Рæствæндаг ут, фæсивæд!

0
319

 

Знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн уыд, æхсызгондзинад кæмæй райста, ахæм фембæлд. Сидзæр сывæллæтты хæдзæртты ацы азы рауагъдонтæ уазæгуаты, фыццаг хатт уыдысты Хицауады хæдзары.

— Уæ царды цы сыгъзæрин рæстæг ралæууыд, уымæн аргъ кæнын базонут, зындзинæдтæй ма тæрсут, афтæмæй ныфсджын къахдзæфтæй цæут уæ фæндагыл, — загъта фæсивæдæн Битарты Вячеслав. — Æмбарын æй, куыд зын уын у уæ уарзон хæдзар, уе ‘мбæлттæ, æмæ бирæ азты уæ фарсмæ чи уыд, уыцы хъомылгæнджытимæ хицæн кæнын. Фæлæ уæ царды схиздзыстут ног къæпхæнмæ. Тынг ахсджиаг у, абон хъæугæ чи у, ахæм хорз дæсныйад райсын. Алы хъуыддаджы дæр мах уыдзыстæм уæ фарсмæ.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй алы чызг æмæ лæппу дæр æвæгæсæг нæ уыдзæн. Ныр цалдæр азы хорз фæтк æвæрд æрцыд, министрадтæ æмæ ведомствотæ кæстæртыл хæрзаудæн кæндзысты, чи сæ цы дæсныйад равзара, уымæ гæсгæ.

Ахуырæн æмæ цæрынæн сын уыдзæн хорз уавæртæ, ахуыргæнæндæтты æмдзæрæнты сын бынæттæ уыдзæнис. «Хуры тын», «Виктория», «Надежда», Мæздæджы сидзæр сывæллæтты хæдзæртты минæвæрттæн фадат уыд республикæйы Сæргълæууæгимæ аныхас кæнын, фарстатæ йæм раттын.

Се ‘хсæн рауад хъарм, зæрдæбын ныхас. Чызджытæй иу Битары-фыртæн балæвар кодта хиконд нывæфтыд.

— Уæдæ мæнæй дæр айсут зæрдиаг лæвæрттæ, ныфс мæ ис, царды æмæ ахуыры рæстæг уæ кæй бахъæудзысты, — загъта Битарты Вячеслав æмæ фехъусын кодта æхсызгон хабар. Хæстæгдæр рæстæг Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæудзæн национкультурон центр æмдзæрæнимæ. Уым курдиатджын сывæллæттæн фадат уыдзæн ахуыр кæнынæн æмæ цæрынæн дæр. Кæронбæттæны, зæрдылдарынæн сæ къам иумæ систой.

Æдæппæт Цæгат Ирыстоны цы сидзæр сывæллæтты фондз хæдзары ис, уым хъомыл кæны 110 сывæллоны.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here