“Хольцман”-ы цæрджытимæ фембæлд

0
668

Æрæджы Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг ÆЛБЕГАТЫ Барисæн уыд хъуыддаджы радон фембæлд горæты цæрæг адæмимæ.

Ацы хатт Æлбеджыфырт фембæлд “Хольцман”-ы цæрджытимæ. Дæсгай адæймæгтæ æрбацыдысты Культурæйы хæдзармæ горæты разамонæгмæ фæрстытæ комкоммæ уагæй радтынмæ, стæй цы фарстатыл сæмбæлынц, уыдон алыг кæныны хъуыддаджы æххуыс агурынмæ.

Горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Таматы Майрæн, Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы префектурæйы разамонæджы фыццаг хæдивæг Дзотты Ацæмæз æмæ структурон дæлхайæдты разамонджытæ кæм архайдтой, уыцы æмбырды ныхас цыд районы фæлгонцады, бирæфатерон хæдзæртты зынгсирвæзты æдасдзинады æмæ æндæр фарстатыл.

Федералон нысаниуæджы зæхх республикон исбонадмæ раивыны фадат ис æви нæ, зæгъгæ, æмбырды архайджытæ хицауиуæггæнæг адæймæгтæм ахæм фарст радтой. Æфсæддон городок «Весна»-йы (адæм æй хонынц «Хольцман») территори бирæ азты дæргъы федералон исбонадмæ кæй хауы, уый аххосæй адæм æмæ хицаудзинад алыхуызон зындзинæдтыл сæмбæлынц.

— Архайæм ацы фарста алыг кæныныл. Æфсæддон городокы территори хауы Хъахъхъæнынады министрадмæ. Уæ хорзæхæй, ацы зæххы хай горæты исбонадмæ раивут, зæгъгæ, амæй размæ министрадмæ ахæм курдиат барвыстам. Фарста алыг кæныныл архайдзыстæм. «Хольцман»-ы территорийы исбонады фарстамæ аздахын æмбæлы сæрмагонд æргом. Ацы фарстайыл дарддæр æрныхас кæныны тыххæй районы минæвæртты æрбахуыдтон горæты администрацимæ, — загъта Æлбеджыфырт.

Ныхас цыд цæрæнуæтты зынгсирвæзты æдасдзинады фарстайыл дæр. Районы цæрæг сылгоймæгтæй иу куыд загъта, афтæмæй иуæй-иу бирæуæладзыгон хæдзæртты царты бамбырд сты æдасдзинады фæтк халæг зæронд дзаумæттæ. Уынаффæйадон компанийæн бахæс кодтой цыбыр рæстæгмæ ацы фарста алыг кæнын.

 Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here