Диссаг у, æвæдза, адæймаджы цард, дидинæгау райхæлы, йæ рæсугъддзинадæй балхæны адæмы зæрдæтæ æмæ бампылы, фæлæ баззайы зæрдæты.
УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат, æнæниздзинад хъахъхъæнынадæн йæ уд чи снывонд кодта, уыцы курдиатджын дохтыр Калоты Уыгъалыхъы фырт Къоста кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр рох нæу йе ‘мкусджытæй, цардæй мæлæты ‘хсæн тохы цардмæ кæй раздæхта, кæимæ цард, цæхх, къæбæр кæимæ хордта, уыдонæй.
Калоты Къоста райгуырд 1936 азы Æрыдоны районы Къостайыхъæуы. Йæ куыстадон архайд райдыдта 1956 азы Кемеровы облæсты медучилище фæуыны фæстæ. Цæгат Ирыстоны медицинон институт фæуыны фæстæ куыста Дзæуджыхъæуы 3-æм сывæллæтты рынчындоны дохтыр-оталорингологæй. Фæстæдæр куыста дохтыр ординаторæй Республикон-клиникон рынчындоны.
1971 азы каст фæцис Воронежы мединституты ординатурæ æмæ кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны. Æртæ азы дæргъы Калоты Къоста Республикæ Бурундийы разамынд лæвæрдта принц Решары номыл госпиталы лорхайадæн, стæй куыста ахуыргæнæгæй Бурундийы паддзахадон университеты.
Калоты Къоста иу æмæ дыууæ хатты æвзæрст не ‘рцыд Дзæуджыхъæуы горсоветы депутатæй. Бирæ азты дæргъы фæкуыста Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтырæй. Сывæллæтты рынчындоны хайады сæргълæууæгæй куы куыста, уæд дзы газеты йе ‘рмæг, «Фæрнæйдзаг къухтæ», зæгъгæ, Маматы Зарæ афтæ фыста: «Калоты Къоста кусы Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рынчындоны хайады сæргълæууæгæй. Кæд раздæр æрмæст хирург уыд, уæд ныр та сси разамонæг. Дзуапп дæттын хъуыд æнæхъæн коллективы тыххæй. Алкæмæн дæр ссарын хъуыд йæ бынат иумæйаг куысты. Уыцы зындзинæдтæ ныр фæсте сты. Къостайы алыварс æрбалæууыдысты, сывæллæттимæ бирæ азты чи куыста, ахæм дохтыртæ æмæ медицинон хотæ.
Сæ уæлахизтæй иу уыд, хайадæн йæхи иртасæн кабинет кæй сарæзтой, уый. Аппаратурæ рагæй лæууыд кæмдæр къæбицы. Къоста æмæ йе ‘ххуысгæнджытæ йын сæхæдæг бацæттæ кодтой бынат, бабиноныг æй кодтой, базыдтой йыл кусын.
Æмæ мæнæ уыцы кабинет. Къостайæн йæ кусæн стъолыл — хайады архайды пълан, рынчынты низты историтæ… Мæнæ рынчыны кабинæ æмæ хъазæн æфсæнвæндаг. Ам бæрæг кæнынц, сабитæ куыд хъусынц, уый.
— Ацы кабинæйы руаджы зынгæ фæрæвдздæр ис нæ куыст, — зæгъы Къоста. — Бæстондæр базонæм, саби цас хъусы, цавæр мыртæ нæ ахсы æмæ бирæ æндæртæ. Уый фæстæ æнцондæр вæййы низыхатт равзарын. Мах та, фæрсæгау, бакастыстæм хъазæн æфсæнвæндагмæ. Къоста нæ фембæрста æмæ дарддæр кодта йæ ныхас: «Нæ куысты зындзинæдтæй иу уый у, æмæ нæ рынчынтæ ас адæм нæ, фæлæ сабитæ кæй сты. Уыдонæн бынтондæр æндæр у сæ организм, уæлдайдæр та сæ психикæ, се ‘ппæтæн сæ бон нæ вæййы, цы сæ риссы, уый зæгъын. Æрдæбонсарæй, фæрсæгау, цы æфсæнвæндагмæ бакæсбакæс кæнут, уый дæр уымæн у. Зæгъæм, мах базонын фæнды, саби куыд хъусы, уый. Бакæнæм æй хъусæн кабинетмæ. Дохтыр æм амонæн пультæй фервиты, куыд фæстæмæ тынгдæр чи фæкæны, ахæм зæлтæ. Кæд сæ сывæллон фехъуса, уæд хъуамæ æрæлхъива, кабинеты цы сæрмагонд æрхæцæн ис, уый. Æмæ уæд вагæттæ азгъордзысты кæрæдзи фæдыл. Афтæ хъазыны руаджы мах базонæм, саби куыд хъусы, уый.
…Фæизæрмилтæ. Къостайы кусгæ бон фæцис. Йæ кабинеты къæсæрæй куыд рацæйхызт, афтæ йæ размæ фæци медицинон хотæй иу. Æрбаластой тынг уæззау рынчыны. Фæстиатгæнæн æппындæр нæй.
Хирург атындзыдта йæ фæстæ. Авдаздзыд Верæ Прошутинскаяйæн йæ хъус мидæгæй тынг схæф кодта. Тас уыд, магъз куы бахъыгдара, уымæй.
— Операцигæнæнмæ! — бардзыд радта хирург. Æмæ бацайдагъ тох цардæй мæлæты ‘хсæн, йе ‘ххуысгæнджытæ кæрæдзи æмбарынц цæстæнгасæй.
Цадæггай бæлвырд архайынц хирурджы æнгуылдзтæ. Байгом кодта сæры кæхц. Мæнæ хæфдзаст. Ныртæккæ йæ расыгъдæг кæндзæн. Фæлæ æвиппайды (мах ахæм хабæрттæ æрмæстдæр кинонывты фенæм) æнæхъæн рынчындоны дæр ахуыссыд рухс. Операцигæнджытæ исдуг, æдзæмау, фесты, стæй фехъуыстой Къостайы фидар хъæлæс: «Сабыр, ма сдзолгъо-молгъо ут! — йæхицæн та йæ хъуыдытæ кæрæдзи сæрты схъиуынц: «Цы чындæуа? Операцийæн æрдæгыл ныууадзæн нæй: Сæры кæхц — мæ къухы… Чысыл фæстæдæр байрæджы уыдзæн, æмæ уæд куыд бакæсдзыстæм Ленæйы мады цæстытæм? Уæд та…»
— Фæтæгены цырагъ! Рæвдз! — фехъуыстой æххуысгæнджытæ.
Сахаты бæрц ма кодта Къоста операци æнæбары рухсмæ. Æмæ фæуæлахиз сты цард, адæймаджы зонд æмæ ныфс.
Ацы хабар æрцыд 1975 азы. Ныртæккæ Ленæ Прошутинская ахуыр кæны скъолайы. Алы бæрæгбон дæр йæ ирвæзынгæнæгмæ æрбарвиты арфæтæ.
Куыд хайады сæргълæууæг æмæ хирург, афтæ — рынчынтыл æрвылбоны азылдтытæ, хæдзарадон фарстатæ, консультацитæ, æмбырдтæ цæдисы æндæр рæтты. Куыд коммунист, афтæ политскъолайы ахуыртæ, уæддæр ма Къоста рæстæг самал кæны, йæ дæсныйады ногæй цы фæзыны, уый йæхи бакæнынæн дæр. Зоны аивады, литературæйы фæстаг хабæрттæ. Ахуыр кæны францаг æвзаг.
Тæхудиаг у не ‘мдугон Калоты Къостайы царды æмæ фæллойы фæндаг. Адæймаджы хорз миниуджытæй хайджын у дæсны хирург. Йæ фæрнæйдзаг къухтæ бирæ сабиты фервæзын кодтой сæ удхарæй. Бирæтæн баххуыс кодтой царды зарæг фехъусынæн.
«Фæрнæй фæдар дæ къухтæ, зынаргъ дохтыр! Бирæ азты ма сывæллæттæн лæвар кæн амонд. Стыр бузныг, нæ сабиты нын цардмæ кæй раздæхтай, уый тыххæй.
Гæбуты бинонтæ»
Æмæ ахæм арфæйы ныхæстæ цал æмæ цал хатты уыдис Калоты Къостайы царды. Адæмы хорзæх дæ куы уа, уæд амондджын дæ.
Ахæм амондджын лæг уыдис Калоты Къоста дæр, куыд дохтыр æмæ æцæг ирон лæг, афтæ.
Æрмæг бацæттæ кодта АБАЙТЫ Эдуард














