Фæстаг азты тугдзых сырдтæ: бирæгътæ, манкъа бирæгътæ (шакалтæ), рувæстæ æмæ, чи схъæддаг, ахæм куыйтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц нæ республикæйы хъæдсæртæ æмæ хæхты цъассыты. Цы зиан хæссынц, уый та чысыл нæу. Тугдзыхтæ æхсæвæй-бонæй зилынц кæрдæгхор хъæддаг цæрæгойты фæстæ. Арæх бахæрынц тæрхъусты, сæгуытты, сычъиты, æндæр сырдты æнæбон лæппынты. Уымæй уæлдай иудадзыг пырх кæнынц, хъамылты чи цæры, уыцы мæргъты ахстæттæ. Хæдзарон цæрæгойтæн алы хатт дæр цы знаггад ракæнынц, уый та махæй алкæмæндæр æнæзонгæ нæу. Арæх балбирæгътæ балæбурынц хисæрмагонд хæдзарæдты фысвосы уæтæртæм æмæ хицæн хæдзæртты фосдарæн бынæттæм, уæлдайдæр хизæнуæтты.
Хохыдæргъæвсаг Чихтисты Таймураз РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрадмæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2017 азы февралæй ацы азы маймæ бирæгътæ стыр фыдбылызтæ ракодтой Дæргъæвсы комы Хохы Дæргъæвсы, Фæзыхъæуы æмæ Ламардоны цæрджытæн. Зæгъæм, Безаты Славикæн тугдзыхтæ бахордтой 7 фысы, Цырыхаты Сосланæн — 13, Дзампаты Вадимæн — 30, Абайты Светланæйæ та тугдзыхты азарæй 7 сæгъы фæхъуыд. Фосы зиантæ æрцыд хæххон хъæуты æндæр цæрджытыл дæр. Бæхты куыстгæнæг Цорæты Хазбийы 24 байраджы бирæгътæ цыбыр рæстæгмæ кæй бахордтой, уый та хохæгтæн уæлдай стырдæр маст æрхаста.
Тугдзыхтæ сæ кæнон зæнгыл нæ уадзынц æндæр рæтты дæр. Ивгъуыд азы фæззæджы бирæгъты бал Фыййаджыбылмæ æввахс балæбурдтой амалхъом Бедойты Артуры уæтæрмæ. Фыстæ фæтарстысты, æмбонд ратыдтой, æмæ сæ бирæгътæ иу километры бæрц куы ратардтой, уæд сæ æргæвдын райдыдтой. Хъыгагæн, дыккаг бон Бедойы-фырт йæ дзугæй 100 фысы нал банымадта.
— Дыууæ цауы тыххæй дæр махмæ куы фехъусын кодтой, уæд сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мах æнæрхъуыдыйæ нæ ныууагътам,— загъта РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады цуанæтты хæдзарадон архайдмæ цæстдарды хайады хицау Битарты Артур. — Ахæм заман куыд вæййы, афтæ нæ министрады дыууæ хатты дæр бардзырдтæ лæвæрд æрцыд фыдбылызты тыххæй мадзæлттæ саразыны фæдыл, æмæ нæ архайд нæ фæмæнг. Цы цуангæнæг къордтæ барæвдз кодтам, уыдон Хохы Дæргъæвсы æрдзон бынæтты ныццагътой 7 бирæгъы. Уымæ гæсгæ тугдзыхты фыдбылызтæ ныр дзæвгар фæкъаддæр сты. Ацы аз Дæргъæвсы комы хъæуты цæрджыты фосæй бирæгътæ бахордтой æрмæстдæр иу бæх æмæ æртæ фысы. Уæдæ Бедойты Артуры фысты хæрды тыххæй дæр къухы бафтыд мадзæлттæ саразын. Хæтæлдонмæ æввахс «Сопырыхъо», зæгъгæ, ахæм æрдзон бынаты амардтам 4 бирæгъы. Тугдзыхтыл цуангæнгæйæ нын хорз æххуыс бакодтой Хъодзаты Алан, Кокайты Леуан, Дойаты Алан, Моргуаты Хъазыбег, Гуццаты Толик æмæ иннæ цуанæттæ.
