«Мах дуг» мыхуыр кæны

0
857

Мыхуырæй рацыд журнал «Мах дуг»-ы ацы азы æхсæзæм номыр. Раст бакодтой, журналы раззаг цъары дыккаг фарсыл нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъуыдытæй ирон æвзагыл кæй ныммыхуыр кодтой, уый. Мах стæм ахæм зондыл хæст: ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг хъуамæ æвæрд уа закъоны бындурыл. Ноджы æмбарын хъæуы, мадæлон æвзаг ахуыр кæнын алкæмæн дæр йæ хæс кæй у. Мадæлон æвзаджы фæрцы адæймагæн разыны йæ национ хæдхуыз цæсгом. Скъоладзауты ныййарджытæ хъуамæ хъуыды кæной национ культурæйы фидæныл æмæ йæм æбæрнон цæстæй ма кæсой. Мæнмæ гæсгæ, бæстæйы субъекттæн закъонмæ гæсгæ бар раттын хъæуы, цæмæй бындурон цæрджытæ æнæмæнг ахуыр кæной сæ мадæлон æвзаг, иннæ адæмыхæттытæн та уыцы хъуыддаг уæд барвæндонæй.

Гаглойты Рутены райгуырдыл сæххæст 130 азы. Журналы мыхуыргонд цæуынц йæ радзырдта: «Хъаст», «Хъæндил дæр сызмæлыд», «Намыс», «Цард». Багъæраты Созыры райгуырдыл дæр сæххæст 130 азы. Багъæраты Созыры цард æмæ сфæлдыстады тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъынц Малиты Васо, Къосыраты Сæрмæт, Ардасенты Хадзыбатыр, Михаил Синельников, Тетцойты Таймураз. «Созыры сфæлдыстадон бынтæй», зæгъгæ, уый бынмæ мыхуыргонд цæуынц йе ‘мдзæвгæтæ.

Поэтикон уацмыстæй ма журналы бакæсæн ис Абайты Эдуарды æмдзæвгæты цикл «Мæ сыгъдæг æууæнк».

Цымыдисаг сты Дауыраты Дамиры алы хабæрттæ калм æмæ бирæгъы тыххæй.

Номдзыд Карл Марксы райгуырдыл сæххæст 200 азы. Йæ хъуыдытæ мыхуыргонд цæуынц журналы Хъодзаты Æхсары тæлмацæй.

«Мах дуджы» равдысты сты Аивæдты республикон лицейы ахуыргæнджыты æмæ раугъдонтæ Пухаты Вадимы, Кæркуысты Роберты, Дзбойты Арсены, Есенаты Æхсары, Къодоты Софяйы, Анастасия Евграфовайы, Кæркуысты Стеллæйы æмæ æндæрты куыстытæ.

Зындгонд историк Бзарты Русланыл сæххæст 60 азы. Журналы мыхуыргонд цæуы йæ уац «Темырболат Мамсуров в Петербурге и Чугуеве.

Рубрикæ «Уидæгтæ»-йы бынмæ — Мзокты Аслæнбеджы интервью «Къостайы æз зæрдæйæ æнкъарын».

Рубрикæ «Арвистон»-ы бынмæ бакæсæн ис стыр адæймæгты хъуыдытæ, рагон хъæлдзæг ныхæстæ.

Журналы ма ис æндæр бакæсинаг æрмæджытæ дæр.

Абайкуыцыкк

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here