Зæхмæ хæстæгдæр

0
650

 

Мæнæ цы цард æрцыди! Бирæ хатт дыууæ æфсымæры иу хæдзары нал фидауынц. Ницытæ æмæ мацытæ! Сæныччы хъусыл кæрæдзи хъуынхъис ныттыдтой, кæрæдзи бахордтой. Сæ ныййарæг, уынгæджы фæуай, удаистæй, йæхи хойгæ, сæ уæлхъус алæууыд, йæ кæлмæрзæн се ‘хсæн æрытыдта, фæлæ йыл уыдон цъыф къахæй балæгæрстой. Мады намыс, ирон æфсарм сæ къæхты бын банай кодтой. Æмæ-иу раздæр цалдæр æфсымæры дæр иумæ мыдыкъусы цард куы кодтой. Хистæрты намыс сæ сæрмæ, тырысайау, куы хастой…

Мæнæ цы цард æрцыди! Дыууæ чындзы кæрæдзимæ фæлæбурдтой, кæрæдзи æрфаринтæ кодтой, æрыстыгътой. Сых сæм иргъæвынмæ æрæмбырд сты. Æмæ-иу раздæр дыууæ файнусты кæрæдзийæ хотæ куы загътой, се ‘фсинæн та йæ чызджыты хуызæн куы уыдысты. Ныр чындз æфсин у, æфсин та — чындз. Сæ хицæутты цармæ схизын кодтой, стардтой сæ цармæ сæ чындзытæ.

Мæ мад йæ хицаумæ уайсадгæ куы кодта, уæд-иу æз та се ‘хсæн тæлмацгæнæджы хуызæн уыдтæн. Мæ фыдыфыдмæ фæстагмæ уый хорз нал кастис. Мæнæ диссаг, мæ чындзы ныхас нæ фехъусгæйæ, дам, мæ мæрдтæм куы ницы бахæццæ уыдзæн. Æртæ уæливыхы скæнын кодта æмæ йæ чындзы (мæ мады) йæхимæ сдзурын кодта.

Уый фæстæ мах, сывæллæттæ, æнæкъулбадæг, æнæкъæбæда кæм уыдаиккам. Æрдзæй хъæлæсджын рахаста мæ мад æмæиу ныл куы ныйилæлæй кодта, уæд-иу зæронд лæг йæ сæр аныхта, ома дæ фæлтау куы нæ сдзурын кодтаин. Мад та, фырæфсæрмæй, руади, йæ удæртау хауди, хынцъыйы йас дæр-иу нал уыдис, мастæй йæхи йæхимидæг хордта…

Мæнæ цы цард æрцыди! Дыууæ сыхаджы се ‘хсæн арæны уылынгбæрц, уыдисныбæрц зæххы уадздзагыл сæ кæрæдзиимæ кард æмæ фыд систы. Адæмтæ æддæг-мидæг ауайынц. Фыдгæнджытæй чидæртæ систы хицæуттæ æмæ кæйдæр сæрибардзинадмæ, кæйдæр зæххытæм ныхилынц. Сæ дудгæбæттæй та рæстуд фыдæбонгæнæг йæ къух йæ дзыхмæ схæссынхъом нал у.

Зæххытæ, зæххытæ… Зæхх бирæ кæйдæрты батыдта, фæлæ йæ мах никуы батондзыстæм. Бирæтыл хур дæр нал æххæссы æмæ арв дæр. Цæмæн афтæ у? Цы бæллæх у? Цæмæн судзæм дывыдон арты, чидæртæ та йæм цæмæн тавынц сæ къухтæ?

Хорз, дам, — фæдисмæ, æвзæр та — къæбицмæ. Хорз, дам, ды у, амонд та мæн уæд. Ахæм хъуыдыйыл хæст уæвгæйæ, бирæ æвзæртæ систы къæбицгæстæ, æмæ цавæрдæр хæддзу уазджытæн — мурзæджы фæлмæн хæйттæ, лæггадгæнджытæн та — фæрсчыты каухалæнтæ.

