Æгъдау нæ æрцахста
Зæххы къорийы цæрджыты цæстæнгас, хъуыдытæ, цавæрдæр фæндтæ æмæ æнкъарæнтæ футболæй чемпионатимæ баст куы уыдысты, уæд Уæрæсейы Хицауад та се ‘мбырды пенсимæ ацæуыны кар фæфылдæр кæныны уынаффæтæ карстой. Цыбыр дзырдæй, цалынмæ нæхи чемпионатæй хъал кодтам, уæдмæ фарстамæ бахъуызыдысты. Уайтагъд уынаффæйæ æппæлынмæ фесты, æндæр, растдæр, дам, аргæ дæр не скодтаиккам. Уæдæ, дам, куыд? Иугæр, дам, уæрæсейæгтæ рæстæмбис нымадæй 73 азы бæрц цæрын райдыдтой, уæдæ, дам, сæ уавæртæ, ивгъуыд æнусимæ абаргæйæ, бæллиццагдæр систы, уæд цæуылнæ ис ахæм замманай реформæмæ бавналæн?!
Акæс, равзар, уæд, дам, алы къуымæй дæр удæнцойдзинæдтæ ракæл-ракæл кæнынц. Исты, дам, ма сæ пецтæн хъæды суг кæнын хъæуы? Доныбылæй дон хæссын? Гæрзтæ, дам, ма къухæй æхсынц? Телевизортæ, хæдзары хъæугæ алыхуызон техникæ, машинæтæ æмæ сæм цивилизацийы иннæ æгæрон хæрзтæ сты. Иу рæсугъд чызг йæхицæй куыд æппæлыд, æрбакæсут, дам, ма мæм, æппындæр, дам, ницы хъуаг дæн, мæ конд — конд, мæ уынд — уынд. Уыйау æппæтуæрæсеон адæм дæр сæ былтæй акалдысты æмæ, дам, уын чемпионатимæ иумæ ног лæвар. Нырма, дам, æм Паддзахадон Думæ дæр хъуамæ æркæса, депутаттæм хауы йе сфидар кæнын.
Хицæнæй ранымайынц, ацы уынаффæйы фæрцы финансон фæрæзтæ фæстауæрцгонд цас æрцæудзæн, уый. Ахæм æхцайы фæрцы, дам, бамбырд кæндзыстæм, экономикон размæбырсты тыххæй нæ цы 25 триллион сомы хъæуы, уымæн дæр, æмæ æндæр нысантæн дæр. Паддзахадон Думæ дыууæ нæ зæгъдзæн, исчи исты куы зæгъа, уæддæр нымæцæй фылдæр чи у, уыцы партийы хъæлæстæ хъуыддаг алыг кæндзысты. Адæммæ та ис фарстытæ, сагъæс, мæт æмæ сæ хъуамæ цы фæкæной? Цымæ пенсийы кармæ чи нæ фæцард, уыдоны фиддонтæ та цы фесты?
Æвæццæгæн, ахæм реформæтæ нысан кæнгæйæ, Уæрæсейы Хицауад афæлгæсынц, Мæскуы æмæ Санкт-Петербург куыд цæрынц, рæстæмбис мызд дзы цас у, куыст ссарынæн дзы цас фадæттæ ис, уымæ æмæ æндæр бæрæггæнæнтæм. Уыцы стыр горæттæй ссæдз километры дарддæр — нæдæр хуызæнæн фæндæгтæ, нæдæр — куыст, нæдæр — рæстмæ мызд, нæдæр — газ æмæ афтæ дарддæр. Ноджы ма ныр «Росстат» ссис Уæрæсейы Экономикон рæзты ведомствойы дæлхайад æмæ цы рæстæмбис бæрæггæнæнтæй пайда кæны, уыдоныл ма къæхтæ æмæ къухтæ кæй бафтаудзæн, уый нæ уырны.
Кæцы хæдзарæдты, заводты, организациты хъуамæ фæллой кæной адæм, цалынмæ сæм пенсимæ ацæуыны рад æрхауа, уæдмæ? Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — базартæ, уæйгæнæн центртæ, хиирхæфсæн бынæттæ. Нæ фæсивæд сахуыр кæнынц æмæ ралæууынц товартæй дзаг тæрхæджыты цур. Паддзахады уддзæф кæм нæй, уыцы куыстуæтты адæмы уавæр у мæнгæфсон, къæсæрмæ, дуар иннæрдыгæй бахгæнынмæ сын кæд бацамондзысты, уый бæрæг нæу. Уæдæ паддзахадон куыстуæтты дæр оптимизацийы æфсонæй адæмы куыстæй æрвитынц. Дæ бартыл та не сдзурдзынæ, сыгъзæрин доны калæгау уайы. Уæвгæ сыл лыстæг дзурын дæр нæ хъæуы, иууылдæр ам цæрæм, нæхиуыл сæ æвзарæм.
