Зындгонд куыд у, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы фæстаг 11 азы æххæстгонд цæуы сывæллонджын бинонтæн æххуысы паддзахадон программæ. Уыцы азты дæргъы Цæгат Ирыстоны ныййарæджы капиталы тыххæй сертификаттæ чи райста, уыцы бинонтæн паддзахадон æххуысы хуызы дихгонд æрцыд 10,1 миллиард сомæй фылдæр.
Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Пенсион фонды Цæгат Ирыстоны хайады пресс-службæ.
Абоны онг нæ республикæйы 52 мин бинонтæ систы ныййарæджы капиталы тыххæй сертификатты хицæуттæ. Уыдонæй ныридæгæн 27 мин бинонтæ спайда кодтой ныййарæджы капиталы фæрæзтæй.
Бæрæг куыд у, афтæмæй ныййарæджы капиталы фæрæзтæ схардз кæнæн ис цалдæр нысаныл: бинонты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, сывæллæтты ахуырадыл, мады фидæны пенсимæ бафтауыныл, сахъат сывæллæтты социалон адаптаци æмæ уыдонæн хъæугæ товартæ æлхæнынæн æмæ лæггæдтæ исынæн. 2018 азы 1 январæй фæстæмæ бинонтæн ис капиталы фæрæзты иу хай æрвылмæйон социалон æххуысы хуызы исыны бар. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ахæм æрвылмæйон социалон æххуысы бæрц у 9 372 сомы.
Пенсион фонды прессслужбæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, сертификат райсæг бинонтæн сæ фылдæр хай ныййарæджы капитал схардз кодтой сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Ахæм бинонтæ сты 26 минæй фылдæр (ома, æппæт бинонты 96 проценты бæрц). Уыцы нысанæн Пенсион фонд радих кодта 10 миллиард сомæй фылдæр. Зæгъæм, 9,8 мин бинонтæ уыцы фæрæзтæй сæхгæдтой сæ цæрæнуатон кредитты иу хай. 16,2 мин бинонтæ та ныййарæджы капиталы фæрæзты æххуысæй балхæдтой цæрæнуæттæ.
Уымæй уæлдай, бинонтæ Пенсион фондмæ æрбалæвæрдтой 1 мин курдиатæй фылдæр, цæмæй капиталы фæрæзтæ хардзгонд æрцæуой сывæллæтты ахуырадыл. Уыцы нысанæн Пенсион фонд радих кодта 73 милуан сомы бæрц.
8 бинонтæ та курдиæттæ æрбалæвæрдтой, цæмæй капиталы фæрæзтæ схардз кæной сæ сахъат сывæллæтты социалон адаптаци æмæ æхсæнадон интеграцийыл. Уыцы нысанæн ведомство радих кодта 428 мин сомы.
2018 азы 1 январæй фæстæмæ та ныййарæджы капиталы сертификатты иу хай æрвылмæйон социалон фиддоны хуызы исыны тыххæй курдиат æрбалæвæрдтой 49 бинонтæ. Уыдонæй уал ныридæгæн 40 бинонтæ æрвылмæйон фиддоны хуызы исын райдыдтой фæйнæ 9 372 сомы. Иннæты курдиæттæм дæр каст цæуы.
Куыд зонæм, афтæмæй ныййарæджы капиталы тыххæй паддзахадон программæйы æмгъуыд адарддæр кодтой 2021 азы 31 декабры онг.
Нæ уацхæссæ














