Гасситы Мураты фарсхæцджытæ абалц кодтой Мæскуымæ

0
351

 

Зындгонд куыд у, афтæмæй 21 июлы Мæскуыйы Боксы дунеон суперсерийы кæронбæттæны не ‘мзæххон ГАССИТЫ Мурат фембæлдзæн Украинæйы минæвар Александр УСИКИМÆ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы зынгæ спортивон цау стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæны спортуарзджытæм, уæлдайдæр та — ирыстойнæгтæм. Не ‘мзæххонтæй фадат кæмæн ис, уыдонæй бирæтæ ацæудзысты Мæскуымæ, цæмæй сæхи цæстытæй бакæсой уыцы тохмæ. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй турниры кæронбæттæнмæ абалц кæндзысты цалдæр сæдæ адæймаджы. Уыдоны фыццаг къорд уал знон араст Мæскуымæ. Иннæ къордтæ Дзæуджыхъæуæй ацæудзысты абон.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here