Куыддæр æвзæрстытæ фæсте аззадысты, бюллетеньтæ уазал дæр нæма æристы адæмы æрмдзæфæй, афтæмæй артаджы аргъ арвыл сæмбæлд. Омæ, дам, уæдæ цы ис гæнæн? «Такая, дам, мировая тенденция». Венесуэлæйы адæм тынг мæгуыр цæрынц, бæстæ у нефты стыр бавæрæнты хицау, уымæ гæсгæ сæм бензины аргъ у капеччытæ. Хъуамæ Уæрæсе дæр йæ цæрджытæн цавæрдæр «тенденци» сфидар кæна, уымæн æмæ у дунейы хъæздыгдæр бæстæтæй иу. Менделеевы таблицæйæ нæм цы нæ элемент — æрдзон хæзна ис, ахæм нæ разындзæн, уæддæр нæ бон нæхи нæ мæгуыры хъистæй ссыгъдæг кæнын нæу.
Ацы цалдæр азы нæ цы бирæ нысантæ æххæст кæнын бахъæудзæн, уыдон домынц стыр æхца: триллионтæ æмæ триллионтæ. Искæцæйты сæ агурын бахъæудзæн… Фарон банк «Открытие» куы ныггаффутт, уæд ын паддзахад бюджеты æхцайæ æххуысæн радта иу триллион сомы. Цымæ цæмæн? Уый коммерцион структурæ куы у, йе ‘хца цы фæкодта, уый зæгъгæ дæр куы нæ кæны, уæд ын ахæм лæвар бюджетæй цæй тыххæй скодтой?
Ныгуылæны бæстæтæ Уæрæсейы ныхмæ цы экономикон ныхмæлæудтытæ кæнынц, уыдоны фæстиуджытæ ныл куы иуæрдыгæй фæзынынц, куы — иннæрдыгæй. Ныр та сдзырдтой уæрæсейаг олигархты — егъау корпорацитæ æмæ компаниты хицæутты ныхмæ. Тæссаг сын у фæцудынæй, сæ кусджытæ, дам, тæригъæд сты, корпорацитæ æмæ, дам, компанитæ фехæлдзысты, æмæ сын паддзахад бюджетæй æхца радих кæндзæн.
Хæдбар эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы егъау компаниты акцитæ кæй фæаслам сты, уымæй паддзахады бон у спайда кæнын. Ома сæ балхæнæд, æмæ уыдон суыдзысты паддзахадон куыстуæттæ. Сæ хицæуттæ — олигархтæ, рагæй дæр цæргæ фæсарæнты кæнынц, се ‘ппæт исбон дæр уым ис. Дунейы цæрджыты сæ яхтæтæ æмæ зынаргъ исбонæй дисы æфтауынц. Уыдон Уæрæсейæн цы пайда сты? Æрмæст ын йæ æрдзон хæзнатыл ныддæвдæг сты æмæ сæ хæрынц. Ахæм банктæ æмæ компаниты директорты советты хуымæтæг адæм куы бадиккой, уæд сæм паддзахад йæ сæр дæр нæ азилид. Ныр та уал æмхасæнтæй цы бюджет арæзт у, уымæй сын — хæйттæ.
