Дендрарийы фæзындзæн спортивон фæз

0
518

Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы сæргълæууæг ÆЛБЕГАТЫ Барис Дзæуджыхъæуы дендрарийы цы æмбырд сарæзта, уым æрдзырдæуыд горæтæгты уарзондæр фæлладуадзæн бынæттæй иуы фæлгонцадыл.

Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæ. Ныхасы архайдтой горæты администрацийы бæрнон кусджытæ, стæй йæ структурон дæлхайæдты разамонджытæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй дзæуджыхъæуккæгтæй бирæтæ фæлладуадзæн бынатæн арæхдæр равзарынц дендрари. Уæлдай фылдæр адæм дендрарийы сатæг бынæттæм атындзынц фæлладуадзæн бонты — куыд фистæгæй тезгъогæнджытæ, афтæ велосипедисттæ дæр. Цымыдисаг сты, парчы цы 200 фылдæр алыхуызон бæласы æмæ зайæгойы ис, уыдон дæр. Уыимæ, се ‘хсæн ис, цæвгар азтæ кæуыл рацыд, ахæм бæлæстæ дæр. Тагъд рæстæджы уыцы бæлæсты раз сæвæрдзысты сæрмагонд информацион фæйнæджытæ — фыст сыл уыдзæн, цавæр бæлас у, стæй кæд сагъд æрцыд æмæ афтæ дарддæр.

Фембæлды архайджытæ сæрмагондæй æрныхас кодтой дендрарийы территорийыл спортивон фæз саразыны фарстайыл. «Горæты цæрджытæ администрацимæ бирæ курдиæттæ æрбарвыстой, цæмæй дендрарийы арæзт æрцæуа нырыккон спортивон фæз. Ацы фарстайыл æрдзырдтам сенатор Фадзайты Арсенимæ дæр. Куыд бауынаффæ кодтам, афтæмæй ацы парчы тагъд рæстæджы фæзындзæн, алыхуызон тренажертæ кæм уыдзæн, ахæм спортивон комплекс», — æмбырды кæронбæттæны фæнысан кодта Æлбегаты Барис.

Администрацийы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ цæттæгонд цæуы спортивон фæзы проектон документаци. Объекты арæзтады фæдыл конкурс куы ахицæн уа, уæд аразджытæ сæ куыстмæ бавналдзысты.

 Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here