Наркотикты ныхмæ архайгæйæ куыдфæндыйы цæстæнгасæн бынат нæй

0
286

РЦИ-Аланийы Наркотикты ныхмæ къамисæн уыд радон æмбырд. Амыдта йæ къамисы сæрдар, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав.

«Нæ адæмæн, уæлдайдæр та, æрыгæттæн, уый у сæ марæг, уымæ гæсгæ йæ ныхмæ архайгæйæ, формалон цæстæнгасæн бынат хъуамæ ма уа», — йæ разныхасы загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Къамисы боны фæткы фыццаг фарста уыд «Æнахъомтæ æмæ æрыгæтты ‘хсæн наркотиктæ парахат кæныны хъуыддагæн кæрон скæныны тыххæй 2020 азмæ Уæрæсейы Федерацийы наркотикты ныхмæ паддзахадон политикæйы стратеги царды æххæст кæнын». Фарстайы фæдыл фыццаг раныхасгæнæг, РЦИ-Аланийы Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан радзырдта, паддзахадон стратеги æххæст кæнгæйæ комитет, стæй йæ дæлбар уæвæг Фæсивæды социализацийы центр цавæр мадзæлттæ æххæст кæнынц, уый тыххæй. Сæ куысты ахсджиагдæр фæзилæнтыл уый банымадта, сидзæрæй кæнæ æнæххæст бинонты ‘хсæн чи хъомыл кæны, æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хыгъды æвæрд чи ис, ахæм æнахъомтимæ кусын, се ‘ргом сын æнæниз цардыуагмæ здахын, фидæны æфсæддон службæмæ сæ цæттæ кæнын, бæрнондзинад сæм цæмæй уа, ахæм бындурыл сæ хъомыл кæнын. Ахæм æнахъомтимæ куыст бæстон арæзт у лагертæ «Балц» æмæ «Хохаджы». Республикæйы алы районты дæр иудадзыг арæзт цæуынц, фæсивæды æргом æнæниз царды уагмæ раздахын сæ нысан кæмæн у, ахæм спортивон, культурон, экологион æмæ æндæр дзыллон мадзæлттæ. Алы аз дæр ахæм мадзæлттæ Фæсивæды социализацийы центр саразы фондзсæдæйæ фылдæр. Центры специалисттæн арæх вæййы фембæлдтытæ скъолаты хистæркъласонтимæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттимæ. Комитетæн йæ куыст ноджы ахадгæдæр цæмæй уа, уый тыххæй сын Битарты Вячеслав бауынаффæ кодта Фæсивæдон парламенты минæвæрттимæ æнгомдæр кусын.

Фарстайы фæдыл ма раныхас кодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова. Уый радзырдта, скъоладзаутæй ныридæгæн наркотикты хъæстæ чи фæци, уыдоны æргом кæныны куыст куыд æвæрд у, уый тыххæй. Æрыгæттæ сæ уагæн, сæ зондахастæн дзуапдæттæг сæхæдæг кæй сты, уый сын рагацау æмбарын кæнынц æмæ, бæрнондзинад цæмæй æнкъарой, ууыл сæ рагацау куыд ахуыр кæнынц. Скъоладзауты ‘хсæн наркомани парахат кæныны ныхмæ алыхуызон мадзæлттæ арæзт кæд цæуынц, уæддæр уавæр нырма у сагъæссаг, уæлдай сагъæссагдæр, министры ныхасмæ гæсгæ, Æрæфы районы. Уыимæ, загъта, скъолаты цы психологтæ ис, уыдонæн сæ куыст нывыл кæй нæу. Уымæ гæсгæ къамисы уæнгтæн Битарты Вячеслав бауайдзæф кодта, наркоманийы ныхмæ куыст фылдæр формалон æгъдауæй арæзт кæй цæуы. Фарстайы фæдыл хъуыддаджы ныхас ракодта республикон хæрзаудæн æхсæнадон-регионалон фонд «Ковчег-Гиперион»-ы минæвар Хъараты Сослан. Уый радзырдта, Хохы Санибайы чи æрбынат кодта, уыцы æхсæнадон фонд раздæры наркоманты æнæниз цардыуагмæ фæстæмæ раздахыныл куыд архайы æмæ уыцы хъуыддаджы Уæрæсейы иннæ горæттæ, суанг фæсарæнтимæ дæр æмгуыст куыд кæны, уый тыххæй. Хъарайы-фырт арфæ ракодта республикæйы разамындæн, Ахуырад æмæ наукæйы министрадæн, Наркотикты ныхмæ къамисы уæнгтæн, сæ куысты сын стыр æххуыс кæй кæнынц, уый тыххæй, стæй, уавæр цæмæй фæхуыздæр уа, уый фæдыл загъта йæ фиппаинæгтæ. «Наркомани стыр бæллæх кæй у, уый мæхи удæй бавзæрстон, уымæ гæсгæ мын ныр Ирыстоны æмæ нæ фæсивæды фидæнмæ куыдфæндыйы цæстæй мæ бон кæсын нæу», — загъта уый. Битарты Вячеслав æрæджы сæм Хохы Санибайы куы уыд, уæд дæр, стæй къамисы æмбырды рæстæг дæр зæрдæ бавæрдта, республикæйы ‘рдыгæй фондæн æххуыс кæй уыдзæн, уымæй. «Фæлæ уæддæр ахсджиагдæр у скъолаты, ахуырдзауты ‘хсæн профилактикон куыст кæнын», — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Республикæйы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев та йæ фæндон загъта, цæмæй, Фæсивæдон парламенты цы 50 адæймаджы ис, уыдонæй алчидæр йæ арм дарын райдайа, наркотикты хъæстæ чи фæци, ахæм æрыгон адæймагыл. «Ахæм куысты ногдзинадæй ницы ис, фæлæ хъуыддагæн уыдзæн тынг пайда», — загъта Парламенты Сæрдар.

