Зæххы хæйттæ — бирæсывæллонджын бинонтæн

0
304

Æппынкъаддæр æртæ сывæллоны æмæ фылдæр кæмæн ис, зæххы хæйттæ ахæм бинонтæн дæттыны тыххæй закъонæвæрынад куыд æххæст кæнынц, уый бæрæг кæнгæйæ, Æрыдоны районы прокуратурæ раргом кодта хъæндзинæдтæ.

Æппынкъаддæр æртæ сывæллоны æмæ фылдæрдæр кæмæн ис æмæ цæрæнуаты уавæртæ фæнывылдæр кæнын кæмæн хъæуы, ацы азы 1 июлы уавæрмæ гæсгæ горæт Æрыдоны территорийыл номхыгъдтæм хаст æрцыдысты 116 ахæм бинонтæ, радих сын кодтой зæххы 71 хайы.

Зæххы хай цæрæнуат дзы саразынæн бæззы æви нæ (ома, æмбæлгæ инфраструктурæйы объекттæй ифтонггонд у æви нæ), уыдæттæ æмбæлы нымайын.

Прокуратурæ куыд рабæрæг кодта, афтæмæй, бирæсывæллонджын бинонтæн лæвар кæй радтой, уыцы зæххы хæйттæй иу дæр инженерон инфраструктурæйы объекттæй ифтонгонд нæу, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Хицауад кæуыл бакуыста, уыцы пъланмæ гæсгæ, æппынкъаддæр æртæ сывæллоны кæмæн ис, ахæм бинонтæн кæй дæттынц, уыцы зæххы хæйттæн, фыццаджыдæр, саразын хъæуы зæххæй пайдагæнæн гæххæттытæ, бауадзын сæм хъæуы инженерон инфраструктурæйы объекттæ æмæ æрмæст уыдæтты фæстæ ацы зæххы хæйттæ дæттын æмбæлы адæмы льготон къордтæн.

Горæт Æрыдоны администрацийы хæс у адæмы ацы къордтæн дæттинаг зæххы хæйттæм инженерон инфраструктурæ бауадзын.

Социалон уагæй фæкæсинаг чи у, ахæм бирæсывæллонджын бинонтæн цæрæнуæттæ аразынæн зæххы хæйттæ лæвар дæттыны æууæл нымад у паддзахады ‘рдыгæй социалон æххуысы мадзалыл.

Æмбарад æмæ æнæхиндзинады конституцион уагæвæрдтæ куыд амонынц, афтæмæй, дæттинаг зæххы хæйтты инфраструктурон ифтонгадимæ баст чи у, уыцы уæлæмхасæн финансон хæрдзтæ адæмыл æвæрын не ‘мбæлы.

Адæмы бартæ бахъахъхъæнынæн Æрыдоны районы прокурор горæт Æрыдоны администрацийы сæргълæууæгæн бафæдзæхста закъонæвæрынады хæлдтытæ аиуварс кæнын. Прокуроры курдиат æвзарынц.

РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here