…Артаджы аргъыл бафтауыны фæстæ, иннæ зынаргъ лæварыл банымайгæ у, пенсимæ ацæуыны карыл кæй бафтдзæн, уый. Уæдмæ та «новатортæ» истытæ æрхъуыды кæндзысты. Мах та æгъдау æрцахста: кæд реформæмæ гæсгæ фылдæр азтæ цæрын райдыдтам, уæд, цæй, нæхи фæхъочах кæнæм æмæ æцæгдæр цæрæм, пенси райсыны æмæ ма йæ дзæбæхæй бирæ азты фæхæрыны онг…
Хъуыддагыл дзурын æмæ арфæтæ кæнын
Алцæмæн дæр ис афон. Дуртæ æхсынæн æмæ дуртæ æмбырд кæнынæн. Хъуыддæгтыл дзурынæн æмæ арфæтæ кæнынæн. Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины радон пресс-конференцимæ бæстæйы цæрджытæ æрбарвыстой дыууæ милуанæй фылдæр фарстайы. Цалдæр сахаты дæргъы сын Президент дзуапп лæвæрдта, сæ вазыгджындæртæ-иу бабар кодта регионты, федералон ведомствоты разамонджытæн. Не ‘мбæстаг Гæззаты Валерийæн фадат куы фæцис фарст раттынæн, уæд нæ бирæтæ æрыхъуыстой, цымæ цавæр вазыгджын хъуыддагыл сдзурдзæн, цы монцæн рацыд эфирмæ, зæгъгæ.
Арфæтæ кæныны дæр, æвæццæгæн, æвзæрæй ницы ис, цыбырæй, чи зоны, кæцыфæнды ран дæр сфидаудзысты. Фæлæ Гæззайы-фырт куы фемæхст, йæ ныхасæн райдайæн дæр æмæ кæрон дæр куы нал уыд, уæд ма пресс-конференциамонджытæ дæр стыхстысты, ома, дам, дæм, уæддæр цавæр фарст ис. Фæлæ йæм фарст нæ разынд, уыйас æй ницы тыхсын кæны, æрмæст æй фæндыд Владимир Путинæн арфæтæ ракæнын. Нæ бæстæйæн йæ Президент бирæ хæрзты бацыд, æмæ йын бузныг цæй тыххæй зæгъæм, уый ис. Фæлæ Уæрæсейы разамонæг дзыллæтимæ ахæм хуызы фæныхас кæнын уымæн равзæрста, цæмæй адæмы риссагдæр фарстатæй кæцыдæр хай лыггонд æрцæуа. Цæмæй фæбæрæг уой иумæйаг зындзинæдтæ, фарстатæ афойнадыл кæнын цы нæ уадзы, цавæр административон рахæцæнтæ нæ кусынц, уыдæттæ хуыздæр базоныны æмæ сын æмбæлгæ хатдзæгтæ скæныны тыххæй рацæуы адæмы размæ. Цалынмæ цалдæр минуты бæрц Гæззаты Валери йæ дæргъвæтин арфæтæ нымадта, уæдмæ, чи зоны, иу мæгуыр, рынчын адæймаг æцæг фарст раттаид Президентмæ æмæ абон йæ уавæр фæбæллиццагдæр уаид. Кæйдæр цард афтæ æрæлхъывта, æмæ нал ары æндæр мадзал Президентæй æххуыс ракурынæй уæлдай. Иннæмæн та йæ зæрдæ риссы йæ чысыл хъæу æд цæрджытæ, æд сабитæ «бесперспективная деревня»-мæ хаст кæй æрцыд, уый. Куры Владимир Путинæй, цæмæй сын се скъола ма сæхгæной, цæмæй сæ сывæллæттæ хауæццаг ма суой, сæйрагдæр та, цæмæй сæ хъæу ма сафтид уа. Дæхи цас бæрнондæрæй æнкъарай, уыйас дæ бон у фарста сæвæрын дæр, паддзахадон цæстæй дæр æм акæсын. Арфæты фаг нæ алчидæр у…
Зæгъæм, цæгатирыстойнаг раздæры футболон клуб «Алани»-йы кусджытæй ныр цалдæр азы цы мызд дары, уый сын куы бафидиккой, Гæззаты Валери æмæ сын нæ раздæры бæрзонд чиновниктæ зæрдæ куыд æвæрдтой, афтæ, уæд уыдон дæр арфæйы аккаг ныхæстæ ссардтаиккой. Ныр та уал тæрхондæттыл зилынц, кæд сæ рæстдзинад гуырысхойаг нæу, уæддæр, клубæн йæ ном кæй аивтой, уымæй, дам, дзы мызды хæс бацагурæн нал ис. Æвæццæгæн, клубы ном баивыны хъуыддаг Гæззайы-фыртæй дæр айрох кæнын кодта, кусджытæн дзырд кæй радта æмæ йæ æххæст кæнын кæй хъæуы, уыдæттæ. Уæрæсейы Президентæн арфæ ракæнын, æвæццæгæн, æнцондæр у…
