард кæны? Ахуыргæнджытæ, уыдоныл та ауды æмæ сæ йæ «дæлбазыр» дары сæ директор!

Дæргъæвсæй бирæ зындгонд адæм рацыди: Токаты Алихан, Токаты Асæх, Хъантемыраты Алыбег æмæ иннæтæ. Тынг æхсызгон у, абон ацы комбæсты кад йæ цæрджытæ дæлæмæ кæй нæ уадзынц, уый.

ХЪАЙТЫХЪТЫ Риммæ, газеты æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here