Дарддæр Битарты Артур куыд радзырдта, афтæмæй æнцон нæу бирæгътыл цуан кæнын. Физикон хъаруйæ æххæст уæвынæй уæлдай цуаноны фæхъæуы транспортон хæрдзтæ бакæнын, хæцæн æрмæджытæ æмæ æндæр хъуыддæгтæ та сты зынаргъ. Фæлæ алы хатт дæр уыдон кæнын бахъæуы йæхи æмæ зонгæты хардзæй, министрады ахæм фæрæзтæ кæй нæй, уый тыххæй.
Уæддæр Цæгат Ирыстоны æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермены амындæй, 2017 азы 28 декабрæй 2018 азы 15 февральмæ, тугдзыхтыл цуан цыдис республикæйы æппæт территорийыл дæр. Цуанæттæ ацы рæстæгмæ ныццагътой: бирæгътæ 18, манкъа бирæгътæ — 30, æмæ уый чысыл æххуыс нæ фæцис, цæмæй тугдзыхтæ хъæддаг сырдтæ æмæ хæдзарон цæрæгойтæм къаддæр лæбурой.
Бирæгътæ æмæ манкъа бирæгътæ куынæг кæныны архайды стыр ахадындзинад ис Цæгат Ирыстоны цуанæттæ æмæ кæсагахсджыты æхсæнадæн дæр. Ивгъуыд цуангæнæн рæстæджы уый РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады цуанæтты хæдзарадон хайады барлæвæрдæй цуанæтты æхсæнады уæнгтæн уæйгонд æрцыд 1211 балцæджы, æмæ уал цуанæттæн гæнæн фæцис бирæгътыл цуан кæнынæн.
— Хъыгагæн, нæ цуанæттæй чидæртæ хъаст фæкæнынц, мах нæ балцæгтæ 700-гай сомтыл кæй уæй кæнæм, уый тыххæй, — загъта ацы æхсæнады сæрдар Азиаты Алексей. — Фæлæ мах æхсæнадон организаци стæм, паддзахадæй ницы æххуыс уынæм, цæмæй хъуамæ бафидæм мызд, нæ цуангæнæн бынæттæ — æдæппæт 270 мин гектары æрдзхортæй чи хъахъхъæны, нæ уыцы кусджытæн. Уымæй уæлдай Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй кусы бирæгъты ныхмæ тох кæныны программæ, æмæ уыцы æхца уыдонæн райсæн вæййы бирæ фылдæрæй. Бирæгъы марæггаг лæвæрд цæуы преми: мадæл бирæгъы тыххæй 5 мин сомы, нæл бирæгъы — 4 мин сомы. Уæдæ манкъа бирæгъты, рувæсты æмæ чи схъæддаг, уыцы куыйтæ æмæ гæдыты тыххæй дæр лæвæрд цæуы преми.
Æрвылаз августы æртыккаг сабатæй фæстæмæ цуангæнæн рæстæг куы ралæууы Цæгат Ирыстоны, уæд райдайæнæй кæронмæ сæхи стыр арæхстджынæй равдисынц тугдзыхтыл цуангæнджытæ Базраты Батрадз, Гаглойты Джемал, Булкъонты Марат, Æлбегаты Славик, Базраты Сергей, Кортиаты Эдик, Хæныкъаты Хъазыбег, Хуыгаты Хъазыбег æмæ бирæ æндæртæ. РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады цуанæтты хæдзарадон архайдмæ цæстдарды хайады нын куыд радзырдтой, афтæмæй дзæуджыхъæуккаг Битарты Роберт æрмæстдæр цуан кæны тугдзыхтыл. 2016 азы уый бирæгътæ амардта 49, манкъа бирæгътæ — 370, 2017 азы бирæгътæ — 34, манкъа бирæгътæ — 349 сæры; ацы аз кæй ныццагъта, уыцы бирæгътæ та сты 19, манкъа бирæгътæ 200 сæры.
