Адæймаг цæстытæ æмæ зæрдæ у, зæгъгæ, фæзæгъынц, æмæ царды цы нæ фены æмæ цы нæ банкъары, ахæм нæй. Се ‘ппæтмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын адæймаджы бон нæ вæййы, уæлдайдæр та нын нæ фыдæлтæ цы рæсугъд æмæ мидисджын æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон чидæртæ зыгъуыммæты куы фæкæнынц, уæд.
Æрæджы уыдтæн иу чызгæрвысты, æмæ уым мæхи цæстытæй федтон, æгъдæуттæ раст куыд нæ æххæст кæнынц, уый. Уыдоны фæдыл мын æнæзæгъгæ нæй, уымæн æмæ сæ чи æххæст кæны, уыдонæн уайдзæф ничи кæны, æмæ сæ куыд фæнды, афтæ кæнынц.
Мæ ныхас райдайдзынæн фынгæвæрды тыххæй. Фынгыл æвæрд уыд сæры уæлæ бæрзæй, æмæ уый аив нæу, нæдæр цины фынгмæ хауы, нæдæр зианы. Цины фынгыл бæрзæй æвæрын хъæуы сæрæн йæ галиуварс, цæмæй рахиз хъус бæрæг дара. Зианы та иннæрдæм, бæрзæй хъуамæ æвæрд уа сæрæн йæ рахизфарс, цæмæй галиу хъус зына. Цины фынгыл ма ноджы хъуамæ уа уæны хай æмæ, хъыгагæн, ацы фынгыл уæнæн йæ кой дæр нæ уыд. Дарддæр, цины фынгыл хистæр йæ фыццаг бакуывды куы ссары Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты нæмттæ, уæд æппæт бадты адæмæн дæр, хистæрæй, кæстæрæй сæ хæс у, цæмæй уырдыг слæууой æмæ сæ худтæ сисой. Уый нысан кæны, Стыр Хуыцау æмæ дзуæрттæн кад, нымд кæй кæнынц, æмæ сын уæд сæ кувинæгтæ дæр уыдзысты барст. Нæ цыдис æххæстгонд ацы æгъдау, куыд æмбæлы, афтæ, бæлвырддæр зæгъгæйæ та йæ хистæр сæххæст кодта галиу æгъдауы фæлгæты, цыма зианы фынгыл бадт, афтæ, йæ худ йæ сæрæй нæ систа, афтæмæй скуывта. Хæдзары бинонтæ, сæ циндзинады, кæнæ уынгæгбоны хистæры рагацау уымæн бацагурынц, цæмæй сын сæ фынгæн æмæ адæмæн дæр нывыл æгъдау ратта. Кæй зæгъын æй хъæуы, хистæры бынат бæрнон кæй у, æмæ уым иуæй-иу хистæртæй фæстæмæ бирæтæ нæ сарæхсдзысты, æмæ-иу уыцы бынатмæ гæппæввонгæй куы нæ лæууиккой, фæлæ чи арæхсы, ирон æгъдауæй ифтонг чи у, уый бæрны-иу æй куы бакæниккой, уæд не ‘гъдæуттæ нывыл конд цæуиккой.
Хистæр базыгæй кæй скуывта, уый мын уыд æхсызгон, фæлæ аходæггаг æнæхъæн кæрдзын кæй алæвæрдта, уымæй раст нæ бакодта. Аходæггаг кæстæртæм бафсисы охыл лæвæрд нæ цæуы, уымæн йæ ном йæ уæлæ ис, ацаходыны тыххæй лæвæрд цæуы, æмæ æнæхъæн кæрдзын дæтгæ нæу кæстæрмæ. Æгъдау кондыл нымад цæудзæн, уæллаг кæрдзынæй йæ рахизфарсæрдыгæй-иу хистæр иу гыццыл хай къухæй куы радих кæнид æмæ йæ базыг æмæ бæгæныйы къусимæ куы авæрид кæстæрмæ, уæд. Æртæ кæрдзыны фынджы фарны тыххæй æвæрд вæййынц, æмæ хъуамæ фынгыл хистæрты раз æвæрд уой. Стæй уæллаг кæрдзын куы авæрынц ацаходынмæ æмæ йæ бæсты æндæр куы æрæвæрынц, уæд уыцы кæрдзын уæгъды вæййы, ома, хистæры куывды нæ бахауы. Æмæ ма ноджы вæййы афтæ дæр, кæрдзын аходæггаг авæрынц æмæ сæ ферох вæййы, йæ бæсты æндæр æрæвæрын хъæуы, уый, æмæ афтæмæй хистæр дыууæ кæрдзынæй фынджы æгъдау фæкæны, уый куыд раст у?
