Адæмæн уыдзæн ног цæрæнбынæттæ

0
483

 

Нæ республикæйы цы алыхуызон федералон æмæ республикон нысанмæарæзт программæтæ æххæстгонд цæуы, уыдонæй иу у «Цæрынæн чи нал бæззы, ахæм хæдзæрттæй адæмы ног цæрæнбынæттæм раивыны» программæ. Царды йæ рауадзыны тыххæй республикæйы ныртæккæ цы арæзт цæуы, уый тыххæй хабар фехъусын кодта Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрад.

Афтæ, программæйы фæлгæты ныртæккæ арæзт цæуынц дыууæ бирæфатерон хæдзары — иу Рахизфарсы районы Беслæны, иннæ та — Горæтгæрон районы Майскийы хъæуы.

Беслæны ног микрорайоны ацы азы кæронмæ фæзындзæн фондзуæладзыгон хæдзар. Уыдзæн дзы 60 фатеры. Æрбалидздзысты йæм, ныртæккæ кæлæддзаг хæдзæртты чи цæры, Беслæны æмæ Хуымæллæджы уыцы цæрджытæ — æдæппæт 198 адæймаджы, кæнæ та 60 бинонтæ. Цæрынæн чи нал бæззы æмæ уымæ гæсгæ хæлд чи æрцæудзæн, уыцы хæдзæртты иумæйаг фæзуат уыдзæн 2 494 квадратон метры. Арæзтадон куыстытæ ныртæккæ сты сæ тæмæны. Программæйы куыд амынд ис, афтæмæй хæдзарæн йæ арæзтады аргъ у 74,81 милуан сомы. Уыцы æхцайæ 49,50 милуан сомы сты программæйæн йæхи хæрдзтæ, 9,50 милуан сомы — республикон бюджеты хæрдзтæ æмæ 15,95 милуан сомы — бынæттон бюджеты хæрдзтæ. Куыстытæ æххæст кæны æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Дом».

Æртæуæладзыгон хæдзар аразынц Майскийы хъæуы дæр. Уыдзæн дзы 28 фатеры. Ардæм æрбалидздзысты Майскийы хъæуы цæрæг 122 адæймаджы, кæнæ та 28 бинонтæ. Уыдон ног хæдзармæ куы æрбалидзой, уæд хæлд æрцæудзæн, цæрынæн чи нал бæззыд, ахæм кæлæддзаг хæдзæртты 1 391,3 квадратон метры. Хæдзараразæг у æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Чермен-2020». Куыстытæн сæ 30 проценты ныридæгæн сты цæттæ. Кусджытæ кусынц дыууæ радæй, æмæ, хæдзар йæ ‘мгъуыдмæ гæсгæ, ома, афæдзы кæронмæ цæттæ кæй уыдзæн, уый гуырысхойаг нæу.

З.АГЕЕВА

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here