Дæсны барадхъахъхъæнæг

0
506

 

Горæтгæрон районы мидхъуыддæгты хайады пъæлицæйы майор ГУЫРДЗЫБЕТЫ Альберты лæггадкæнынады тæлммæ хауынц Октябрыхъæуы 15 уынджы.

Барадхъахъхъæнæг йæ хæстæ куыд æххæст кæны, районы центры цæрджытæ уымæй разы сты. Гуырдзыбейы-фырты куысты хæстæ кæуыл æххæссынц, уыцы хæдзæрттæй алкæцыйы дæр ис йæ телефоны номыр.

— Кусгæ боны райдайæны мæ бæрны уæвæг алы уынгыл дæр æрзилын. Адæмы курдиæттæ æмæ хъæстытæм байхъусын, мæ куысты бартæм гæсгæ сын баххуыс кæнын. Хатгай сыхæгты дæр фидауын кæнын бахъæуы. Адæмимæ фембæлдтытæм кæддæриддæр цæттæ дæн. Мæ хæс у фыдракæндтæй адæмы хъахъхъæнын, — зæгъы Гуырдзыбейы-фырт. Гуырдзыбейы-фырты рагæй дæр барадхъахъхъæнæг суæвын фæндыд. Æрсидтмæ гæсгæ Хæстон-денджызон флоты баслужбæ кæныны æмæ Хæххон-металлургон институт каст фæуыны фæстæ Альберт йæ рагон бæллиц баххæст кодта æмæ 1998 азы кусын райдыдта мидхъуыддæгты оргæнты. Горæтгæрон районы мидхъуыддæгты хайады хицауы хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, пъæлицæйы дæлбулкъон Фидараты Алыксандр Гуырдзыбейы-фырты нымайы æвзыгъд, службæйы хæстæ кæддæриддæр æххæст кæнынмæ цæттæ барадхъахъхъæнæгыл.

Гуырдзыбеты Альбертæн мæ зæрдæ зæгъы æнæлаз службæ æмæ барадхалджыты ныхмæ тохы æнтыстдзинæдтæ.

ГÆБÆРАТЫ Мурат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here