Чызгæрвыст йæ тæмæны бацыд, сидт сидты фæдыл, иу гаджидау иннæйы ивгæйæ, бадты адæм зæрдæрухсæй бадтысты бæркадджын фынгтыл. Æмæ мæнæ æрхæццæ ис, чындзы хистæртæм æрбахоныны афон, цæмæй йæ хистæртæ Стыр Хуыцауыл, Фæндагсары Уастырджийыл æмæ иннæ дзуæрттыл бафæдзæхсой æмæ йæ афæндараст кæной. Кæсын, æмæ чындзæн йæ рахиз къухыл хæцы иу æрыгон сылгоймаг, йæ галиу къухыл та — нæлгоймаг, æмæ афтæмæй æрлæууыдысты хистæрты рахизфарс. Мæнæ диссæгтæ æмæ тæмæссæгтæ! Кæд уыди ахæм æгъдау ирон адæммæ, æмæ сылгоймаг чындзæн йæ рахиз къухыл æрхæца, ома, къухылхæцæг дæн, зæгъгæ?! Уый уал иу царциаты диссаг.
Иннæ диссаг та уыд ахæм: хистæр скуывта, чындзы номыл фынгмæ цы æртæ кæрдзыны рахастой, уыдон, æмæ кæд кувæггаг авæрын хъуыд къухылхæцæгмæ, уæд æй ай та йæхæдæг ануæзта. Уый бафæзмыдтой дыууæ хистæры дæр, æмæ уыдон дæр сæ нуазæнтæ сæхæдæг бануæзтой. Уыцы хистæры бафæрс, ахæм æгъдау кæм федтат, уæд цымæ цавæр дзуапп раттаид?! Дзидзидай сывæллон дæр ма йæ куы зоны, кувæггаг хистæр йæхæдæг кæй нæ фæнуазы, фæлæ йæ ацаходынмæ кæй авæрынц; фыццаг хистæр — къухылхæцæгмæ, дыккаг хистæр — æмдзуарджынмæ, æртыккаг хистæр та — кæстæртæй искæмæ. Ацы фыдæлтыккон фæтк конд не ‘рцыд, иуварсæрдыгæй аззад. Æмæ ам æппæты разæй аххосджын у сæйраг хистæр, уый æгъдау нывыл куы скодтаид, уæд йæ дæле цы дыууæ хистæры уыд, уыдон дæр уæд нæ фæрæдыдаиккой.
Циндзинадмæ хæрын æмæ нуазыны охыл ничи фæцæуы, фæлæ фæцæуынц, цæмæй сæ хæстæг, сæ зонгæйы фарсмæ балæууой, йæ циныл ын бацин кæной, æмæ бадты мидæг хистæры хæс вæййы, цæмæй уазджытæн раарфæ кæна, ирон æгъдаумæ гæсгæ сын нуазæнтæ радта, æмæ уый фæстæ та сæ цæрæнбоны тыххæй сæрмагонд гаджидау рауадза. Адонæй иу æгъдау дæр конд не ‘рцыд хистæры æнæрхъуыдыдзинады аххосæй. Бадты кæрон хистæр хъуамæ кæстæртæм хъусы нуазæн авæра. Ахæм нуазæн вæййы æрмæстдæр иу. Кæстæртæ йæ уым баæртæ кæнынц, æмæ афтæмæй æгъдау сæххæст кæнынц. Ацы бадты хистæр кæстæртæм нуазæн нæ алæвæрдта, фæлæ дзы иумæ фæдзырдта. Уый хъусæй иу хай радих кодта, æмæ йæ нуазæн афтæмæй бануæзта. Хъусы иннæ дыууæ хайы та фынгыл æвæрдæй баззадысты. Уый æгъдау схонæн нæй, уымæн ис йæхи ном, æнæгъдаудзинад. Ирон фынг æгъдау домаг у. Ам фынгыл бадгæйæ, уæлдайдæр та хистæры бынаты рабæрæг вæййынц хистæры куырыхондзинад, йæ зонд, йæ фенддзинад, æмæ, кæй зæгъын хъæуы, йæ лæмæгъдзинад дæр. Ирон уæвын æнцон нæу, фæлæ æцæг ирон куы уай, уæд уымæн та æмбал нæй. Æмæ уымæ тырнын хъæуы, кад æмæ намыс сæхæдæг не ‘рцæуынц адæймагмæ, уыдоныл æрвылбон дæр кусын хъæуы. Алы адæймагæн дæр ис бартæ æмæ хæстæ æмæ сæ хъуамæ алчидæр зона æмæ сæ æххæст кæна æгъдауы фæлгæты. Ирон адæммæ сылгоймаг кадджын у, йе ‘гъдау æмæ йе ‘фсармæй. Æмæ уый хъуамæ йæхи зынгæй хъахъхъæнæгау хъахъхъæна, фыдуынд æй цы кæны, ахæм митæй. Уымæн не ‘мбæлы кусарт кæнын, Уастырджийы ном дзурын, чындзæн къухылхæцæг уæвын, карз нозт нуазын… Мæнæ хæдзары бинонты æхсæн дæр сылгоймаг хъæрæй куы дзура, уæд, дам, бинонты фарн сæфгæ кæны, дзырдтой нæ фыдæлтæ.
ХÆМЫЦАТЫ Раман, Рахизфарсы районы Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг