Аивгæнæн куыстытæ парахатæй кæм цæуынц, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг ÆЛБЕГАТЫ Барис æмæ Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Сохъуырты Альберт горæты бирæуæладзыгон хæдзæртты ахæм кæртытæ инспекцион уагæй бабæрæг кодтой. Ацы аз рацараздзысты хæдзæрттæм æввахс 26 территорийы.
Мин адæймагæй фылдæр кæм цæры, ахæм цæрæн бынæтты территоритæ аив кæныны æууæл чи амоны, дыккаг аз Уæрæсейы Президенты бардзырдмæ гæсгæ æххæст кæнынц ахæм фыццаградон проект «Удæнцой горæтаг уавæрты арæзтад». Кутузовы уынджы 71-æм æмæ Къостайы проспекты 292-æм хæдзæртты кæртыты цалцæггæнæн куыстытæ парахатæй цæуынц. Асфальты уæлцъарæй сывæллæтты хъазæн фæзты онг алцы ногæй аразынц. Æлбеджы-фырт æмæ бынæттон цæрджытæ цалцæггæнæн куыстыты пъланмæ иуæй-иу ивддзинæдтæ бахастой.
— Нæ горæты кæртыты фылдæр хай нывылгæнинаг у. Программæ «Удæнцой горæтаг уавæрты арæзтад» нын дæтты 5 азмæ бирæ кæртытæ бафснайыны æмæ афтæмæй горæтæгты царды уавæртæ фæнывыл кæныны фадат. Республикæйы разамынд æмæ горæты администраци ацы куыстыты цыдмæ иудадзыг цæст дарынц, — загъта Æлбеджыфырт.
Хъуыддагмæ бар чи дары, ацы аз программæ сарæзтой ахæм адæймæгты — бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрæг адæмы æмæ кусæндæтты фæндæтты бындурыл. Дихгонд фæрæзты фылдæр хай ацы аз Центрон парчы рацарæзтыл кæй бахардз кæндзысты, уымæ гæсгæ ацы аз бабиноныг кæндзысты 26 кæрты (ома, фаронимæ абаргæйæ, 31 кæрты къаддæр). — Программæ куыд æххæст кæнынц, уымæ цæст дарæм, республикæйы Сæргълæууæгæн æрвылбон дзуапп раттæм, — загъта Сохъуыры-фырт. —
Аивгæнæн куыстытæн æхца фидынц федералон, республикон æмæ бынæттон бюджетты хардзæй. Проект фæрæстмæ уыдзæн æви нæ, уый кæмæй аразгæ у, уыцы бынæттон адæмимæ иудадзыг ныхас кæндзыстæм, — загъта Æлбегаты Барис.
Нæ уацхæссæг














