Нормæйæ цалдæр хатты фылдæр

0
560
Glass filled with drinking water from tap, isolated on the white background.

 

Цæгат Ирыстоны хъæутæ нуазыны дон хардз кæнынц нормæйæ цалдæр хатты фылдæр.

Сæрды нуазыны донæй хъæутæ ифтонг кæныны фарста нымад вæййы вазыгджыныл (фæлæ донуадзæн хæтæлтыл æвæрд нымайæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй хъæутæм æфты фаг дон).

Зæгъæм, республикæйы донуадзæнты хæдзарады специалисттæ куыд банымадтой, афтæмæй сæрды Хæзныдоны цæрæг адæм бонмæ дон хардз кæнынц нормæйæ 12 хатты, сечерæгтæ — нормæйæ 11 хатты, джызæйлæгтæ — нормæйæ 9 хатты, Дæллаг Санибайы цæрæг адæм та — нормæйæ 7 хатты фылдæр. Уыимæ, афæдзы уазал афон адæм дон нормæйæ фылдæр нæ хардз кæнынц.

э — Бынæттон цæрджыты нымæц рæвдз кæм рæзы, кæнæ донуадзæн хæтæлтæ кæм баихсыдысты, ахæм хъæутæ нæм ис. Кæм бахъæуы, ахæм хъæуты сæвæрæм ног донуадзæн хæтæлтæ. Иутæ сæ цæхæрадæттæм парахатæй кæй бауадзынц, иннæтæн уыцы нуазыны дон нæ фаг кæны, — зæгъы Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Сохъуырты Альберт.

Ныртæккæ нæ республикæйы иу адæймагмæ бонмæхауæг доны хардзкæнынады нормæ у 0,25 кубометры. Ацы бæрц сфидар кодта республикæйы Æргъты службæ.

— Уавæр банывыл кæнæн ис индивидуалон хардзкæнынады нымайæнтæ иумæйагæй сæвæрыны фæрцы. Адæймаг донæн хардзгонд бæрцмæ гæсгæ кæй фиддзæн, уымæ гæсгæ дон зæхмæ калыны фæнд скæнæг адæймæгты нымæц фæкъаддæр уыдзæн. Дон æгæр бирæ чи хардз кæны, уыдонæн нымайæнтæ æвæрынæй пайда нæй, — зæгъы донуадзæнты куыстуаты директор Куыдзойты Владимир.

Донæй ифтонгады уавæр рабæрæг кæнынæн Сохъуыры-фырт районты æмæ хъæуты сæргълæуджытимæ рæстæгæйрæстæгмæ фембæлы. Зæгъæм, Рахизфарсы районы хъæутæм дон цас æфты, уый рабæрæг кæндзысты. Уымæй уæлдай, адæмимæ иудадзыг æмбарынгæнæн куыст æххæст кæндзысты.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here