Фыццаг фæлварæны ад
Сæхимæ нырма цæст дарын кæмæ хъæуы, заманхъуйлаг дыууæ ахæм гыццыл лæппуйы царды сæ фыццаг фæлварæн радтой. Æвдисæн систы, трактор куыд афæлдæхт, уымæн, фæлæ нæ фæтарстысты Давид Шотадзе æмæ Аскер Чередников, рæвдз адзырдтой æххуысмæ иугонд диспетчерон службæмæ… Адæймаджы аирвæзын кодтой, уый æрмæстдæр афтæ бамбаргæ у. Дызæрдыггаг нæу, ахæм зондахаст, удыскондæй нал схицæн уыдзысты, аккаг гражданинтæ сæ кæй рауайдзæн, уый…
… «Цæй-ма, сæдæ сомы мын æфстау авæр, ныртæккæ мæнæ фылдæр рамбулдзынæн æмæ дын сæ æрбадавдзынæн», — йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой, йе ‘нгуылдзтæ, раст цыма йæ армытъæпæнты цыдæртæ æууæрста, уыйау фелхъив — фелхъивгæнгæ , тыхсхуызæй дуканигæсæй куырдта 14-15-аздзыд лæппу. Сылгоймаг нæ разы кодта, нæй мæм, уыдон кæйдæр æхца сты, зæгъгæ. Лæппу цъилау ныззылд æмæ уынгмæ атындзыдта.
Цалынмæ товартæм кастæн, уæдмæ дуканигæс маройгæнгæ дзырдта, хæстæг сæм цавæрдæр «ставкæтæ» кæнæн бынат кæй ис æмæ мыдыбындзытæ мыдыл куыд æмбырд кæной, афтæ дзы æппынæдзух лæппутæ æмызмæлд кæй кæнынц. Уæд телефонтæ æрбадавдзысты, аслам у, балхæн ма йæ, зæгъгæ, æхца мæ тынг ахсджиагæй хъæуы, зæгъгæ. Хъуамæ йæ йæ мадæй рахаста, йæ хæдзарæй æмæ хъазыныл балæууы…
…Куыстæй хæдзармæ фистæгæй куы рараст вæййын, уæд мæ фæндаг иу ахæм спортивон «ставкæтæ» кæнæн бынатыл фæцæуы. Фыццагдæр дзы цæст фæхæцы, йæ бацæуæнтæ, йæ алывæрстæ куыд чъизи сты, ууыл. Раст дзы цыма хъæддæг бæхты рæгъау фезмæлынц, ахæм сау хæрв æрфидар хуызджын къæйтыл. Сæ фарсмæ цы кусæндæттæ ис, уыдонæн та цæхæртæ калынц…
Æвзæр дзыхæй дзурæг æрыгон, æвзонг лæппутæ дзы, чи асинтæй дæлæмæ тутæ кæны, чи тамако дымы, иннæтæ та къахвæндагыл дзуццæджы бадынц. Изæрыгæтты сæ цурты æдасæй нæ ацæудзынæ. Æвæццæгæн, ацы хиирхæфсæн бынæттæ тæссаг амалхъомадмæ ахæсгæ не сты, иугæр кусынц, уæд сын закъон уыцы бар дæтты. 14-15-аздзыд нырма уæддæр æнахъом сывæллоныл нымад у, æхца рамбулыныл цæмæн сбæндæн, уыцы фæндагыл цæй тыххæй хъуамæ араст уа? Цымæ йæ рæстæг кæм æрвиты, кæдæм атындзы фæдисонау, изæрыгæттæм кæм бафæстиат вæййы — уыдон ныййарджыты фарстатæ сты.
Уыцы ставкæтæ кæнæн спортивон кусæндæтты алыварс цы фыдуынд уавæр æвзæры, хъæлæба, хылтæ, æвзæр дзыхæй дзырд — уыдон социалон æгъдауæй сты тæссаг, уым хæстæг чи цæры, чи кусы, сæ цурты чи цæуы, уыдонæн. Кабинетты бадгæйæ, Ирыстоны фидæн, ома, йæ кæстæрты тыххæй æнцон дзурæн у. Депутаттæ, участокты пъæлицæйæгтæ, æхсæнадон, фæсивæдон архайджытæ-иу дардæй уæддæр бакæсæнт, нæ фидæны минæвæрттæ абон сæхи кæм æмæ куыд «ирхæфсынц», уымæ.
