Курдиатджын лæппу

0
2632

 

ГÆЛÆУТЫ Олег сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомыл кæны. Ардæм æрбахауд хæрзсывæллонæй. Ныр ахуыр кæны æхсæзæм къласы. У хæрзæгъдау, æфсæрмыгæнаг сывæллон. Ис ын бирæ хæлæрттæ. Се ‘ппæтимæ дæр цæры лымæнæй. Сæ уæгъд рæстæг арвитынц хъæлдзæгæй. Олег йæ арæхстдзинæдтæ фæлвары канд спорты нæ — хъазы футболæй, фæлæ архайы сфæлдыстады дæр: у «Хуры тын»-ы инструменталон къорды уæнгтæй иу. Уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ цæуы гитарæйæ цæгъдын. Ацы музыкалон инструментыл æнувыд у йе ‘мбал Роман Мартынов дæр. Уыдон куы баиу вæййынц, уæд сын сæ цагъдмæ зæрдиагæй фæхъусынц се ‘мбæлттæ.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Олег у æгъдауджын, фæлмæнзæрдæ лæппу. Ацы хæдзармæ кæй æрбахауд, ууыл арæх фæхъуыды кæны.

Мæнæ куыд фыссы уый тыххæй йæхæдæг: «Дысон мæ хуыссæг нæ ахста. Уыди тар æхсæв. Æз арвæй мæ цæст нал истон. Кастæн, стъалытæ куыд æрттывтой, уымæ. Хъуыдытæ кодтон цардыл. Мæхи цардыл. Цæмæн æрбахаудтон ардæм? Цæмæн бавзæрстон æххормаг æмæ уазал бонтæ? Цæмæн дæн æнæхай мады рæвдыдæй? Ацы хæдзары цалдæр азы дæн æмæ йæ кусджытæй никæмæй хъаст кæнын. Иууылдæр сты зæрдæхæлар æмæ цæстуарзон адæм. Се ‘ппæтæн дæр зæгъын стыр бузныг». Мæнæ куыд зæгъы Оледжы тыххæй йæ хъомылгæнæг Дзитойты Эльвирæ: «У тынг хъæлдзæг сывæллон. Æдзухдæр йæ мидбылты худы. Бирæ хъарм ныхæстæ зæгъæн ис ацы лæппуйы тыххæй. Махмæ куы нæ ‘рбахаудаид, уæд зын зæгъæн у, йæ дарддæры хъысмæт куыд рауадаид, уый. Мах, йæ хъомылгæнджытæ дзы иууылдæр стæм бузныг. Уырны нæ, царды аккаг бынат кæй æрцахсдзæн, уый».

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here