ОРТАБАЙТЫ Сосланы фырт Тимофейæн

0
713

 

Нæ зынаргъ, нæ уарзон, куырыхон хистæр Ортабайты Тимофейæн арфæ кæнæм йæ райгуырæн боны фæдыл.

Нæ уарзон, нæ буц æмæ зондамонæг баба! Нæ зæрдæ дын зæгъы, фыццаджыдæр , æнæниздзинад , хъæлдзæг æмæ амондджынæй дæ сæдæ азы сæрты куыд акæсай, ахæм амонд дæ уæд Стыр Хуыцауæй. Уæнгтæрог æмæ цæстырухс у æнусмæ!

Махæн, дæ кæстæртæн, Хуыцауы сæйрагдæр лæвæрттæй иу ды дæ. Ахæм куырыхон, æгъдаухæссæг æмæ фæзминаг хистæр кæй хæдзары вæййы, уыцы хæдзар амондджын вæййы, бинонтæ та — уарзон!

Мах, кæстæр фæлтæр, цæргæбонты нæ сæртæ бæрзонд хæссæм æмæ хæсдзыстæм дæ кадджын номæй, никуы дæ фегад кæндзыстæм.

Нæ фæрнджын хистæр! Райсом у дæ райгуырæн боны 87 азы, æмæ дыл алы хатт дæр дæ райгуырæн бонтæ æнæнизæй, æнæмастæй æмæ хъæлдзæгæй цæуæнт! Бирæ азты ма нын дæ зондамонæн ныхæстæ, дæ фæлмæн мидбылхудт, дæ зараг хъæлæс нæ зæрдæтæ куыд рæвдауой, уыцы арфæ нын иунæг кадджын Хуыцау æмæ Ирыстоны дзуæрттæ балæвар кæнæнт!

Дæ уарзон бинонтæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here