Незамантæй фæстæмæ адæймагæн зындгонд сты хуры дзæбæхгæнæн тынтæ.
Цæвиттон, тынг цъæх æмæ, цæст кæй нæ уыны, хуры æгæрон хъаруйы ахæм тынг сырхбын тынтæн стыр ахадындзинад ис адæймаджы æнæниздзинад фидар кæныны. Уыдон хорзæрдæм зынынц нервыты системæйы куыстыл, адæймаджы организм хъæддыхдæр кæнынц хуры радиацийы ныхмæ, буаргъæдты ивддзинæдтæ æмæ туджы сконд фæхуыздæр вæййынц, æмæ организм хъæддыхдæр лæууын райдайы уазалбацыды æмæ хæцгæ низты ныхмæ. Адæймаг йæхи хуыздæр фенкъары, цас æмбæлы, уыйбæрц фынæй фæкæны, буарæн та йæ бон вæййы, афоныл хъармы ивддзинæдтæ нывыл кæнын, тугдадзинтæ кæй фæуæрæхдæр вæййынц, уый руаджы.
Хуры тынты тæвагæй рахиты ныхмæ лæууæг буаргъæдтæ фæзынынц буарыл. Æмæ уый стыр æххуыс кæны, организмы æхсызгон чи хъæуы, кальци æмæ фосфоры ахæм цæххытæй йæ æфсадынæн. Хуры тынтæ организмыл хорзæрдæм фæзынынц, æмбæлгæ бæрцæй сæ куы исай, уæд. Бæгънæг буарæй сæ бынмæ æгæр бирæ куы фæлæууай, уæд организмы миниуджытæ хæлд æрцæуынц, фылдæр хатт ахæм æнæрхъуыдыдзинад æркæны тæссаг низтæм.
Рох кæнын нæ хъæуы, хуры тынтæ тынг тыхджын кæй сты, уый. Се ‘гæрон æндæвдæй физиологион миниуджыты æппæт ивддзинæдтæ дæр цæуын райдайынц бæгънæг буарыл. Адæймаджы тæвд ныццæвы, улæфт фæтагъддæр æмæ фæарæхдæр вæййы. Буар хид кæнын райдайы, буаргъæдты ивынад фæцыдæр вæййы. Хуры тынтæ организмæн кæй батых кодтой, уый фыццаг миниуджытæ сты: лæмæгъдзинад, хæрын зæрдæ нæ фæагуры, хуыссæг фæлидзы.
Иуæй-иутæ, сæ буар тынгдæр басудзыны тыххæй, сæхи хурмæ ныддарынц, куыд не ‘мбæлы, афтæ бирæ рæстæг. Уый аххосæй организм æгæр стæвд вæййы, буар фыдсыгъд бакæны. Фылдæр хатт ахæм уавæр æркæны хуры тыхджын цæфмæ. Иу ныхасæй, хуры тынтæй фылдæр дозæ райсгæйæ, суанг æнæниз адæймагæн дæр йæ туг тынгдæр ахсын райдайы, зæрдæйы низæй рынчынтæн та сæ уавæр цæхгæр февзæрдæр вæййы. Уымæ гæсгæ нæ хъуамæ алчидæр хъуыды кæна йе ‘нæниздзинадыл. Хуры тынты бын уæвгæйæ, урс сæрбæттæн бабæттын фембæлы сæрыл. Хорз у, уæлдæф мидæмæ чи уадза, ахæм хъæмпын худ ныккæнын дæр. Уæдæ пайда кæнæн ис зонтыккæй дæр. Фæлæ сæр резинæ худæй кæнæ нейлон сæрбæттæнæй æхгæнын нæ хъæуы. Уымæн æмæ тæвдæн æддæмæ рацæуæн нæ вæййы, æмæ адæймаджы хур ныццæвы.