Наркотиктæ цавæр дзæбæхгæнæн препараттæй баивæн ис æмæ наркомантæ æнæзакъонæй пайда кæмæй кæнынц, ахæм хостæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл парахат кæнын чи нæ уадза, уый тыххæй республикæйы барадхъахъхъæнæг æмæ æндæр цæстдарæг оргæнтæ цавæр мадзæлттæ æххæст кæнынц, ацы фарстайы фæдыл æмбырды раныхас кодтой РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады Наркотикты зилдухмæ цæстдарды управленийы разамонæг Хынцæгты Нодар æмæ РЦИ-Аланийы Росздравнадзоры управленийы сæргълæууæг Ольгæ Давыдова. Наркомани парахат кæныны хъуыддаджы иуæй-иу афтектæ æмæ сæ хицæуттæ сæхи «бавæрæн» кæй хæссынц, уый сусæггаг нæу, уымæ гæсгæ сæ æнæзакъон архайды ныхмæ барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдарæг оргæнты ‘рдыгæй иудадзыгдæр цæуы бæрæггæнæн куыст. Фæлæ къамисы уæнгтæ уый фагыл нæ нымайынц. «Наркотиктæ æнæзакъонæй уæй чи кæны, уыцы афтекты хиуæттæн сæ æфтиæгтæ, æмæ, сæ фыдракæнды тыххæй уый фæстæ цы æфхæрд баййафынц, уыдонæн абарæн ницы хуызы ис, — загъта республикæйы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков. — Дыууæ, æртæ, фондз мины ивар бафидын — афтечы хицауæн уый ницы у, наркотиктæ сусæгæй уæй кæнгæйæ йæ дзыппы милуантæ куы æвæра, уæд». Къамисы уæнгтæ хорзыл банымадтой, йæ архайды иунæг халæн цау дæр чи æруадзы, афтечы ахæм хицæутты ныхмæ æфхæрæн мадзæлттæ фæкарздæр кæнын, æмæ наркотиктæ æнæзакъонæй уæй кæныны иунæг ахæм цау дæр чи æруадза, уымæй йæ лицензи исын.

Республикæйы территорийыл наркотиктæ æмæ психотропон буаргъæдтæ парахат кæныны хъуыддаджы фыдгæнджытæ Интернеты сайттæй æмæ бастдзинады нырыккон гæнæнтæй пайда кæнын райдыдтой. Уыцы гæнæнтæ сын фæцыбырдæр кæнын куыд æмбæлы æмæ цавæр мадзæлттæ æххæст кæнын хъæуы, уый тыххæй ныхас кодтой Мидхъуыддæгты министрады Наркотикты зилдухмæ цæстдарды управленийы разамонæг Хынцæгты Нодар æмæ республикæйы прокурор Владимир Векшин. Владимир Векшин куыд загъта, афтæмæй прокуратурæ, Интернет-сайттæн сæ куыст бæрæг кæнгæйæ, раргом кодта, æрыгæтты наркотиктæм æмхиц чи кодта, 51 ахæм сайты, æмæ сæ сæхгæдта. Интернеты фæрцы йæ сау митæ чи кæны, уыцы фыдгæнджыты æргом кæнын æнцон нæу, фæлæ куыст æххæст кæнын хъæуы æмæ иудадзыг, æрвылбон дæр æмæ Интернеты сайттæн сæ куыст бæрæг кæнын.

Къамисы уæнгтæ ма æркастысты, сæ раздæры уынаффæтæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уымæ æмæ алы фарстайы фæдыл дæр рахастой хъуыддаджы уынаффæтæ. «Уавæр у карз, æмæ наркотикты ныхмæ æмдыхæй, иумæйаг хъарутæй куы нæ архайæм æмæ нæ комкоммæ хæстæ формалон æгъдауæй æххæст куы кæнæм, уæд хъуыддагæй ницы рауайдзæн,» — загъта кæронбæттæны Битарты Вячеслав.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here