Нымæцон экономикæйы райрæзтæн

0
598

 

Автономон æнæкоммерцион организаци «Цифровая экономика» регионты хицаудзинад æмæ амалхъомады минæвæрттимæ иумæ кусы нырыккон технологиты райрæзтыл. Уый тыххæй радзырдта компанийы регионалон политикæйы фарстаты фæдыл директор Александр ЗОРИН Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ IT-компаниты минæвæрттимæ фембæлды.

Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты пресс-службæ.

Компани цы райрæзты проекттæ бацæттæ кодта, уыдоны сæйрагдæр нысан у адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнын, амалхъомады къабазы райрæзтæн уæлæмхасæн фадæттæ аразын æмæ паддзахадон разамынды хъомыс нывылдæр кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, компанийы специалисттæ сæйрагдæр æргом здахынц нымæцон экономикæйы райрæзтмæ. Ацы къабазы организаци цы проекттæ цæттæ кæны, уыдоныл дзургæйæ, Александр Зорин куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы хъуыддаджы ахсджиаг у регионты хицаудзинад æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты, стæй иннæ наукон центрты æмгуыстад.

«Цæгат Ирыстоны проектон офис ЦИПУ-йы кæй æрбынæттон, уый раст у. Уыцы æууæл фадат дæтты, цæмæй университеты ахуыргæндты æххуысæй нырыккон технологитæ уæрæхдæр хæццæ кæной æрвылбоны цардмæ, уыимæ, нымæцон экономикæйы райрæзтæн уæлæмхасæн мадзæлттæ аразгæйæ», — загъта Александр Зорин.

Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй университеты специалисттæ раджы аздæхтой се ‘ргом нымæцон экономикæйы бындуртæм. Фидæн азы университеты байгом уыдзæн сæрмагонд кафедрæ нымæцон экономикæйы фарстаты фæдыл. «Нæ сæйрагдæр нысантæй иу у рæстæджы домæнты аккаг специалисттæ цæттæ кæнын», — боны фарстатыл дзургæйæ, йæ раныхасы бафиппайдта ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд азы Цæгат Ирыстоны Хицауад сфидар кодта республикæйы нымæцон экономикæйы райрæзты концепци. Уыцы документы бындурыл фыццаг къæпхæныл æххæстгонд æрцæудзысты 7 цымыдисаг проекты. Республикæйы Информацион технологитæ æмæ бастдзинады управленийы разамонæг Сæлбиты Аланы ныхасмæ гæсгæ, уыцы проекттыл кусдзысты Мæздæджы районы. Уыимæ, се ‘ххæст кæнынæн уæлæмхасæн фæрæзтæ нæ бахъæудзæн, сæ сæйрагдæр нысантæ сты куысты æнтысындзинад фæбæрзонддæр, разамынды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын.

Æнæкоммерцион организаци «Цифровая экономика» æмæ ЦИПУ баныхас кодтой дарддæры æмгуыстадыл.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here