«Нæ ныхас сæххæст кæндзыстæм. Ног, æнцонвадат, лæгъз æмæ уæрæх фæндаг байгом кæндзыстæм ацы фæззæджы, — зæгъы фæндæгтæ аразæн куыстуат «Алания»-йы генералон директор ЧЕЛÆХСАТЫ Сослан. — Бадзырдмæ гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæн радих кодтой дыууæ азы, фæлæ сæ мах æмгъуыдæй раздæр сараздзыстæм. Ис нæм профессионалон æмæ фæлтæрдджын специалисттæ, хорз техникæ, нæ зæрдæ дарæм сæ хæрзхъæд куыстыл. Ацы фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæн къуылымпыдзинæдтæ нæ уыдзæн», — зæгъы организацийы хицау
Ныртæккæ Ставд-Дурты хъæумæ фæндагыл куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты, фæндагаразджытæ бындзарæй калынц зæронд бæлæстæ, ласынц сæ æмæ, былгæрæттæ лæгъз кæнгæйæ, уым хуыр кæнынц. «Бацархайдзыстæм, цæмæй ног фæндаг фылдæр азты балæггад кæна адæмæн. Цæмæй æдас уа, уый тыххæй йын йæ фæйнæфæрстæ хуырæй сфидар кæндзыстæм. Йæ арæзтадмæ гæсгæ фæндаг хауы цыппæрæм техникон категоримæ, йæ дæргъ у 6,3 километры, йæ уæрх — 6 метры. Ног асфальт сæвæрыны размæ уал бакæндзыстæм цæттæгæнæн куыстытæ. Алы хъæугæ техникæ, кусæн æрмæджытæ хъуаг не ‘ййафæм. Пайда кæнæм куыстæн бæзгæ алы сахатæй дæр. Бынæттон цæрджытæ нæм хорз цæстæй кæсынц, æмæ сын бузныг зæгъæм, фырбуцæй ма нын кусарт дæр акодтой. Фæндæгты арæзтады фыццаг домæн у йæ хæрзхъæддзинад, нæ адæмы æдасдзинад. Уый у нæ куысты сæйраг нысан», — зæгъы арæзтадон хайы хицау Гæлæуты Хетæг.
Æцæгæйдæр, куыст æхсиды ацы арæзтадон объекты, экскаватор бæлæстæ къахы, уæзласæн машинæйы гуыффæмæ сæ æвгæны, йæ фæстæ грейдер лæгъзгæнгæ цæуы, фæстæдæр та дзы дойнаг лыстæг дур æркалынц. Раппæлинаг фæллой кæнынц фæндаджы кусæг Фæрдзинты Чермен, тракторист Кочиты Раман, хуырхæйфадæг Марданты Иван, «Камаз»-ы шофыр Гулиты Витали, фæндаггон мастертæ Найфонты Арсен, Дзæрæхохты Мурад æмæ иннæтæ.
— Нæ хъæу дæрддзæф у Дзæуджыхъæуæй, фæлæ республикæйы Хицауадæй рохуаты не стæм. Уымæн æвдисæн, нæ хъæумæ бацæуæнтæ нын куыд цалцæг кæнынц, уыцы æхсызгон хъуыддаг, — зæгъы СтавдДурты хъæуы администрацийы сæргълæууæг Лазарты Беллæ. — Ивгъуыд æнусы арæзт фæндаг заууатмæ æрцыд, адæмæн сæ машинæтæ хæлдысты, ныр не стыр бæллиц сæххæст, æмæ бузныг зæгъын, ацы хъуыддагмæ йæ æвæрæн чи бахаста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр, — зæгъы Беллæ. Йæ ныхасимæ иузæрдион у хъæуы хистæртæй иу, фæллойы ветеран Къубалты Марклен:
— Фæндаг цард у, хоны нæ дард æмæ хæстæг рæттæм. Не ‘рбацæуæнтæ зæрдæмæдзæугæ нæ уыдысты, æмæ нæ уый сагъæсы æфтыдта. Нæ курдиат фæхæццæ кодтам республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ, нæ хъæу нын куы бабæрæг кодта, уæд. Зæрдæ нын бавæрдта æмæ йæ ныхас сæххæст кодта. Хицæн бузныг цæрджыты номæй Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэлæн. Ацы фарстайыл биноныгæй бакуыста, æмæ сырæзыд. Алкæмæн дæр йæ фæндаг амондджын уæд, — загъта хистæр.
— Фæндаджы арæзтады рæдыд æруадзынæн бынат нæй, уымæн æмæ, лæгъз, æнцонвадат фæндæгтæ аразгæйæ, мах дзуапп дæттæм адæймаджы цардæн. Пайда кæнæм нырыккон технологитæй, куысты хæрзхъæддзинадмæ иудадзыг цæстдард цæуы комитеты ‘рдыгæй, сæрмагонд лаборатори та бæрæг кæны кусæн æрмæджы хæрзхъæддзинад, — зæгъы фæндæгты хæдзарады комитеты хайады сæргълæууæг Кцойты Сослан. — Проект куыд амоны, афтæ фæндагæн йæ уæлцъар ног асфальтæй бамбæрздзысты, фæндаггон бæрæггæнæнтæ æмæ дихгæнæн тæлмытæ дзы скæндзысты.
Ставд-Дурты цæрджытæ уазæгуарзаг сты, æмæ сæм ныр адæм уæлдай æнæзивæгæй цæудзысты ног фæндагыл.
ГУГКАТЫ Жаннæ Авторы ист къам














