Ирыстон мысы йæ хъæбатырты, йæ хæстон æхсарджын лæппуты. Бирæ йæ чи уарзта, ацы зæххыл цæуынæй дæр æмæ кафынæй дæр чи нæ бафсæст, нæ бæрзонд урс хæхтæн сæ уындмæ чи бæллыд æмæ сæ чи нал федта, уыцы цæрынхъуаг хъæбулты. Сæ иу Заойты Æхсар..
Æнафоны арвыл стъалы куыд атæхы, афтæ цыбыр уыд йæ царды фæндаг. Куыд фæзæгъынц, ферттывта æмæ айсæфт, фæлæ йæ чи зыдта æмæ йæхæдæг кæй зыдта, уыдоны зæрдæйы ныууагъта рæсугъд фæд. Рæсугъд фæд йæ уды кондæй, йæ ирон æгъдауæй. Рæсугъд фæд йе ‘хсарæй, йæ сæрæндзинадæй.
Заойты Æхсар райгуырд æмæ хъомыл кодта Хъæдгæроны. Хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ бацыд нæ горæты Хæххон-металлургон техникуммæ, фæлæ йæ каст нæ фæци. Æрлæууыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ. Йæ службæ нæма фæци, афтæ райдыдта финнæгтимæ хæст. Уый Заойты Æхсарæн уыд йæ фыццаг фæлварæн. Цы ныфс æмæ йæм цы лæгдзинад разынд, ууыл дзурæг у йæ кадджын хæрзиуæг — Сырх Стъалыйы орден. Фæлæ йæм дыккаг фæлварæн кæй æнхъæлмæ кæсы, уый уæд Заойы-фырт нæма зыдта.
Тæдзынæгæй-цыхцырæгмæ, куыд фæзæгъынц, афтæ рауад йæ хъуыддаг хъæдгæройнаг цардбæллон лæппуйæн. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ Заойты Æхсар æрлæууыд хæцæг æфсады рæнхъыты. Уыд 151 дивизийы 581-æм полчъы сармадзантæй æхсæг батарейы командир. Куыд хæцыд, цавæр лæгдзинад æмæ йæм æхсар уыд, уый та йæ хæстон æмбалæй хуыздæр чи зоны. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Афанасий Отычко фыссы: «Заойты Æхсаримæ мах уыдыстæм хорз хæстон хæлæрттæ. Тохы быдыры кæрæдзийæ никуы хицæн кодтам. Уæгъд кодтам горæттæ Стъарапол, Азов, Таганрог, Ростов. Æмæ, кæддæриддæр Æхсар фæзминаг уыдис йæ лæджыхъæдæй. Цыфæнды тæссаг рæстæг дæр-иу йæ цæсгомыл хъазыд хъæлдзæг мидбылхудт. Тæрсын цы у, уый зонгæ дæр нæ кодта. Знагимæ хæцыд ныхæй-ныхмæ, лæгæйлæгмæ. Мæ зæрдыл уæлдай тынгдæр лæууы, 1943 азы сентябры Донецкы облæсты цы карз хæстытæ цыдис, уыдонæй иу. Тымыгъ бон знæт денджызы уылæнтæй иу иннæйы куыд сура, афтæ æнæнцойæ немыцаг танктæ иутæ иннæты фæдыл бырсын райдыдтой нæ хæцæнтæм. Фæлæ не ‘фсæддонтæ нæ фæтарстысты: зæхх сыгъдис «тигртæ» æмæ «пантерæ»-ты цæлхыты бын. Уым мæн æмæ ме ‘мбæлтты дæр стыр дисы æфтыдта Æхсары хъæбатырдзинад. Уый-иу танк йæхимæ æрбауагъта тынг хæстæг æмæ-иу мах нæ цæстытыл ныххæцыдыстæм, ныртæккæ йæ сæ цæлхыты бын ныккæндзысты, зæгъгæ, фæлæ та-иу кæс æмæ танктæ æваст ныггуыпп ластой, сæ фæздæг арвыл æмбæлд»…
Æхсары фæтæн риуыл сæрттывта Сырх Стъалыйы дыккаг орден. Ногæй та иу карз хæст ивта иннæйы. Сырх æфсад суæгъд кодта Донецк æмæ хæрзхæстæг бацыд горæт Моспиномæ. Ам знаг йæхи тынг æрфидар кодта. Бацайдагъ тугкалæн хæст алы хæдзар, алы уынг байсыныл дæр. Хъæдгæройнаг хъæбатыр лæппуйы рæстдзæф æхстæй иу танк иннæйы фæдыл сыгъд. Фæлæ нал ис нæмгуытæ, батарейæ ма баззад æртæ салдаты æмæ иу сармадзан. Æхсар систа танк рæмудзæн гранаттæ æмæ немыцаг бронетранспортерыл куыддæр фæркгæй фæхаудысты, афтæ йыл сæмбæлд знаджы нæмыг.