Мæ ныхас заманхъуйлаг Давид Шотадзе æмæ Аскер Чередников сæ царды фыццаг фæлварæн æцæг лæгтау кæй радтой, уымæй райдыдтон. Хъыг мын у, сагъæсы мæ æфтауы, бирæ рæзгæ удтæ ахæм фæлварæны ад кæй нæ банкъардзысты, æндæр хъуыддæгтæ кæй равзæрстой, уый…
Цæмæй хъæппæрис ма ныннуд уа
Тыхстдзинæдтæ, лыггæнинаг фарстатæ, цæлхдуртæ, къуылымпыдзинæдтæ нымайынæй, æппынæдзух сæ рафæлдах-бафæлдах кæнынæй пайда нæй. Æрмæстдæр сæ хъуыддæгты фæрцы ис аиуварс кæнæн. Нæ куыстмæ гæсгæ, мах, уацхæсджыты, арæх бахъæуы алыхуызон æмбырдты балæууын, уырдыгæй ныффыссæм æрмæджытæ. Газеткæсджыты базонгæ кæнæм, ныхас дзы цæуыл рауад, уыимæ. Искуы иу хатт хинымæр батыхсæм, цымæ боны фæткмæ хаст фарстатæ куыд фæзындзысты нæ иумæйаг уавæрыл, ныр сыл кæдæй дзурынц, æмæ афтæ дарддæр.
Æрæджы Дзæуджыхъæу суазæг кодта Уæрæсейы Хуссайраг хайы муниципалон скондты советы уæнгты. Ахъуыды кæн, уæд бынæттон хиуынаффæйады архайд ахсджиаг у æрмæстдæр муниципалон скондты кусджытæн. Ацы æмбырды архайджытæ сæ фæлтæрддзинады тыххæй куы дзырдтой, уæд сæм хæлæг кодтон. Æцæгдзинад ахæм у, æмæ æппæт хъæутæ, поселоктæ, горæттæ æвзарынц æмхуызон зындзинæдтæ. Федералон 131-æм закъон хиуынаффæйады оргæнты хæстæ фæфылдæр кодта, сæ авналæнтыл та æппындæр нæ фæзынд. Домæнтæ та къаддæр нæ кæнынц.
Ростоваг, краснодайраг, волгоградаг уазджытæ радзырдтой, хъæппæрисджын, сæрæн адæймæгты хъомыс, тырнындзинад, фæрæзтæй пайда кæнгæйæ, сæ тыхтæ баиу кæнгæйæ, сæ хъæуты, поселокты цард куыд аивтой, уый тыххæй. Официалон æвзагæй дзургæйæ, скодтой территориты æхсæнадон хиуынаффæйадтæ. Хицаудзинадмæ цы хæстæ хауы, уыдон раздæрау æххæст кæнынц, æхсæнадон оргæн та йæхæдæг йæхицæн фæбæрæг кодта бæлвырд нысантæ æмæ сыл кусы. Ростовы облæсты Быстрогорскаг хъæуы хицау Светланæ Кутенко афтæ загъта, ома, адæмы хъæппæрис хъæуы райхалын æмæ дзы спайда кæнын хъуыддæгтæ аразынмæ, цæйнæфæлтау сæ æд зындзинæдтæ де ‘ккой хæссай.
Цард куыд æвдисы, афтæмæй, махмæ адæмы хъæппæрис «райхъал» вæййы æрмæстдæр æвзæрстыты рæстæг, алчидæр йæхи уыны хъæуы, горæты хицауы бынаты бадгæйæ. Ома, уæртæ дзы уый куы бады, æз дæр афтæ сарæхсдзынæн. Æмæ, æцæгдæр, сæ фылдæр хай дуртау сæ бынæттæй змæлгæ дæр нæ кæнынц. Куыд ис хъæубæсты ном хæсгæйæ уæлмæрдты æдзæллагдзинæдтæн быхсæн? Зиан кадимæ, дзыллæтæ æрæмбырд кæнгæйæ баныгæнын æгъдау у. Уæлмæрдтæн сæ дзæгъæл кæрдæг сæ сæрты кæй кæсы, бырæттæ алы къуымты кæритæй кæй лæууынц, дон сæ кæй нæй, бырутæй æхгæд кæй не сты, æппынæдзух сæм цæстдарæг кæй нæй, уыцы уавæр дæр æгъдауыл дзурæг у?