Битарты Роберты куы фарстон, бирæгътыл кæмыты фæцуан кæны, уый тыххæй, уæд мын ранымадта: «Хохы Дæргъæвсы, Тарскæйы, Сунжæйы, Заманхъулы, Даскъофы, фылдæр тугдзыхтæ та амардтон Фыййагдоны æмæ Хохы Дзуарыхъæуы æрдзон бынæтты».
Ахæм рæстдзæвин у Бибайты Хъазыбег дæр. Дыууæ цуаноны кæрæдзиимæ ерыс кæнынц, тугдзыхтæ чи фылдæр амара, уый тыххæй. Фæлæ ныронг сæ иу дæр нæ фæразæй. Бибайы-фырт дæр Роберты хуызæн 2018 азы ныццагъта 19 бирæгъы, æмæ йæ куыст дарддæр ахæццæ кæндзæн, ног цуангæнæн рæстæг куы ралæууа, уæд
Бæргæ, тугдзых сырдтыл фылдæр адæм куы цуан кæниккой, фæлæ сæ марæггаг паддзахад премийы хуызы цы æхца дæтты, уый афоныл фыст нæ цæуы, фылдæр хатт — стыр къуылымпытæй. Паддзахадон бюджетон кусæндон «Беркут»-ы разамонæг Дзгойты Сергей куыд радзырдта, афтæмæй сæ республикæйы Финансты министрад ивгъуыд цуангæнæн рæстæгæй фæстæмæ дары 250 мин сомы, æмæ бæрæг нæу, цуанæтты хæс кæд бафиддзысты, уый. Фæлæ ацы уавæр дæр хъæуы æмбарын. Базарадон экономикæйы æмæ къуырцдзæвæны æууæлты республикон бюджетмæ фаг фæрæзтæ кæй нæ цæуы, уый æвзæрæрдæм зыны æндæр хъуыддæгтыл дæр. Цуанæттæй та хъæстагæй ничи баззайдзæн, æмæ хъуамæ се ‘ргом тынгдæр раздахой тугдзыхтæ куынæг кæнынмæ.
— Хицæн цуанæттæй уæлдай тугдзыхтыл цуан кæнынц нæ министрады дæлхайæдтæ дæр, — загъта дарддæр Битарты Артур. — Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны паддзахадон цуанæтты фæлварæн хæдзарады кусджытæ 2017-2018 азы цуангæнæн рæстæг бирæгътæ ныццагътой — 10, манкъа бирæгътæ — 64, рувæстæ — 10 сæры; Паддзахадон бюджетон кусæндон «Беркут»-ы территорийыл бирæгътæ мард æрцыд 47, манкъа бирæгътæ — 330 æмæ рувæстæ — 123 сæры; Цæгат Ирыстоны цуанæттæ æмæ кæсагахсджыты æхсæнады хъæппæрисæй бирæгътæ мард æрцыд 53, манкъа бирæгътæ — 250, рувæстæ — 56; тугдзыхтæ марыныл архайдтой æхсæнадон организаци «Æфсати фонд»-ы кусджытæ дæр. Иумæйагæй куы нымайæм, уæд та 2017-2018 азты цуангæнæн рæстæг Цæгат Ирыстоны территорийыл мард æрцыд бирæгътæ 111, манкъа бирæгътæ — 655, рувæстæ — 189.