Ахæм фыдбылызæй дæхи бахизыны фæдыл хорз сты, хуры тынтæй цы судзгæ буаргъæдтæ цæуы, уыдоны тыххæй профилактикæ кæнынæн тар кæсæнцæстытæ дарын. Хъуыддаг дарддæр афтæ у, æмæ хуры судзгæ тæмæны рæстæг тæссаг у, адæймаджы буарыл гуырдзæй рахæсгæ цы сау стъæлфытæ вæййы, уыдон фыдхъæдджынтæм куы рахизой, уымæй дæр, æмæ сæ сæрдыгон хъахъхъæнын хъæуы хуры тынтæй.
Уæдæ хи хурмæ судзын дæр зонын хъæуы. Æппæты хуыздæр у райсомæй 8-11 сахатмæ, изæрæй — 17-19 сахатмæ. Раздæр уал 5 минутæй фылдæр бæгънæг буарæй лæууын нæ хъæуы хурмæ. Фæстæдæр хуры ваннæты рæстæг фæдаргъдæр кæнæн ис 3-5 минуты бæрц, чысылгай йæ сахаты онг схæццæ кæнгæйæ. Уымæй уæлдай хуры ваннæтæ кæныны рæстæг нæй чиныджы кæсæн кæнæ фынæй кæнæн дæр. Уымæн æмæ адæймаг нæ базоны, хурмæ цас рæстæг фæцис, уый. Ахæм æнæрхъуыдыдзинад та куыд загътам, афтæмæй æркæны æвзæр фæстиуджытæм.
Хуры судзгæ тæмæн уæлдай тынгдæр хъыгдары сывæллæтты. Канд рынчынты нæ, фæлæ ма æнæнизты дæр. Ахæм заман уыдон слæмæгъ æмæ смæстыгæр вæййынц, хуыссæг сæ нал фæахсы, туджы чысыл бæрц сæм бæрæггонд æрцæуы. Уымæ гæсгæ гыццыл лæппутæ æмæ чызджытыл рог уæлæдарæс кæнын фæхъæуы тæвд бонты. Зæгъæм, цыбырдыс хæдон, уæрджыты онг хæлаф, худ та хъуамæ уа урс хъуымацæй. Тæвд бонты æппæтæй хуыздæр у сывæллæтты гом уæлдæфмæ кæнын, уæлдайдæр, бæлæсты аууон бынæттæм. Гæнæн куы уа, уæд та денджызы, цæугæдæттæ æмæ цадты былтæм хонын дæр.
Карджын æмæ лæмæгъ чи у, ахæм адæмæн лæууæн нæй хуры тынты бынмæ. Махмæ тæвддæр вæййы 12 сахатæй 16 сахатмæ, æмæ хъуамæ ацы рæстæг æдзухдæр уой сæ хæдзæртты. Уынгмæ кæд æнæ акæсгæ нæй, уæд уырдæм цæуæн ис æрмæстдæр аууонвæрсты, фæллад уадзын хъæуы бæлæсты бын, хæдзæртты аууæтты, æндæр сатæг рæтты.
Тæвд бонтæ куы скæны, уæд хуры тынты цæхæрæй æппæтæй тынгдæр сæхи хъахъхъæнын хъæуы, зæрдæйы тугдадзинты системæйы низтæ кæмæ ис, уыцы рынчынты. Хъуамæ ахæм рæстæг нуазой, дохтыртæ сын кæй рафыстой, ахæм алыхуызон хостæ, æххæст кæной сæ амынддзинæдтæ. Уæлдай тынгдæр та сæ цæст дарын хъæуы сæ артериалон æлхъывдадмæ. Уый, куыд æмбæлы, ахæм æлхъывдады цæмæй уа, уый тыххæй æххæст кæнын хъæуы дон нуазыны уагæвæрд. Пайда сты битъынайы, сусхъæды дидинæджы дæттæ, лимоны цай æмæ тынг адджын чи нæ уа, гагадыргъты ахæм компоттæ дæр, бæгæныйæ та дойны сæттæн нæй. Фылдæр хæрын хъæуы дыргътæ æмæ халсартæ, фæлæ чысылгай.
БЕСЛЕХЪОТЫ Ирæ, дохтыр