Заойты Æхсары тыххæй йе ‘фсымæр Заойты Аслæнбегмæ бирæ арфæйы ныхæстæ ныффыста 581-æм полчъы командир Семенов. Уый фыссы, зæгъгæ, дам, æз Æхсары зыдтон æмæ йæ нырмæ дæр хъуыды кæнын, тохы быдыры кæронмæ фидар æууæнк кæмæ уыд, ахæм хъæбатыр хæстонæй. 1942 азы декабры, станицæ Наурская кæй хонынц, уырдыгæй райдыдта æнæхъæн фронт дæр размæ бырсын. Александровская, зæгъгæ, уыцы станицæ исгæйæ, Æхсар ногæй фесгуыхт, йæ батарей ныддæрæн кодта знаджы дæс танкæй фылдæр. Кубань æмæ Ростовы хæстыты дæр Заойы-фырты батарей йæхи равдыста хъæбатырæй. Æхсарæн лæвæрд æрцыд афицеры уæлдæр цин.
«Уæд, 1943 азы, æнæхъæн дивизийæ дæр иунæг Заойты Æхсар уыд, йæ риуæй Сырх Стъалыйы æртæ ордены кæмæн æрттывтой, ахæм», — фыссы Æхсары хæстон æмбал, болгайраг коммунист, майор Семенов.
Заойты Æхсары тохы фæстаг бон уæззау мысинагæн йæ зæрдæйы баззад иннæ хæстон æмбал Стъарапойлаг лæппуйæн, йæ мыггаг Кириченко. Æз æм, зæгъы, æдзухæй, салам дæтгæйæ, куыд дæ, ме ‘мзæххон, зæгъгæ, дзырдтон. Тынг карз хæстытæ цыд горæт Моспинойы æмæ, зæгъы, дыккаг бон ме ‘мбал Ирхитаваимæ зæххыл хаудæй федтам Заойты Æхсары. «Бæрæг уыд, автоматы нæмгуытæ йæ риуы кæй ацыдысты, уый. Æхсар ма нæм цыдæр дзырдта, фæлæ цы, уый бамбарын нæ бон нæ баци. Бахастам æй æмæ йæ санитартæм радтам. Куыддæр къæсæрæй æддæмæ рахызтыстæм, афтæ нæм фæдзырдтой. Фæстæмæ палатæмæ бацыдыстæм, фæлæ уæдмæ Æхсар ахицæн. Мах йæ цуры ард бахордтам, нæ цæстысыгтæ сæрфгæйæ, йæ туг ын кæй райсдзыстæм, уый тыххæй».
Æмæ хъæбатыр хæстонтæ сæ ныхасæн разындысты хицау. Уыдон æмæ се ‘мбæлттæ райстой Æхсар æмæ Æхсары хуызæн цæрынхъуаг лæппуты туг, нæ бæстæйæн та æрхастой, йæ кой æнустæм кæмæн цæрдзæн, ахæм æмбисонды стыр Уæлахиз. Уыцы уæлахиздзаутимæ уыд, Æхсар йæ сабийы бонтæ кæимæ ‘рвыста, иу цæхх æмæ кæрдзын кæимæ хордта æмæ йæ уды бæрц кæй уарзта, уыцы æфсымæр Заойты Аслæнбег дæр.