Ахæм цæрæн бынат нæ разындзæн, æмæ дзы хъуыдыджын, уавæр раст чи æмбары, ныхасæй уæлдай хъуыддаджы уæлхъус чи балæудзæн, ахæм адæймæгтæ ма уа. Æрмæст семæ хъæуы кусын, дзурын, сæ хъæппæрисæй, сæ хорз æууæлтæй пайда кæнын. Уæлдæр цы æмбырды кой ракодтон, уым архайдтой нæ республикæйы æппæт хъæуты, горæтты разамонджытæ, районты æмбырдты сæргълæуджытæ. Ныр, зæгъын, сæ искæй сонтæй куы афарстаиккой нæ уазджытæ, сымах та хъæуты цы хуызы аразут уæ куыст, адæмы хъомысæй куыд пайда кæнут, уæд цымæ цытæ ранымадтаиккой? «Бырæттæ, дон нæ фаг кæны, фæндæгтæ цалцæггæнинаг, æхца нæй, хъалонтæ нæ фидынц, ницæуыл æххæссæм», — цæттæ дзуапп сæм ис цавæрфæнды æмбырдæн дæр. Уал азмæ йæ хорз хъæппæристæй иунæг хъæу — Къæмынтæ — базонын кодта йæхи Уæрæсейы дæр æмæ дунейы дæр.
Æрæджы Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртмæ цæрджытæй иу (бæрзонд бынатахсæг чиновник) æрбахуыдта сæрмагонд организацийы кусджыты. Уыдон ныммарзтой, бафснайдтой кæрт, бæлæстæ чъырæй сцагътой, аластой бырæттæ. Ацы хабар мын чи дзырдта, уый сæ сыхаг чиновникæй уыдис разы, арфæтæ йын кодта йæ ‘рхъуыдыйы тыххæй. «Ау, ахæм бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ сæ кæрт бафснайынхъом не сты, цæмæн дзы бахъуыд искæцæй хонын?», — бафарстон æй. «Бауырнæд дæ, цалынмæ нæм тыхтæ уыдис, ныронг-иу алы сабат, хуыцаубон рацыдыстæм, æмæ-иу æй цæхæр скалын кодтам. Ныр нæм уый бæрц тыхтæ нал ис», — загъта мын мæ зонгæ.
Æрыгæтты тыххæй йæ нал бафарстон, ныртæккæ сæ фылдæрмæ аллергия нæ хæццæ кæны, нæдæр сæ чъизи хъыгдары, нæдæр — рыг, нæдæр — бырæттæ. Æмæ сæ телефонтæ къахгæйæ дзæгъæлтæ кæнынц. Æртын азмæ ирон адæмы зондахаст афтæ аивта, æмæ нæхиуыл нал æууæндæм, адæттæ нæхи митæ сты, æви нын сæ æддагон знæгтæ кæнынц. Замантæй иунæгдæр æнцон нæ вæййы, адæм сæхæдæг фæрогдæр кæнынц сæ уавæр, сæ цард. Мах цæмæ æмæ кæмæ æнхъæлмæ кæсæм? Уал азы бырæтты сæр цæмæ бадæм, æвзæр нæм æвзæр цæуылнæуал кæсы?!
Экономикон уа, æви æндæр хуымæтæгдæр нысан сæвæрыны агъоммæ кæддæриддæр рагацау сбæрæг кæнæм, цавæр фæрæзты, авналæнты хицау стæм, уый. Фыццагдæр амынд æрцæуы адæмы хъомыс, сæ курдиат, сæ куыстхъомдзинад, æрмæстдæр уый фæстæ ранымайынц иннæ ахсджиаг фæрæзтæ. Адæмы хъаруйæ, хорзæхæй иумæйаг хъуыддæгты спайда кæнын дæр наукæ у. Алкæмæ уыцы зонындзинæдтæ нæй, афтæмæй хъæппæрис дæр ныннуд вæййы. Æмæ нæ иумæйаг цард æрцæуы зындзинæдтæ, тыхстдзинæдтæ, цæлхдуртæ, лыггæнинаг фарстатæ нымайынмæ æмæ æппæт æмвæзады хицаудзинадмæ хъæстытæ кæнынмæ. Æнахъомтæ куыддæриддæр фæкæнынц, афтæ…
Фарс цæттæ кæны БУТАТЫ Эльзæ