Лæггадгæнджытæ, адæмæн лæггадгæнджытæ… Чи дзы æртгæс уыди цæджджинаджы раз æмæ дзы ала ныххызт, сæгæй дзы ницыуал зынди, чи та æргъæвд топпау, цырагъау уырдыгæстæгæй, дзагдарæй бадты адæмæн фæлæууыд. Чидæр та йæ къух уазал доны дæр нæ атылдта, афтæмæй — нардуара. Йæхи хуызæттæн æгъдæуттæ кæны искæй фæллойæ, цыма сæ йæхи хæдзарæй фæдæтты. Хорз æфсин, дам, йæхæдæг æххормагæй баззайы, уый та къæбицы уырды хуызæн сси. Бакæс æм, уæд фырнæрдæй лæу-лæу кæны.

Лæггадгæнджытæ, лæггадгæнджытæ… Мæ мадымад Гагуылен (Гаге йæ хуыдтам) уазæгæн цæрæнбонты йæ армытъæпæн фынгæн дардта. Сатанайау нæртон ус уыди. Искæмæн балæггад кæнын — йæ уд æмæ йæ цæст. Куы æрсади, куы æртарф, уæддæр ма йæхи йæ арынгмæ ивæзта, мæ уазджытæ мæ, мыййаг, зæрдæхудтæй куы ацæуой, зæгъгæ.

Фарн дæм бадзурæд, газеткæсæг, фæлæ мæ каис Мæргъиты Ефимы кой куыд нæ скæнон. Йæхицæй кæстæрдæртæй дæр æфсæрмы кодта. Йæ чъиухиды фæллойæ дарддæр йæ хæдзармæ иу судзгæ судзин дæр никуы æрбахаста. Уæхскуæзæй фæкуыста йæ бинонты, адæмы хорздзинадæн. Хистæримæ хистæр уыд, кæстæримæ — кæстæр. Йæ фæлмæн ныхас удæн — æвдадзы хосау, йæ хъазæн ныхасæй-иу зæрдæ райхæлдта. Зиуы дæллаг галау уыд, фæдисы — æппæты разæй. Никуы никæй зæрдæхудт райста, никæй зæрдæхудты бацыди. Уыцы иугъæдон, иударон раст лæгæй фæцарди. Йæ мæлæты размæ ма сæ сыхæгтæм цыдæр хъуыддаджы кусарт дæр акодта. Æвæццæгæн, æргуыбыр кæнгæйæ æмæ тыхæвнæлдæй, сæры тугдадзин аскъуыд. Никæмæн ницы схъæр кодта, йæ сæрмæ нæ бахаста йæ лæмæгъдзинад равдисын. Йæ фидар нæртон хъару ма йæ йæ хæдзармæ æрбахаста æмæ уым фæци. Хæрзиуджытæ йын ницы баззади, йæ хуыздæр хæрзиуæг — адæмы уарзондзинад. Уымæй хуыздæр хорзæх æй нæ хъуыдис æмæ уæвгæ дæр нæй уымæй хуыздæр хорзæх.

Мæ фыды фыд цæрæнбонты Ногиры колхозы куысты рафтыди. Колхозтæ фыццаг аразын куы райдыдтой, уæд фыццаг аразджытимæ уыдис уый дæр. Куы амарди, уæд нын цыдæр хицаугонды цæст нæ бауарзта чырынæн цалдæр фæйнæджы раттын хырхæйфадæнæй. Цы ма загъдæуа? Ам дзурыны сæр ницæмæнуал хъæуы. Хорз, дам, ма ракæн æмæ фыд ма ссарай, зæгъгæ, æмбисонд ыл æрцыд. Хицау у адæмы тыххæй, адæмæн лæггадгæнæг, фæлæ адæм мæн тыххæй сты, зæгъгæ, цы хицау фæзæгъы, уый хицау нæу, фæлæ фыдзæрдæ æлдар.

