Ивгъуыд бонтæн æвдисæндартæ сты зæронд къамтæ. Цыдæр æнахуыр æхсызгондзинад æрхæссынц адæймагæн.
Цæуылдæриддæр дзурынц, уый дзы æххæстæй зыны. Ацы хуызист редакцимæ æрбарвыста педагогон фæллойы ветеран, 90-аздзыд ХЪУЛАТЫ-ГУГКАТЫ Мæдинæт. Къамимæ цы чысыл фыстæг ис, уым Мæдинæт хъусын кæны, ист кæй æрцыд 50-æм азты, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ахуыргæнджытæ, чи зоны, хъуыддаджы фæдыл амбырд сты, партæты уæлхъус фæсурокты лæмбынæг хъусынц, стъолы цур чи бады, уымæ.
Ацы хæрзаив сылгоймæгтæй фыццаг рæнхъы рахизæрдыгæй бады Гугкаты Зинæ (Мæдинæты кæстæр хо).
Ахуыргæнæг, хъомылгæнæг, йæ ныхасæй, йæ хъуыддæгтæй фæзминаг у. Ацы ахуыргæнджытæй алчидæр ныййарæгау рæвдыдта сабиты, царды раст фæндагмæ сæ кодта, алчидæр сæ арф фæд ныууагъта уæды сабиты зæрдæты.
Бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ, цал æмæ цал чызджы æмæ лæппуйы рахызт 13-æм скъолайы къæсæрæй. Уыдоны ‘хсæн, æнæмæнг, уыдысты ацы ахуыргæнджытæн сæ ахуыргæнинæгтæ дæр. Хуызист фенгæйæ, уыдонмæ æхсызгон æнкъарæнтæ сæвзæрдзæнис, сæ сабибонтæм раздæхдзысты. Чи зоны æмæ ма Зинæйы æмбæлттæй исчи абон дæр сæрæгас у æмæ къамы йæхи базона. Æнæмæнг ын уыдзæн æхсызгон, æнæмæнг бацин кæндзæн къамыл.














