Историйы хай баци 2017 аз. Куыд Уæрæсейы, афтæ нæ республикæйы дæр министрадтæ, организацитæ æмæ суанг иугай адæймæгтæ дæр сæ афæдзы фæллой æрнымадтой. Кæм фылдæр, кæм къаддæр, фæлæ æнтыстдзинæдтæ алы ран дæр ис. Нæй æрмæст царды ахсджиагдæр хъуыддаджы. Социалон кусджыты нымадæй та ирон адæм 2 мины къаддæр фесты.
Адон дæр æмæ дохтыртæ дæр зæрдиагæй архайынц, цæмæй адæм фылдæр цæрой. Хицауад архайынц, цæмæй сывæллæттæ фылдæр уа. Ссæдз азы бæрц кусы программæ «Ипотека». Дæс азы бæрц кусы программæ «Материнский капитал». 1 январæй кусы пограммæ «Первенец» (хæдзары фыццаг сывæллон куы фæзына, уæд ын 18 мæйы паддзахадæй уыдзæн æххуыс, алы мæй дæр 10 мин сомы бæрц).
Ацы хъуыддæгтæ хорз сты, фæлæ уæддæр ирон адæмы нымæц фылдæр нæ кæны. Æмæ куыд фæфылдæр уа, кæд æмæ нæ лæппутæ бинонтæ нæ кæнынц. Уый у стыр бæллæх. Æмæ уæд чызг кæдæм смой кæна? Æмæ уæд сывæллæттæ кæм хъуамæ уа? Уый та уын дыууæ стыр бæллæхы.
Æртын азæй æхсай азмæ кæуыл цæуы, уыцы усгур «лæппуты» нымæц нæ хъæуы у æртиссæдзæй фылдæр. Иуы дæр дзы æдзæллаг не схондзынæ. Конд, уынд, ас, зонд — æппæтæй дæр æххæст. Сæ фылдæрмæ — уæлдæр ахуырад. Агуыридурæй хорз хæдзæрттæ. Къултæй фæстæмæ ма пъолтыл дæр гауызтæ æппæрст. Сæ алкæмæ дæр — рог хæдтулгæ, бирæтæм — фæсарæйнæгтæ. Ницы хуызы зæгъдзынæ, амал сын нæй, зæгъгæ. Уæдæ цы у аххосаг? Мæнмæ гæсгæ, цардмæ кæсынц уæлæнгай цæстæй сæ хъарутæ æмæ зонд сарæзтой мулк кæнынмæ. Царды сæйрагдæр хъуыддаг — бинонтæ æмæ сывæллæттæ та фæсдуар аззад.
Арæх хъуыдыты аныгъуылын. Цымæ ацы бæллæхæн та нæ хицауад цы æрхъуыды кæндзысты. Бæлвырд мæ зонд ницыма æрцахста. Цымæ нæ фыдæлтæ та ацы хъуыддагмæ цы цæстæй кастысты?
Нæ сыхаг Бигъаты Хъуыдайнатыл æвдай иу азы куы цыд, уæд йæ дыккаг ус дæр амард. Дыууиссæдзæм боны фæстæ Заманхъулæй æрбахаста Хъуыдагкаты Верычкæйы æд астаздзыд чызг. Дыккаг бон ныхасы лæгтæм дзуры «Сымах цæмæн æнхъæл стут, æз ус уый тыххæй нал æрхастон, зæронд лæгмæ зилын хъæуы». Йæхи чызг æмæ фондз фырты куыд схаста, Хъуыдайнат, афтæ — Ритæйы дæр. Райсын ын кодта уæлдæр ахуырад. Верычкæ канд мыггагæн нæ, фæлæ æнæхъæн хъæуæн дæр лæвæрдта æгъдау. Хъуыдайнат фæцард æстай фондз азы.
Бигъаты Джиуæрыл æвдай авд азы куы цыд, уæд æртыккаг усæн Олгинскæйæ æрхаста Габысаты Евгеняйы. Евгеня дæр Верычкæйы хуызæн рауад диссаджы хорз адæймаг. Джиуæр фæцард нæуæдз авд азы.
Дойаты Хъамболат Нинæйы æртыккаг усæн куы æрхаста æд чызг, уæд ыл цыд æхсай азæй фылдæр. Нинæйæн ма ам рацыд цот, иу лæппу æмæ дыууæ чызджы. Хъамболат фæцард æстай æхсæз азы.
Джеллыты Дадо Машинкайы æртыккаг усæн куы æрхаста æд чызг, уæд ыл цыд æстай цыппар азы (йæ дыууæ фырты хæстæй нал ссыдысты). Фæцард сæдæ фараст азы.
Уататы Садуллæйæн йæ дыккаг ус куы амард, уæд йæ цотæн (авд лæппуйы æмæ фондз чызджы) загъта Хъуыдайнаты ныхæстæ. Фырттæ йæ ской дæр нæ бауагътой (цыди йыл æстай æртæ азы), нæхæдæг дæм зилдзыстæм, зæгъгæ. Фæцард нæуæдз фараст азы.