Иу цуангæнæн рæстæгмæ айбæрц тугдзыхтæ цагъд кæм æрцыд, уый ууыл дзурæг у, æмæ нырма бирæгъты, манкъа бирæгъты æмæ рувæсты нымæц чысыл нæу Цæгат Ирыстоны æрдзон, бынæтты. Уагæвæрдмæ гæсгæ, алы 30 мин гектары дæр хъуамæ уа иу бирæгъ, 10 мин гектары — иу манкъа бирæгъ, мин гектары та — иу рувас. Фæлæ ацы тугдзых цæрæгойтæ ныртæккæ нæ цуангæнæн бынæтты цас уыдзысты, уый бæрæг нæу, ивгъуыд цуангæнæн рæстæг чысыл мит кæй æруарыд, уый аххосæй сæ нымæц хыгъд кæй не ‘рцыд, уымæ гæсгæ. Тугдзыхты нымæц азæй-азмæ не ‘рдзон бынæтты фылдæрæйфылдæр кæй кæны, уымæн йæ иу аххосаг та у, сæрмагонд хъахъхъæнинаг территориты цуангæнæн кæй нæй, уый тыххæй. Уыдон сты Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынат. Национ парк «Алани», Змейкæ — Николаевскæйы фæдзæхст бынат, Заманхъулы фæдзæхст бынат æмæ Тырмоны фæдзæхст бынат. Æдæппæт ахсынц 170723 гектары, æмæ сæ иу ран дæр бар нæй цуан кæнынæн. Уымæ гæсгæ æппæт рæтты дæр бирæгътæ, манкъа бирæгътæ, рувæстæ сæхи хорз æнкъарынц, æмæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Цымæ УФйы Æрдзы министрадæй бар райсгæйæ, тугдзыхты марæн нæй цуангæнæн рæстæджы, зæгъгæ, мах фарстам Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынаты директор Моурауты Æхсæртæджы. Куыд загъта, афтæмæй, алы хатт дæр ахæм курдиат арвитгæйæ, Мæскуы бар ратты æрмæстдæр иу кæнæ дыууæ бирæгъы амарынæн, æмæ уый та уавæр ницы хуыздæр кæны. Уымæ гæсгæ тугдзыхтæ сæрмагонд хъахъхъæнинаг территориты кæй фылдæр кæнынц, кæрдæгæй чи цæры, уыцы сырдты кæй хъыгдарынц, уыдæттæй уæлдай хæццæ кæнынц алыварс æрдзон бынæттæм дæр, æмæ се знаггад чысыл нæу.
Уавæр афтæ у, æмæ тугдзыхтæ хъæддаг сырдты, мæргъты кæй хъыгдарынц, уымæй уæлдай сты хуыты африкæйаг емынæ, трихинеллез, гæбæр, æррагæнæн æмæ æндæр тæссаг низтæ парахатгæнæг дæр. Майрæмадаггаг цуанæттæ Базраты Батрадз æмæ Æлбегаты Славик уыдысты газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы, æмæ уый фæдыл дзырдтой, зæгъгæ, ныртæккæ бирæ хъæуты нæй, алыхуызон хæцгæ низтæй чи ныммæлы, ахæм хæдзарон фос кæм хъуамæ ныгæд цæуой, ахæм мæрддонтæ. Уымæ гæсгæ сæ цæрджытæ аппарынц хъæдрæбынты, иуæй-иу цуанæттæ та сæ тугдзыхтæн холыйæн дæр сæвæрынц.
Ахæм æнæрхъуыды мадзæлтты азарæй мах иуæй тугдзыхтæн холлæгтæ цæттæ кæнæм, иннæмæй та сæ тæссаг хæцгæ низтæй фæрынчын кæнæм, уæлдайдæр æррагæнæн низæй. Уымæ гæсгæ бирæгътæ, манкъа бирæгътæ æмæ рувæстæ арæхæй-арæхдæр æфтын райдыдтой хъæутæм æввахс цæрæн бынæттæм. Уый та хъæддаг сырдтæ æмæ хæдзарон цæрæгойтæй уæлдай тæссаг уавæры æвæры адæмы цард дæр. Хуссар Ирыстонæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй бирæгъ фæхæцыд дыууæ бынæттон цæрæгыл æмæ нал аирвæзтысты, тугдзых сырд æрра кæй уыд, уый тыххæй.