Хуссар Ирыстоны æвирхъау, æбуалгъ цаутæм-иу зæрдæ ныккæрзыдта, сæрыхъуын арц сбадт, зæрдæйы тугтæ ныккалдысты. Мадæлтæ сæ рæзгæтимæ схæтæнхуаг, схауæггаг сты, кæд сæ сæ фæсхохаг æмтуг адæм сæ зын рæстæг фæцудын нæ уагътой, уæддæр. Фæлæ райгуырæн зæхх мады ад кæны æмæ йын дзæкъулы рахæссæн куы уаид, бæргæ.

1920 азы мæ фыдæлтæ дæр, гуырдзиаг меньшевикты азарæй, уыдон хал ахордтой — кæугæ æмæ дзыназгæйæ ралыгъдысты Цæгат Ирмæ. Фыццаг каукъул æмæ æлыгбын хæдзæртты цардысты, стæй — ныккæндты. Ахæм каукъул хæдзарæн, дам, иу ранæй иннæ ранмæ дæр уыд ахæссæн, йæ цыппар фисыныл ын схæц, афтæмæй. Фæлæ бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ сæ тугвæллойæ фæхъуыртхъом сты, стæй бынтондæр сæ къæхтыл слæууыдысты, сцæрæг сты.

Бирæгъ уымæн бирæгъ у æмæ хъуамæ цуан кæна, лæбургæ кæна, уымæн æмæ тугдзых сырд у. Уæдæ цы кæна, цы фæуа, цæмæй цæра? Афтæ йын сныв кодта йæ æрдз, йæ Хуыцау. Ам нæдæр худæн ис, нæдæр — мæстыгæнæн. Фæлæ, æмбаргæйæ, адæймаг куы сбирæгъ вæййы, уæд дзы уымæн æмбал нæй. Æмбаргæйæ æвзæр ма у, æндæр æз æнæмбаргæтæй æвзæр нæ зонын!.. Сындз сындз у, уымæн æмæ йын афтæ æмбæлы. Фæлæ адæймаг адæймагæн цæстысындз куы фесты, уæд уый та куыд æмбаргæ у?.. Калм калм у, маргдæндаг, уымæн æмæ йын афтæ æмбæлы. Æмæ ма калмы марг хос у. Фæлæ адæймаджы зæрдæйы калм тымбылтæй куы фæхуыссы, куы свæййы маргæвзаг, уæлдайдæр та йæ марг йæ дæлæвзаг куы фембæхсы, уæд уый та куыд æмбаргæ у?.. Æз уыдæттæ не ‘мбарын…

Мæн никуы бауырндзæн, Гагуылен æмæ Мæргъиты Ефимы хуызæн хуымæтæг зæххон адæймæгтæ искæмæн æнæхъуаджы маст скодтаиккой, уый. Уыдон сæхæдæг дæр, зæххау, уыдысты фыдæбонгæнæг, рæстуд. Уый йæ къæхтæ зæхмæ кæмæн нæ хæццæ кæнынц, уый кæны хæрæгæй хуым, куыдзæй най. Уыдон та зæхмæ хæстæгдæр кæй уыдысты, уымæн уыдысты зæрдæджындæр. Зæхмæ хæстæгдæр…

Чидæр йæ сæнæфсир æрæгмæ бахсæста æмæ, дам, мын йæ дон фæтагъди. О, гормон, уый дон нæу, фæлæ йæ цæссыг фæтагъди, йæ хъæдгомæй йæ туг фæмызти. Чидæр хъугæй фæхицæн кодта йæ роды, æмæ ныр кæрæдзимæ æмбуйæ уасынц. Хъуг, дам, базæронд æмæ бинонты фаг дæр æхсыр нал кæны. Æмæ йын ныр хъуамæ кард йæ хурхмæ æрдарой. Афтæмæй уал æмæ уал азы йæ хъаймагъæй урсагхъуаг никуы фесты. Сойуырз, сойбыл дзы уыдысты бинонтæ дæр æмæ æддаггæттæ дæр.

