Футбол. Ирыстоны чемпионат

0
546

Цæгат Ирыстоны чемпионаты цы 16 командæйы ерыс кæнынц, уыдон акодтой фæйнæ 11- 12 хъазты.

Куыд фарон, афтæ та ацы аз дæр ныридæгæн фыццаг бынатмæ рацыд «Металлург». Завод «Электроцинчы» футболисттæ дыууадæс хъазтæй дæс хатты æмбулгæ ракодтой, фæйнæ иу хатты фесты хæрд æмæ хæрæгсаст.

Футболуарзджытæ «Металлург» фыццаг бынаты кæй цæуы, ууыл нæ дис кæнынц, уымæн æмæ зонынц, ацы командæйы тых. Бирæты дисы бафтыдта «Металлург» йæ фæстаг фембæлды «Æрыдон»-æн кæй фæхæрд, уый. Æрыдойнаг футболисттæ фарон дæр ма уыдысты рæстæмбис хъазæг командæйыл нымад. Ныр æрыдойнæгты архайд бирæ фæхуыздæр ис æмæ абоны онг ахсынц дыккаг бынат. «Æрыдон» 12 хъазтæй рамбылдта 9, иу хатт фæци хæрæгсаст, дыууæ хатты та хæрд фæци. Афтæмæй æрæмбырд кодта 28 очкойы, æмæ «Металлургæй» 3 очкойы къаддæр. «Æрыдон”-ы хæдфæстæ цæуы «Цхинвал». Ацы командæ акодта 11 хъазты æмæ 27 очкоимæ ахсы 3- аг бынат. Цыппæрæм æмæ фæндзæм бынæттæ ахсынц «Спартак-2» (24 очкойы) æмæ «Щит Осетии» (23 очкойы).

«Æрыдон» йæ хъазт цæй фæрцы фæхуыздæр кодта, уый тыххæй нын командæйы сæргълæууæг Годжиты Æхсар загъта: «Фыццаджыдæр уымæн, æмæ нæм нæ районы разамонджытæ сæ цæст хуыздæр дарын кæй райдыдтой æмæ нын хорз кæй æххуыс кæнынц, уый фæрцы нæ раздæры хъомылгæнинæгтæй цалдæр лæппуйы фæстæмæ нæхимæ æрбаздæхтысты. Иннæмæй та нæм хорз фæсивæд бахъомыл æмæ зæрдиагæй тырнынц футболæй хорз бæрзæндтæм схизынмæ. Уый уынынц нæ районы сæргълæууæг Тотраты Владислав æмæ йæ хæдивæг Адырхаты Алан. Фæсивæд уынынц, уыдон сæм се ‘ргом кæй раздæхтой, уый, æмæ сæхиуыл зæрдиагæй кусынц.

Хорз фыдæбон кæнынц нæ командæйы тренертæ Боциты Валери æмæ Хъуппеты Чермен дæр. Уыдон кæд нырма æрыгон тренертæ сты, уæддæр сæхиуыл кусынц æмæ уый хъуамæ хорзæрдæм фæзына нæ командæйы архайдыл. Нæ кæстæртæй раппæлинаг сты: Павел Приходько, Дзикаты Владислав, Гаглойты Григори æмæ иннæтæ. Уырны нæ, уыдоны фæстæ дæр ма нæм къорд курдиатджын кæстæртæ кæй фæзындзæн тагъд рæстæджы, уый. Нæ иумæйаг бæллиц та у, цæмæй нæ Ирыстоны сæйраг командæ фæстæмæ Уæрæсейы футболы бæрзæндтæм схиза. Ау, уый та куыд хъуамæ ма æрцæуа, кæд æмæ абон æгас дуне дæр уынынц, не ‘мзæххон Черчесты Станислав куыд тренер, афтæ цы лæгдзинад æвдисы, уый. Нæ зæрдæ зæгъы Черчесыфыртæн, цæмæй Уæрæсейы командæимæ дунеон чемпионаты хæрзиуæгджын суа. Цавæр, уый та сбæрæг уыдзæн чысыл фæстæдæр!»

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here