…Суанг ма уæйыг лæг дæр куы ‘рсæйы, уæд æз, хуымæтæг цæрæгой кæй фæрынчын дæн, уым уадиссагæй цы ис?!
— Æвæццæгæн, дзурын базыдта, зæгъгæ, уæд бафæрсид сырдты уæздандæр æмæ цæвиттонтæн хæссинаг хæрзконд-ацæргæдæр ахæм нывтæ — фисынтыл карст æмæ амад саг.
Æрмæст-иу, бæргæ, айдагъ сæйгæ куы нæ ‘ркæнид, зондæй дæр æмæ хъаруйæ дæр домбай лæг. Уæлдайдæр уырнæг, Хуыцауыл фæдзæхст лæг, фæлæ ма фæдисон фыдбылыз æрцыды амæттаг дæр бавæййы…
Иуæй-иу дохтыр дын иунæг дæ низыхатты мæты дзæбæхгæнæгæй нæ бацæуы — уый ма дæ зæрдæбынæй фæфæрсы дæ уды хъæрзынтæй æмæ дæ зæрдæйы бæрæгбæттæй — мæнæ мæ зонгæ дохтыр-онколог Æлборты Сосланау. Гъемæ дын мыл айфыццаг алы ныхæстæ кæнгæйæ йæхи сау рысты кой дæр куы скæнид æмæ мæм куы ‘рхатид:
— Мæ хорз хæлар, дзыллæтæн — ирæй, уырысæй, алкæмæй! — уарзон адæймаг игумен Георгий, Бестауты Федоры фырт Вадим, ацы аз 23 майы фæндаггон фыдбылызы мæлæтдзаг цæфтæ фæцис æмæ… æмæ… — Æнæуи дæр уæзбын хъæлæсæй дзураг у Сослан. Фæлæ ныр та йæ хурхы уадындзтæ ахгæдтой, æмæ йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæнын нал сфæрæзта. Уæвгæ та æнцон рахатæн уыд йæ зæгъинаг. — О, æмæ йыл ды куы ныффыссис, уый мæ фæнды…
Хъæрзæгау арф ныууæлфыдтæн:
— Рухсаг уæд игумен… батюшка Георгий, ирон гуырд Вадим, фæлæ йæ, Сослан, мæ цæсты кæронæй дæр куы никуы федтон, ныронг æй йæ хæрзты коймæ дæр куы нæ зыдтон, уæд ыл… Былалгъæй йыл алы иударон ныхæстæ фæмысон, уый та мæ нæ фæнды — оцани кæны мæ зæрдæ йе ‘фсæрмæй хорз лæгæн — ды йæ цы схуыдтай, куыдæй æвдисыс, ууыл кæд æууæндын, уæддæр…
— Радзурдзынæн дын бæлвырдæй йæ диссаджы хабæрттæ, кинонывгæндтæ дæр дын баппардзынæн дæ дзыппыдаргæ телефонмæ — уæд дæм, чи зоны, æмæ мæ рыст дæр Вадимыл æмæ адæмы рыст дæр игумен Георгийыл бынтондæр бахъара…
Куы йæм байхъуыстон Сосланмæ, куы федтон уыцы клиптæ-киногæндтæ, уæд Бестауты лæппуйыл, ирон адæмæн номгæнæг лæг игумен Георгийыл — Мæскуыйы Аланты подворьейы, ома, динон бæстыхайы бæрнон цæстдарæггæсыл, — риссаг зæрдæ хион ахсджиагыл куыд рисса, афтæ срыст, бындзарæй схъæрзыдта. Æмæ та загътон мæхимидæг:
— Хуыцау нын саккаг кæны табуйаг адæймаджы, раст зæрдæ æмæ дауджыты’мсæр кæйдæр, фæлæ та йæ буцæй дарынмæ, уарзтæй рæвдауынмæ, аккаг кад ын кæнынмæ нæ фæцарæхсæм, нæ базонæм, æвæццæгæн, æмæ та нын нæ батайы æдзæстхиз хъысмæты тæрхонæй…
Мæгъа, мæгъа: мæ зонд кæройнаг куыд уа. Æндæр хуызты хъуыдытæн цæлхдур æмæ хурхбæттæн?…
Фаг хорз нæ, фаг бæллиццаг нæ иу дæр нæу нæдæр адæмы цæсты, нæдæр — уæлдайдæр! — Хуыцауы раз. О, фæлæ та уæддæр æмæ уæддæр бирæ цæмæйдæрты бафæзминаг лæгау лæджы куы базоныс стæмæй стæмдæр хатт, уæд та дæ удысконды рох базыртæ сæхи сцæгъдынц, схæцынц сæхиуыл уæлхур бæрзæндтæм стæхыны ныфсæвæрдæй; уæд та бар-æнæбары дæхи цауд бынаты æууæлтæ-бæрджытæ суыныс уыцы ирдæй, æмæ дæ зондахасты, дæ удрæвдауæнтæн сæ уæлæнгайы тыххæй карз тæрхоны бацæуыс. Æцæг ма уæд, уыцы уавæры, кæд ма ды фыдæлтыккон ирон æфсарм фæсмойнагæй сырх афæлдахын фæзоны, дæхи иунæг уды хæрзæбонæн уæд та ма!