Зæхмæ хæстæгдæр… Цом-ма, мæ куыствæллад, мæ куыстæфхæрд æмгар, хъæдмæ. Немæ дзул æмæ цæхх ахæссæм. Сбадæм зæххыл давæтты ‘хсæн тъæпæн æмæ нæхи хорз фенæм. Уырны мæ, уыцы рæсугъддзинады, уыцы сыгъдæгдзинады фæлидздзæн нæ фæллад, ферох нæ уыдзысты нæ мæстытæ. Бузныг уыдзыстæм сфæлдисæгæй, ахæм амонд нын чи радта. Фæстæмæ ма, уæлдай амондæн, сæнчытæ стигъгæ дæр рацæудзыстæм.

Зæхмæ хæстæгдæр… Кæд дæ цæхæрадон рувгæйæ, бæрзонддæр нартхæртты аууон, сидзæрхалæй, ныллæгæй цы нартхор баззад, уый йæ хæмпæлгæрдæгæй суæгъд кодтай æмæ уымæй дæхæдæг дæр фæдæ бæрзонддæр, сырæзтæ, уæд ды дæ адæймаг. Зæхмæ хæстæгдæр… О, æрдз дæр, зæхх дæр зонынц мæсты кæнын: зынгкалæг хæхтæ срæмудзынц, арв æмæ зæхх кæрæдзи ныххойынц, банкъуысы зæхх, денджызтæ сæ былгæрæттæ бахсынынц… Фæлæ æрдз йæ мæстытæй æрмæст йæхи сыгъдæг кæны, кæд адæймагæн фыдбылызтæ дæр æрхæссы, уæддæр. Уый зæхх йæ мæстытæй йæхи сыгъдæг кæны, цæмæй йæ уæлæ æнусон уалдзæг дидинæг æфтауа. Адæймаджы маст та у фыдбылызхæссæг.

Трамвайы бадынц мад æмæ фыд сæ сывæллæттимæ. Сæ разы æрлæууыд, фырзæрондæй гуиноны къæдз чи ныцци, ахæм зæронд ус. Абабау, читт дæр сæ ничи фæкодта. Зæронд ус, дзой-дзойтæгæнгæ, сæ разы уырдыг фæлæууыд. Чидæртæ сын бауайдзæф кодта, фæлæ фесхъиудтой, калмы сæрыл цæхх куыд акæнай, уыйау. Исты, дам, нæ хæдзары базæронд. Æмæ фыццаг бакастæй — тæхудиаг бинонтæ. Куынæма сæ базыдтон, уæд Къостайы ныхæстæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты: æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц. Фæлæ мыл ныр, цыма, исчи уазал дон æрбасæххæтт кодта, уыйау фæдæн. Мæхæдæг мæхицæй фефсæрмы дæн. Мæ сæр банкъуыстон, зæгъын, сæхæдæг чи сты æмæ цы сты, æмæ сæ сывæллæтты цы хорздзинадыл хъуамæ сахуыр кæной. Мæ зæрдæ мæ ацы хатт фæсайдта. Залгъæды къудзи дæр рæсугъд бурдидинæг калы, фæлæ йæ фос куы нæ фæзонынц, маргджын у, уый, æмæ дзы афтæмæй куы бахæрынц, уæд мæлгæ дæр акæнынц.

Æмæ та мæ цæстытыл ауадысты мæ фыдыфыд Бола, Гагуылен, Мæргъиты Ефим. Нырма адæмы ‘хсæн цас арæнтæ ис, цас! Уыдон æрмæст зæххыл нæ цæуынц, фæлæ — зондæй зонды ‘хсæн, зæрдæйæ зæрдæйы ‘хсæн.

 АБАЙТЫ Эдуард

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here