Адонæй иуæн дæр агуыридурæй хæдзар нæ уыд. Пъолыл нæ, фæлæ сæ къулыл дæр гауыз нæ уыд. Сæ куыстытæ кодтой галтæй. Æцæг цардыл хæцыдысты размæ. Кастысты йæм мулчы нæ, фæлæ бинонты, сывæллæтты цæстæй.
Алы аз дæр къайад чи сфидар кæны, уыдонæн се ‘мбис фæстæмæ рахицæн вæййынц. Бирæтæ дзы афæдз дæр нæ фæцæрынц. Куы сæ фæрсай, цы кæнут, зæгъгæ, уæд дын зæгъдзысты: «Характерами не сошлись». Æндæр цы зæгъой, уый сæм нæ вæййы. Кæд хæдзары сывæллон фæзынд, уæд ис мад, ис фыдæй, сидзæрæй аззайы. Абон Уæрæсейы сидзæртæ ис, 1945 азы Советон Цæдисы цас уыдис, уымæй бирæ фылдæр. Ацы аллайаг хъуыддаджы Ирыстон дæр фæстейы нæ зайы. Ацы хъуыддагмæ нæ ахуыргонд адæм куы æркæсиккой. Наукон æгъдауæй бындуронæй куы равзариккой йæ аххосæгтæ. Уый фæстæ куы бацамониккой: кæд, кæм, куыд æмæ цы аразын хъæуы. Аразгæ та хицауад нæ, фæлæ адæм æмхуызонæй кæнæнт, чи куыд арæхсы, афтæ. Æрмæст уæд рацæудзыстæм къуырцдзæвæнæй. Куырмæджы архайын æмæ дзурын ницы дæтты. Æртын фондз азы фæдзырдтон нæ мыггаджы, сыхы, хъæуы лæппутæн. (кæмæйдæрты фехъуыстон, кæм цы зæгъын хъæуы, уый, дам, зоныс). Ницы пайда фесты мæ ныхæстæ. Иу дæр мæм дзы нæ байхъуыста.
Вæййы ныхас, ныртæккæ зын цæрæн у, зæгъгæ. Абарæм ма «хæсты сывæллæтты» цард абонимæ. Семæиу куы ныхас кодтон (мæхæдæг ацы хабæрттæн ницы зонын, æз хорз рæстæджы цардтæн), уæд иууылдæр дзырдтой æмхуызон. «Скъаппы дуар бакæн æмæ дзы æгæр-мæгуыр кæрдзыны къæбæр цы райсай, уый дæр нæй. Быдырты зылдыстæм: уалдзæг, сæрд — кæрдæджытыл, фæззæг, зымæг — хуыскъæлтыл». (Абон та урс дзул æнæ ахуыйæнæй ничи хæры). «Къæхтыл фæззæг, зымæг — хæцъил дзабыртæ, уалдзæг, сæрд та — бæгъæввадæй. Нæ хуыздæр дарæс — кæттагæй» (абон та джинс æмæ сæракæй хуыд дзаумæттæ).
Нæ сыхæгтæм уыд дæс сывæллоны. Хæдзары — æрмæст дыууæ сынтæджы. Иуыл дзы хуыссыд фыд (хæстæй цæфтæй ссыд) иннæйыл — мад йæ хъæбысы сывæллонимæ. Зæхбын хæдзары æппæрст хъæмпæй гобæттæ. Фараст сывæллоны та уыдоныл хуыссыдысты. Сæ хъæццултæ дæр — ницы бæллиццаг. Абоны кæстæртæн та ахæм хабар аргъау у.
Хæсты сывæллæттæй» æрмæст Фидараты дыууæ æфсымæры не скодтой бинонтæ.
“Рæстдзинад”-ы 11 январы номыры Майрæмыхъуаты Римæ фыссы. Кæддæр сывæллонæй йедзаг чи уыд, Хохы Дæргъæвсы, уыцы скъолайы ма ис æрмæст 18 ахуырдзауы. Æмæ быдыры хъæуты уавæр хуыздæр у? Нæ авдазон скъолайы фæндзайæм азты сывæллæттæ уыд цыппарсæдæйæ фылдæр, ахуыр кодтой æртæ радæй). Абон ма дзы ис 60 сывæллоны, иуæндæсазон уæвгæйæ. Иу мин æртæсæдæйы бæрц сывæллæттæ кæм уыд, уыцы скъолаты ма тыххæй ис дыууæсæдæйы онг.
Кæд æгæр нæ байрæджы, уæд афон у ацы хъуыддагыл зæрдиагæй, æмзондæй бакусын. Кæннод Ирыстоны фидæн бæллиццаг нæ уыдзæн.
Ивгъуыд аз нæ хъæуыл æрцыд фынддæс зианы. Чындзæхсæвтæ та дзы иу дæр нæ уыд. Æвдай азæй фылдæр кæуыл цыд, уыцы æнæус лæппутæй цалдæр се ‘нусон бынатмæ ацыдысты (зæрдиагæй сыл иу скæуæг нæ фæци). Нæ алыварс хъæуты дæр хъуыддаг хуыздæр нæу.
ДОЙАТЫ Костя, Зæронд Бæтæхъойыхъæу