Цалдæр аргъуаны йыл — сæйрагдæр та Сыгъдæг Троицкы лаврæйы — куыд зæрдиагæй хъыг кодтой, куыд ыл куыдтой уырыссаг сылгоймæгтæ судзгæ цæссыгæй, цы кадæфтауæг, лæджы ном цытджын æмæ кадджынгæнæг ныхæстæ кодтой дингæнæг лæгтæ игумен Георгийы тыххæй, уыдæттæм кæсгæйæ æмæ сæ уынгæйæ, цыфæнды къуырма зæрдæ дæр ныккæрздзæн. Ирон зæрдæ куы уа, уæд та сæрыстыр æмæ хъал уыдзæн ахæм æмбæстаг-æмзæххонæй, уый дæр ирон кæй у, уымæй.
Иу фарстæн мæм дзуапп кæй нæй, авд гуыдыры йыл æфтыд кæй ис, уый мæм иуæй æнæдиссаг нæ кæсы, иннæмæй та мæ миднымæры тыхсын дæр кæны — мæнæ ахæм æдзæмæй фарст: куыд, цæмæн æмæ йæ цы боны хорзæн бахъуыд Вадимы, цæмæй боныфæстагмæ йæ бон йæхицæй афтæ зæгъын уа, æз Хуыцауы агуырд лæг дзæгъæлы, уæгъды нæ уыдтæн, зæгъгæ, уымæн æмæ мæ ныфс ис, мæ цард, мæ архайд, мæ ныхасæй разыйæ кæй баззад, уымæй.
Стæй ма афтæ дæр фæрсын дунесконды, зæгъгæ, цы зæрдæйæ, цы цæсгомæй, цы лæджы ныфсæй бауæнды зæххон мæлинаг гуырд йæхи æмхалæмдих мæлинæгтæн æнусон рухсы цардæй зæрдæтæ æвæрын Иунæг Хуыцауы номæй? Æмæ уæд цæй фæрцы æмæ цæй руаджы свæййы йæ Дзырд æвдадзы хосгæнæг низæй хъæнджын æмæ уæззау æфхæрд адæмæн — суанг, дам ма-иу, игумен Георгийы зæрдæвæрæн табутæ-куывдтытæ онкологийæ рынчынтæн дæр се сдзæбæхæн фæахъаз сты!
Æмæ уый, ома, дзырдмондаг, кæйттæгæнæг устыты ныхæстæй не ‘рцыд мæ хъустыл, фæлæ мын афтæ лæгæй-лæгмæ ныхæстæ кæнгæйæ дзырдта Сослан.
Ахæм лæджы тыххæй фыдæлты хатдзæг махмæ дæр æрхæццæ: уый æмæ уый у Хуыцауы комытæфæй цæстуарзонæй хайджын! Чи нæ нæ фехъуыста ацы хъаст Хуыцауæй, исты фыдбылыз куы ‘рцæуа, науæд кæйдæр сæр судзаггаг зианæрцыд куы баййафы, уæд: «Кæдæм кæсы Хуыцау дæр, кæдæм?! Уæдæмæ, Хуыцау æцæг куы уаид, уæд… уæд…» Диныл уды арфæй æмæ зæрдæйы уæрæхæй хæст чи у, уыдон та ахæм зондыл хæст сты, æмæ, дам, Хуыцауы не ‘нæниздзинадимæ дæр æмæ нæ алы зæххон хъуыддæгтимæ дæр ницы мæт бæтты — ома, нæ рæстæгмæйы дыууæ боны цардимæ. Уый нæ йæ аудынæй, йæ хорзæгтæй æнусон цардмæ цæттæ кæны, мæлæт кæм нæй, уды ахæм цардмæ.
