Æнцонæй фæуæлахиз сты
Уæрæсейы Кубок рамбулыныл ерысты кæронбæттæны 1/128-æм хайы архайгæйæ, дзæуджыхъæуккаг командæ «Спартак» уазæгуаты фембæлд налцыккаг æмном клубимæ. Тренер Гæззаты Юрийы лæппутæ фысымтыл æнцонæй фæуæлахиз сты 4:0 хыгъдæй. Хъазты фыццаг æмбисы Гатыгкоты Давид хыгъд байгом кодта, Хацъæты Дзамболат та бакъуырдта дыккаг пурти.
Хъазты дыккаг æмбисы Давид æмæ Кучиты Георги фысымты кулдуары бакъуырдтой фæйнæ пуртийы, æмæ афтæмæй не ‘мзæххонтæ рацыдысты ерысты кæронбæттæны 1/64-æм хаймæ. Дзæуджыхъæуккаг «Спартак» чемпионаты радон хъазт акæндзæн 3 августы Новороссийскы бынæттон «Черноморец»- имæ.
Æвзист призер
Тюмены ацыдысты 15-16-аздзыд фæсивæды æхсæн боксæй Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ.
66 килограммы онг уæзы архайгæйæ, не ‘мзæххон Маматы Давид бакуыста æвзист майдан. Мамайы-фырт кæронбæттæны кæй ныхмæ хæцыд, тæрхонгæнджыты хицæнгæнæг уынаффæйæ уæлахиздзауыл нымад æрцыд мæскуыйаг Игорь Кузнецов.
Æвзонг боксеры ерыстæм бацæттæ кодтой тренертæ Сланты Владимир æмæ Тедеты Алик.
Æртыккаг бынат
Хорватийы сæйраг горæт Загребы чи цыд, дзюдойæ фыццаг бынат бацахсыныл, уыцы дунеон ерысты архайгæйæ, ирыстойнаг хъæбысæйхæцæг Тасойты Инал 100 килограммæй уæлдæр уæзы бацахста æртыккаг бынат. Æртыккаг бынатыл тохы рæстæг ирыстойнаг богал æвдæм секундыл фæуæлахиз бразилиаг Искуердойыл. Турниры архайдтой дунейы 78 бæстæйæ æрбацæуæг фондзсæдæ атлетæй фылдæр.