Горæты цæрджыты удæнцойæн

0
663

Дзæуджыхъæуы цæрджыты уарзондæр фæлладуадзæн бынæттæй иу — «Сапицкая будка»- йы ацы бонты цæуынц фæлгонцадон куыстытæ. Уый тыххæй фехъусын кодта горæты администрацийы прессслужбæ.

Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Дзотты Ацæмæз куыд радзырдта, афтæмæй аивгæнæн куыстытæн сæ фылдæр хай ныридæгæн æххæстгонд æрцыд. Уыимæ, фæлладуадзæн зонæйы цъæхфæлыст бахъахъхъæныны нысанимæ йæ алыварс арæзт цæуы хъæдын быру, цæмæй йæм хæдтулгæтæ мидæмæ мауал цæуой.

Фæлгонцадон куыстыты архайынц горæты сæрмагонд службæты бригадтæ, стæй хъæппæрисджын бынæттон цæрджытæ дæр. Уыдоны фарсмæ æрбалæууыдысты æхсæнадон организациты минæвæрттæ дæр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here