Бирæ рæсугъд мысинæгтæ баззад Æхсары тыххæй Аслæнбеджы зæрдæйы. Зынаргъ ын уыд æрмæст йæ ном дæр. Афтæмæй хæрз æфсымæртæ дæр нæ уыдысты. Хæрзæфсымæртæ уыдысты æрмæстдæр Æхсары фыд æмæ Аслæнбеджы фыд. Дыууæ æфсымæры цот, Аслæнбегæн та Æхсар йæхи ‘фсымæры ад кодта, æмæ-иу йæ коймæ йæ цæстысыг æркалдис. Æхсар ма гуыбыны уыдис, афтæмæй амард йæ фыд. Сывæллоныл дыууæ азы куы сæххæст, уæд амард йæ мад дæр. Æхсарæн ма уыд иу хо. Сидзæрты сæхимæ æрбакодтой Аслæнбеджы мад æмæ фыд æмæ сæ хъомыл кодтой иумæ сæхи сывæллæттимæ. Æхсар уыд цæрдæг, коммæгæс лæппу, ахуырмæ — рæвдз. Фæлæ сывæллон цыфæнды хæрзæгъдау куы уа, уæддæр дзы йæ кар цы домы, уыдонæй йын исты æнæкæнгæ нæй. Æмæ-иу лæппутæ исты фыдуагдзинад куы ракодтой, уæдиу Аслæнбегыл над ауад. Æхсарæн та-иу мад æмæ фыд æрмæстдæр уайдзæф бакодтой. Уæд Аслæнбег нæма зыдта, Æхсар сидзæр кæй у, æмæ йын йæ мад æмæ йæ фыд тæригъæд кæй кæнынц. Æхсары æфсады рæнхъытæм куы акодтой, Аслæнбег æрмæстдæр уæд базыдта, Æхсаримæ хæрз æфсымæртæ кæй не сты, уый.
Полчъы командир, майор И.Е. Голуб Советон Цæдисы Хъæбатыры ном ын раттынмæ бæргæ бавдыста Заойты Æхсары йæ мæлæты фæстæ, фæлæ…
Абон Донецкы облæсты горæт Моспинойы сæйраг уынгтæй иу æмæ 51-æм астæуккаг скъола хæссынц ирон хъæбатыр лæппу Заойты Андрейы (Æхсары) ном.
Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи радта, уыдоны рухс нæмттæ цæрдзысты æнустæм.
ЧЕДЖЕМТЫ Æхсар
Заойты Æхсары зарæг
Цæй хæрзбон, нæ сауайнæг къæдзæхтæ,
Хорзæй баззай, райгуырæн къæсæр —
Хæстмæ цыд цæринæгты дзæбæхдæр,
Хæстмæ цыд фæсивæды хуыздæр.
Знаг нын исы не ‘взонг царды фæндтæ,
Фæлæ знагæн ма радтæм нæ бар, —
Афтæ дзуры йе ‘мхæстон æмбæлттæм,
Афтæ дзуры Заойты Æхсар.
Ам, зæгъы, Германы уынгæг хæсты
Иу бæллиц æнцон нæ уадзы мæн:
Искуы ма дæ райгуырæн хъæубæсты,
Гъей-джиди, ирон зарæг ныккæн.
Хъæдгæрон мæ цин æмæ мæ уарзт у,
Фарны бынат, цардуалдзæджы хай,
Искуы ма нæ лæгъз быдыртæм рацу,
Искуы ма йæ рухс уынгты æруай.
Ехх, Аслæнбег, зæрдæ та дæ мысы
Де ской дæр ныфсы хос у мæнæн,
Демæ æз нæ бинонты хъæбысы
Сидзæрæй дæр амондджын уыдтæн.
Царды хуртæй бафсæдай мæ фæстæ,
О, Ирыстон, ма мæ фæкæн рох,
Æз куыд тынг уарзтон мæ бæстæ,
Афтæ уыд йæ сæрвæлтау мæ тох.
МАГКÆТЫ Иринæ, Дзæуджыхъæу