«Иры Стыр Ныхас»-ы Сылгоймæгты комитеты Алагиры районы хайады хъæппæрисæй Алагиры бынæттон хиуынаффæйады администрацийы уыд æмбырд. Архайдтой дзы районы хъæуты куырыхон æмæ дзырддзæугæ хистæртæ, адæм сæ цин æмæ сæ хъыджы бонты кæрты æгъдау кæй бар бакæнынц, фæкæсджытæ æмæ лæггадгæнджытæ сæ ныхасæн аргъ кæмæн фæкæнынц, уыдон.
Хистæрты катай æмæ мæты æфтауы, нæ нацийы генофонды уавæр къуырцдзæвæнмæ кæй æрцыд, уый. Кæстæрты фидæныл, сомбоныл сагъæс кæнгæйæ, дæргъвæтин ныхасы фæстæ иумæйагæй рахастой уынаффæтæ:
Фæсивæдæй бирæтæ сæ ныфс нæ хæссынц хъуыддаг бакæнынмæ. Фылдæр хатт æхцайы хæрдзтæ афтæ сбирæ вæййынц æмæ адæймаг йæ сæрæн ницыуал фæзоны. Бирæтæ суанг фæсарæнтæм дæр фæцæуынц куыстагур, чындзæхсæвы хæстæ бафидыны тыххæй. Уый фæдыл æмбырды архайджытæ рахастой уынаффæ: Чындзæхсæвты æмæ чызгæрвыстыты мадзæлттыл хæрдзтæ хъæуы зынгæ фæкъаддæр кæнын. Ныртæккæйы заманы лæппу чындзæхсæвыл 150 мин сомæй фылдæр куыд нæуал хардз кæна, афтæ. Кæрæдзимæ лæвæртты номхыгъдтæ куыд нал æрвитой. Фынгтыл хæринæгты хуызтæ куыд фæкъаддæр уой, афтæ.
Ныхас цыдис адæмы, зианы фæдыл хæрдзтæ къуырцдзæвæнмæ кæй æртардтой, уый фæдыл. Æмбырды архайджытæ бауынаффæ кодтой нæ фыдæлтæ мæрдæхсæвæр кæй нæ кодтой, уымæ гæсгæ йæ мах дæр хъуамæ мауал кæнæм.
Хæрнæджы фынгыл æвæрд цæуæд æрмæстдæр кæрдзын, фыдызгъæл, дæттæ. Карз нозт — къаддæр.
Чындзæхсæвы æмæ хæрнæджы фынгтæй Ирыстоны къуымтæм хæйтты дзæкъултæ æрвыст куыд нæуал цæуой. Сабæттаг фыссæм æрмæстдæр йæ боны. Æцæгæлон адæмы хардз — 500 сомы.
Лæггадгæнджытæн (ингæнкъахджытæн, æфсинтæн) лæвæрттæ куыд нал кæнæм.
Æддагон бынæттæм мæрддзыгой цы хæдзарæй цæуа, уыцы хæдзар мæрддзыгойæн фынг куыд нæуал æвæра.
Æртыккаг къуырцдзæвæн у карз нозт. Уый фæдыл бауынаффæ кодтой:
— нæ сыгъдæг фыдæлтыккон кувæндæттæм карз нозт хæссыны бар куыд нæуал уа, афтæ. Бахъахъхъæнæм сæ расыггæнджытæй æмæ æгъдаухалджытæй; — цины фынгтыл дæр æмæ хæрнæджы фынгтыл дæр карз нозты бæрц къаддæргонд куыд æрцæуа, афтæ; — сылгоймæгты фынгтыл карз нозт æвæрыны бар куыд нæ уал уа, афтæ.
Адæм бафæлладысты æгæрон æнæгъдаудзинæдтæй. Æрвылбон уыцы уагæн нæхæдæг æвдисæн вæййæм кæм зиан, кæм чындзæхсæвы, уымæн æмæ ирон адæм сæ цин æмæ сæ хъыджы дæр сты сæ мыггаг, сæ сыхбæстæ, сæ хъæубæстæ, сæ хиууæтты фарсмæ. Æмбырды ацы «æгъдæутты» ныхмæ раныхас кодтой Сылгоймæгты комитеты районы хайады сæргълæууæг Æмбалты Тамарæ, «Иры Стыр Ныхас»-ы Алагиры районы хайады сæргълæууæг Годжиты Хъазыбег, Сылгоймæгты комитеты сæргълæууæг Махъоты Иринæ, Алагиры районы æгъдæутты комитеты сæргълæууæг Абойты Толик, Уырымты Барис, Токты Валодя, Фæрниаты Ритæ, Хъараты Зинæ, Мамытты Петя, Къадзаты Будзи, Пагæты Таймураз, Дзугкойты Хасан, Гæззаты Мæирбег æмæ иннæтæ.
Хицæн ныхас рацыд, зианы рухс зæгъынæн цы нозт æрæвæрынц, уымæй бирæтæ сæ къухтæ кæй фехсынц, уый тыххæй. Уый у тынг æнаив æмæ æнæраст хъуыддаг. Дзугкойты Хасан уый тыххæй уайдзæф бакодта сылгоймæгтæн. Уыдон-иу иуварс мигæнæны дон куы æрæвæриккой хисæрфæнимæ, уæд нозтæй йæ къух ничи æхсид, зæгъгæ. Уæдæ куыд фæстагмæ афтæ, зианæн мæрдæхсæвæр аразыны хъуыддаг цæлгæнæн ссис. Кæрты дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ æрæвæрынц æмæ нæлгоймагæйсылгоймагæй иууылдæр æрбадынц. Уый та кæцæй райстам?
— Æгъдау бинонтæй цæуы, æмæ цалынмæ уыцы бинонты сæргъы йæ ныхасæн аргъ кæмæн кæнынц, ахæм нæлгоймæгтæ нæ уа, уæдмæ уыдзыстæм зыгъуыммæтæ, — загъта Махъоты Иринæ.
ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ














