Ацафон, уæлдайдæр æнтæф рæстæджы, фылдæр хатт зæрдæ харбыз бацагуры. Йæ адджын мыдхæццæ донæй ком ауазал кæнынæй хуыздæр ма цы вæййы. Фæлæ бирæтæ нæ зондзысты æппæтæндæр уарзон æмæ алкæмæндæр зындгонд зайæгоймæ биологион цæстæнгасæй куы ‘ркæсæм, уæд æй ахæссæн ис гагадыргъты къæпхæнмæ. Æндæр ныхæстæй йæ куы зæгъæм, уæд уый у халсарон гагадыргъ, афтæмæй та хауы насæнгæсты бинонтæм.
Гъе, ахæм цæхгæр хицæндзинæдтыл куы нæ хъуыды кæнæм, уæд харбыз адæймаджы организмæн пайда кæй у, уый зындгонд у тынг рагæй. Йæ нывтæ йын абон дæр фенæн ис мысыраг пирамидæты къултыл. Аргъ кæмæн нæй, ахæм æвæджиауы халсарыл та нымад цыд Рагон Китайы. Уым кæддæр уыдис суанг «Харбызы бон» дæр. Уæрæсемæ та кæрдæгхуыз хъулон-мулон къори æрбаластæуыд XVII æнусы, æмæ зындгонд ссис, куыд æнахуыр диссаджы адджын æмæ æнæниздзинадæн пайдайаг культур.
Æцæгдæр, организмæн пайда кæй хæссы, ууыл дзуры харбызы химион сконд. Йæ сырх фæлмæны бирæ ис витаминтæ С æмæ РР, стæй В къорды витаминтæ, каратотин æмæ фолийы туагад.
Хъуыддаг афтæ у, æмæ харбыз хæрын æххуыс кæны организмы уæлдай уæзæй фервæзынæн. Йæ æвæрццæг рахæцæнтæ та сты цалдæр. Фыццаджыдæр æм ис доны хуыпп тæрæн миниуæг. Йæ руаджы адæймаджы уæз 1-2 килограммы бæрц фæкъаддæр вæййы, организмæй уæлдай тæнгъæдтæ кæй рацæуы, уый тыххæй. Дыккагæй, харбыз æнцонæй фесафы æххормаджы æнкъарæнтæ. Йæ пайда та уый мидæг ис, æмæ харбызы фæлмæны 100 граммы æрмæстдæр ис 38 килокалорийы — харбыз айдзаг кæны ахсæн æмæ адæймаг айрох кæны йе ‘ххормаг. Уымæй уæлдай, чысыл ахадындзинад нæй ацы халсарон гагадыргъы адджын адæн дæр. Физиологион иртасæнтæ куыд равдыстой, афтæмæй адджындзинад тынгдæр æвзæрын кæны æфсæсты æнкъарæнтæ. Уымæ гæсгæ харбызы руаджы ахсæн фæкусы рогдæргонд уагæвæрды, адæймаг хæринагыл къаддæр фæхъуыды кæны.
Куыд загътам, афтæмæй харбыз чысыл пайда нæ хæссы организмæн. Уый æххуыс кæны зæрдæйы-тугдадзинты æмæ уыргты низты азарæй цы рæсыдтытæ фæзыны буарыл, уыдон дзæбæх кæнгæйæ дæр. Харбызы дон у фруктозæ æвзæрынгæнæг. Уый сæкæрæй хъауджыдæр тагъддæр батайы организмы. Харбыз ма пайда у уымæй дæр, æмæ клетчаткæимæ уый æлхъивын райдайы ставд тъанджы æмæ ратæры холестерины уæлдæйттæ. Диетологты хъуыдымæ гæсгæ, суткæмæ харбызы фæлмæн хæрæн ис 2,5 килограммы, фæлæ уый кæнын хъæуы æмхуызон — чысылгай хæйттæй. Уæлдай тынгдæр ацы домæн æххæст кæнын хъæуы, сæ уыргты дуртæ кæмæн ис, уыцы адæмы. Уымæн æмæ иннæтæй хъау — джыдæр уыдонæн харбыз фылдæр пайда хæссы.
Ахæм рынчынты организмы доныхуыппы цæххыты æмвæзад харбызы буар- гъæдты æндæвдады руаджы уæлæмæ схизы, æмæ тайын райдайынц суанг æппæты стырдæр дуртæ дæр. Хар- бызы дон æрдзон æгъда- уæй зианхæссæг буаргъæд- тæ æддæмæ ратæры игæ- рæй. Уымæ гæсгæ харбызы ацы æгæрон пайдайыл æнæмæнг хъуыды кæнын хъæуы, игæры хроникон низтæ дзæбæх кæнгæйæ, стæй хойраг адæймагæн куы нæ батайы, уыцы рæстæджы дæр. Ацы адджын халсар хæрын дохтыртæ фæамонынц антибиотикон медицинон хостæй дзæбæхкæныны курсы фæстæ дæр.
Раст куы зæгъæм, уæд харбызы фæлмæны бын цы хъæбæр цъар вæййы, мах æдзухдæр кæй æппарæм, уый дон ноджы зынаргъдæр у сырх фæлмæны донæй, доныхуыпп тæрæн миниуджытæ йæм фылдæр кæй ис, уый тыххæй. Уый фæткъуыйы донимæ сæмхæццæ кæнгæйæ, нуазинаг вæййы бирæ хæлардæр æмæ уæнгроггæнæг дæр. Иу ныхасæй, харбызы ис, цъары цы буаргъæдтæ уыдон дæр чысыл пайда не сты организмæн, махмæ та афтæ фæкæсы, цыма уыдон ницæмæн хъæуынц. Фæлæ ахæм нуазинагæй агуывзæйы æмбисæй фылдæр иухаттæн нуазæн нæй. Уымæн æмæ, мыййаг, доныхуыпп тæрæн миниуæг æгæр тыхджын куы фæуа.
Ныхас дæр нæй, ад- джын харбыз практикон æгъдауæй пайда у æппæ- тæндæр. Фæлæ йæ бирæ никæмæн бæззы, уæлдай- дæр сæкæры диабетæй рынчынтæн, сæ игæрты дуртæ кæмæн ис, ахæм адæмæн, дæлахсæнон низ- тæ кæмæ ис æмæ æндæр- тæн. Уымæй уæлдай зæрдыл дарын хъæуы, харбыз цæхджынтимæ кæй нæ бæззы, уый дæр. Уымæн æмæ цæхх тæнгъæд ныууромы организмы, æмæ уæвæн ис, йæ фæстæ рæсыдтытæ куы расайа, уымæн.
Кæронбæттæны та зæгъын фæнды: кæд гæнæн уа, уæд, цы харбыз æлхæнут, уый сбæрæг кæнут, нитраттæ дзы ис æви нæ. Уыдон организммæ куы бахауынц, уæд зæрдæ фæхæссы, гуыбын дон фесты, суанг ма омын дæр фæцæуы. Кæд халсары сыгъдæгдзинад сбæрæг кæнын къухы нæ бафта, уæддæр æй уæ бон у балхæнын, æрмæст ахæм заман уæ зæрдыл дарут — харбызы æппæт сыгъдæг пайда ис йæ астæу, зианхæссæг нитраттæ та бамбырд вæййынц йæ цъары.
БЕСЛЕХЪОТЫ Ирæ, дохтыр