Комкоммæ йæ, Хуыцау кæй ис æцæгдзинадæй, уый уырныдта батюшкæ, фыдыхай Георгийы, æви цыдæр æбæрæг уæларвон тыхты архайд, сæ ахъаз, зæгъгæ, куы бафарстон Сосланы, уæд фидарæй загъта:
— Хуыцау йæхæдæг! Адæймаг, дам, йæхæдæг йæхимæ цас къаддæр ныууадзы адæймаджы суæлдай кæнинаг, аппаринаг, ферохгæнинаг миниуджытæ, цыфæнды зынæй дæр, цыфæнды æвгъау æм куы фæкæсынц, уæддæр, уыйас йæ уды æвæрæнтæ, нæ зæрдæйы къæбиц æмæ йæ зонды дæрдтыл авналæнтæ-гæнæнтæ Хуыцауы уагæй дзагæй-дзагдæр бавæййынц.
Æмæ йын уæд зæххон фæлварæнтæй, фыдæвзарæнтæ-бæллæхтæй басæттæн нал вæййы. Мæлæт дæр ын цыбырдым цардæн æрмæст йæ иу — æнæмæнгæй хъæугæ! — хай свæййы. Ноджы æнцонæй, зæрдæрухсæй бавзаринаг: йе ‘нусон бынат сыгъдæджытимæ кæй уыдзæн, уый йæ ‘нæцудгæ фидарæй фæуырны… Ноджы ма йæ фыдæбойнаг зæххон цардыл дæр фæсмойнаг нæ вæййы.
Æмæ уыцы хуызы дæр Вадим — Георгий уыд тæхудиаг: мæлæтæй тæрсын циу, уый нал зыдта…
Гуыргæ та ракодта Хуссар Ирыстоны Знауыры районы хъæу Дидмухайы 1961 азы 12 майы. Йæ фыд Федыр, йæ мад Соня, Цуциты чызг. Йæ дыууæ ‘фсымæр æмæ ма йын йæ дыууæ хойæ йæ зианыл зæрдæхæлдæй фæкуыдта йæ хо Заретæ. Йæ мадæй та сидзæрæй — æцæг сидзæр кæй хонæм, уымæй, — аззад астаздзыдæй.
Дæс къласы фæцис интернат-скъолайы. Æмæ дын æм уæд йæ хистæргонд æмбæлттæ горæт Красноярскæй куы сидиккой, ардæм, дам, рацу, хорз арæзтадон техникум дзы ис æмæ нæ уырны, фæлварæнтæ æнтыстджынæй кæй ратдзынæ, уый.
Ахуыр дæр скодта уым, æфсадæй йæм цы хæс хаудта, уый дæр бафыста танкты хайады, æрмæст æй йæхимæ уæларвон æлвæстæй æлвæста Йесо Чырыстийы дин, Хуыцауыл æнæ гуырысхойæ æууæнк. Æмæ фæцис семинари, æмæ уыд моладзан дæр, æмæ йын йæ бæрны — ирон æмæ æндæр уырнæг дзыллæты амондæн — бакодтой Алантæ… Æви: Алайнаг дины бæстыхай Мæскуыйы. Йæхицæн дæр, æмæ дзы йе ‘мтуг адæмæн дæр номгæнæгæй басгуыхт, диныл хæст лæгæн стыр кадгæнæгæй.
Нæртон гуырд уыдтæ — алырдæм дæр æй куы барай, уæд — Вадим, игумен Георгий, æмæ дын, цы дунейы дæ, уым Балсæджы Цалх, дæ сыгдзинадæй уæлæмæ, дæ фæндæгтæ сыгъдæггæнæг уæд! Рæстаудæн, цардаудæн кæн уырдыгæй дæр уæлæуон, сайæгой дунейыл…
ГУСАЛТЫ Барис