Ахæм цаутæ иу æмæ дыууæ нæ уыдис Цæгат Ирыстоны дæр. Цæвиттон, 1954 азы ноябры кæрон æрра бирæгъ æхсæвыгон æрбафтыд Цраумæ. Хъæуы цæрджытæй иу сылгоймаг æмæ æртæ нæлгоймагыл фæхæцыд. Се ‘ппæтæн дæр уыцы æхсæв хъæууон амбулаторийы фелсыр Дзанæгаты Анютæ фыццаг медицинон æххуыс бакодта. Фæлæ æрра бирæгъ кæуыл фæхæцыд, уыцы цыппар адæймагæй 16 боны фæстæ æртæйæ амардысты, æмæ сын сæ мыггæгтæ уый тыххæй нæ фыссын. Адæмы зæрдæтæ сыл куыд нæ фæрыстысты, зиантæм æввахс цæуын та дохтыртæ нæ уагътой. Сæхæдæг, сæ противогазтæ бакæнгæйæ, баныгæдтой хъæуы уæлмæрдты.
Ам нæ дарддæр зæгъын фæнды: æрра бирæгъ цы кæртыты уыдис, уыдон æппæтæйдæр афойнадыл дезинфекцигонд æрцыдысты. Фæлæ кæуыл фæхæцыд, уыцы рынчынтæн дохтыртæ уколтæ фæкодтой, се ‘мгъуыд кæмæн аивгъуыдта, ахæм зæронд хостæй, æмæ сын ницы феххуыс. Ацы хъуыддаджы районы сæйраг дохтыр Хъыбызы-фырт æбæрнондзинад кæй равдыста, уый тыххæй ист æрцыд йæ куыстæй, фæлæ зианджынты зæрдæрыст уымæй нæ фæкъаддæр.
Фæдисы уавæр сæвзæрд Црауы. Бирæгъ æрра кæй уыд, уый сбæлвырд лабораторон анализтæй. Дарддæр мадзæлттæ аразын хъуыд, цæмæй низ ма апырх уыдаид хъæуыл. Уыцы бирæгъ та æхсæв-бонмæ кæцы уынгты нæ ауад, кæй кæрты нæ балæууыд, ахæм бирæ нæ уыд. Фæлæ районы медицинон кусджытæ, мидхъуыддæгты оргæнтæ æппæтдæр сарæзтой, цæмæй æгъатыр низ ма апырх уыдаид хъæуы цæрджытыл.
Ахæм æнамонд хабар ма раздæр æрцыд Уæллаг Мызуры дæр. Хъæрджынты Егор йе ‘фсымæримæ бирæгъ амардтой. Цæмæй æнхъæл уыдысты æрра кæй у, уый. Куы йæ бастыгътой, уæд уыдоныл дæр низ бахæцыд, æмæ къорд боны фæстæ амардысты.
Иу хатт та мын Бæцойты Тембол афтæ радзырдта: «Мæ фыдимæ быдырæй Æрхонмæ цыдыстæм. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ бахæццæ стæм Уæлладжыры комы «Сыфтæрджын лæгæт»- мæ. Нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ, лæгæтмæ куы бацыдыстæм, уæд дзы бирæгъ рагæпп кодта, æмæ комы дæлæмæ алыгъд. Лæгæт куы срухс кодтам, уæд кæсæм, æмæ иу лæг йæхи къултыл хойы.
Бирæгъ ын йæ хурхысæртæ стыдта. Бирæгътæ цы знаггад кæнынц, уый бирæ ныхасы аккаг у. Нырма уал уыдон лæбурынц хъæддаг сырдтæ æмæ хæдзарон цæрæгойтæм, рæхджы та нæхимæ дæр уæндын райдайдзысты. Мах тæрсын никæй кæнæм, фæлæ ныртæккæ тугдзыхты раздæрæй хуыздæр цæгъдын куы нæ райдайæм, уæд сомбон нæ хабæрттæ æвзæр уыдзысты.
ТОХСЫРТЫ Къоста